ЦХИНВАЛ, 9 авг — Sputnik, Козаты Дианӕ. Хуссарирыстойнаг сывӕллӕтты хӕдзӕртты хъомылгӕнинӕгтӕ сӕ сӕрдыгон улӕфт арвитдзысты Абхазы. Скъоладзауты афӕндараст кодтой дыццӕджы сӕумӕрайсомӕй.
Ӕфсымӕрон республикӕмӕ сӕ фӕллад суадзынмӕ араст сты Ленингоры сывӕллӕтты хӕдзары дӕс хъомылгӕнинаджы ӕмӕ Цхинвалы скъола-интернаты дӕс ахуыргӕнинаджы. Се ′хсӕн ис, азы дӕргъы ахуыры йӕхи хорз чи равдыста, ахӕм сывӕллӕттӕ.
Ацы хъуыддаджы сын баххуыс кодтой Хӕстон архӕйдтыты фӕцӕфуӕвӕг адӕмӕн ӕххуыс кӕныны фӕдыл фонды президент Плиты Мадинӕ ӕмӕ Абхазы минӕвар Хуссар Ирыстоны Елбачиты Алан. Елбачиты Аланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы хъуыддаг саразын сын бантыст Абхазы вице-президент Виталий Габнияйы фӕрцы, кӕцы ацы азы райдианы, Цхинвалы уӕвгӕйӕ, ныфс бавӕрдта скъола-интернаты хъомылгӕнинӕгтӕн, азы фӕстиуджытӕм гӕсгӕ хуыздӕр ахуыргӕнинӕгтӕ хуынд кӕй ӕрцӕудзысты сывӕллӕтты лагерь "Юный патриот"-мӕ.
"Уый уыдзӕн активон улӕфт, сывӕллӕттӕн бацӕттӕ кодтой цымыдисон программӕ ӕмӕ спортивон мадзӕлттӕ. Ныфс мӕ ис, сывӕллӕтты зӕрдӕмӕ тынг фӕцӕудзӕн ахӕм улӕфт", — загъта минӕвар.
Скъоладзаутӕ Абхазы арвитдзысты дыууӕ къуыри, уыдонӕй бирӕтӕ денджыз фендзысты фыццаг хатт. Скъола-интернаты хъомылгӕнинаг Тыджыты Зӕринӕ загъта, рагӕй йӕ кӕй фӕндыд денджызмӕ, Абхазмӕ ацӕуын.
"Абон сӕххӕст мӕ бӕллиц, уымӕн ӕмӕ мӕ тынг фӕндыд Абхазмӕ ацӕуын. Мӕ цинӕн кӕрон дӕр нӕй. Ме ′мбӕлттимӕ цӕуын, фӕлӕ мӕ ис ныфс ӕмӕ уым дӕр ссардзӕн ног ӕмбӕлттӕ", — загъта уый.
Абхазмӕ фӕндагыл хуссарирыстойнаг скъоладзаутӕм, кӕцыты хъахъхъӕндзысты ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ республикӕйы МХМ-ы кусджытӕ, ӕрбамбал уыдзысты сывӕллӕттӕ Хъӕрӕсе-Черкесӕй.