00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
Главные темы
08:00
3 Мин
Главные темы
08:30
3 Мин
Главные темы
09:00
3 Мин
Главыне темы
09:30
3 Мин
Утро на Спутнике
09:37
18 Мин
Утро на Спутнике
13:00
60 Мин
Главные темы
17:00
3 Мин
Главные темы
17:30
3 Мин
ЗнонАбон
Эфирмæ
Горӕт Цхинвал106.3
Горӕт Цхинвал106.3
Ленингоры район106.3

Джиоты Мурӕт Кузьмайы фырт. Справкӕ

© Sputnik / Илья Питалев /  Ахизын медиабанкмæДжиоты Мурӕт
Джиоты Мурӕт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын

ЦХИНВАЛ, 9 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент дыццӕджы бафыста указ Джиоты Мурӕт Кузьмайы фырты республикӕйы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрӕй снысан кӕныны фӕдыл.

Биографион справкӕ

Джиоты Мурӕт Кузьмайы фырт — зынгӕ паддзахадон ӕмӕ ӕхсӕнадон архайӕг, историкон зонӕдты кандидат, доцент, райгуырд 1955 азы 1 октябры, Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Бузалайы хъӕуы.

1977 азы каст фӕцис Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты историкон факультет, 1977-1981 азты ахуыр кодта Ломоносовы номыл Мӕскуыйы паддзахадон университеты аспирантурӕйы.

Джиоты Мурӕт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрӕй ногӕй нысан ӕрцыд Джиоты Мурӕт

1981-1998 азты — Хуссар Ирыстоны зонадон-иртасӕн институты кӕстӕр зонадон кусӕг, хистӕр зонадон кусӕг, зонадон секретарь.

1990 — 1993 азты уыд Хуссар Ирыстоны Сӕйраг Советы депутат.

У 20-ӕй фылдӕр зонадон куыстыты автор. 1998 азы Джиоты Мурӕт нысан ӕрцыд ӕддагон бастдзинӕдты министрӕй, фӕстӕдӕр Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрӕй. Ацы бынаты куыста 2012 азы онг.

2016 азы 9 августы онг куыста Фӕсконфликтон уавӕр ӕрнывыл кӕныны фарстыты фӕдыл РХИ президенты ӕххӕстбарджын минӕварӕй. Лӕууыд ма Фӕскавказы ӕдасдзинады фӕдыл Женеваг дискусситы рӕстӕджы Хуссар Ирыстоны делегацийы сӕргъ.

Ис ын бинонтӕ, дыууӕ лӕппуйы.

У паддзахадон хорзӕхты хицау, Днестргӕрон Молдаваг республикӕйы дипломатон службӕйы сгуыхт кусӕг.

Ног хабӕртты лентӕ
0