Битеты Ричард: Сланты Виталийы хъомылгӕнинӕгтӕ алыхатдӕр свӕййынц хуыздӕртӕ

© Sputnik / Алексей КовалевПресс центр
Пресс центр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фӕсивӕды ӕхсӕн уӕрӕсейаг фыццагады ӕвзист призер, хистӕрты ӕхсӕн Уралы федералон зылды чемпион, турнир "Золотые перчатки"-йы уӕлахиздзау радзырдта Sputnik куыд ӕрбацыд рингмӕ, тренерты ӕмӕ йӕ бӕллицты тыххӕй.

ЦХИНВАЛ, 19 авг — Sputnik, Козаты Дианӕ. Боксӕй цалынмӕ серьезонӕй нӕ райдыдта тренировкӕ кӕнын, уӕдмӕ уал Битеты Ричард йӕхи бафӕлвӕрдта спорты алы хуызы дӕр. Иууыл фылдӕр цыд уӕгъдибар хъӕбысхӕстмӕ — ӕртӕ азы, боксы залмӕ та фыццаг хатт йӕ къах ӕрбавӕрдта 13-аздзыдӕй.

Ричардыл цӕуы 21 азы ӕмӕ ныридӕгӕн у фӕсивӕды ӕхсӕн уӕрӕсейаг фыццагады ӕвзист призер, хистӕрты ӕхсӕн Уралы федералон зылды чемпион. У цалдӕр турниры, уый нымӕцы "Золотые перчатки"-йы уӕлахиздзау ӕмӕ уымӕй йӕхицӕн асыгъдӕг кодта фӕндаг профессионалон рингмӕ.

Дзуры, зӕгъгӕ боксмӕ ӕрбацыд бынтон ӕнӕнхъӕлӕджы.

"Тынг цыд мӕ зӕрдӕмӕ бокс, фӕлӕ хъуыды дӕр никуы акодтон боксер суӕвын. Мӕ фыццаг тренер уыд Кокойты Мурӕт. Цхинвалы мӕхи цӕттӕ кодтон ӕрмӕстдӕр иу аз, стӕй ахызтӕн Сланты Виталиймӕ. Райдианы мын боксмӕ серьезон ахаст кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй мын иууылдӕр тынг уайдзӕфтӕ кодтой",- дзуры ӕрыгон боксер.

Худы, зӕгъгӕ йӕхи нӕ нымадта перспективон спортсменыл, фӕлӕ йӕ фӕндыд бахауын Сланты Виталийы спортивон клуб "Ариана"-мӕ Дзӕуджыхъӕуы.

Мурат Гассиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Мурӕт æмæ Денис Лебедев рингыл фембæлдзысты азы кæрон

Ӕрыгон спортсменыл сӕ цӕст ӕрӕвӕрдтой кӕцыдӕр турниры рӕстӕджы, цӕй фӕстӕ ахызт тренировкӕ кӕнынмӕ Цӕгат Ирыстонмӕ. Боксӕй иууыл хуыздӕр тренертӕй иумӕ йӕхи цӕттӕ кӕны ӕхсӕзӕм аз.

Рингмӕ йӕ фыццаг рахызтыл дзургӕйӕ, банысан кодта, кӕй тыхст, фӕлӕ уый уыд спортивон тыхстдзинад, "уый та у ӕвӕрццаг момент, уымӕн ӕмӕ вӕййы алы спортсменӕн дӕр".

Иууыл уӕззаудӕр ӕмӕ иууыл серьезондӕр спортсменыл нымайы мексикӕйаг боксеры, кӕцыйы турнир "Золотые перчатки"-йы ацы сӕрды арвыста нокдауны. Ӕрыгон спортсмены карьерӕйы ацы рахызт уыд иууыл нысаниуӕгджындӕр. Зӕгъгӕ, хъуыды дӕр никуы кодта хайад райсын турниры, цыран нырма иухатдӕр Ирыстоны минӕвар никуы рамбылдта.

"Золотые перчатки"-мӕ Ричард йӕхи цӕттӕ кодта Лос-Анджелесы, зындгонд америкӕйаг тренер Абель Санчесмӕ.

"Бирӕ хицӕндзинад нӕй нӕхи залы ӕмӕ Америкӕйы куысты ӕхсӕн. "Ариана" — Уӕрӕсейы хуыздӕр клубтӕй иу, цӕуы дзы серьезон куыст. Америкӕйы та ис фылдӕр спарринг-партнертӕ, кӕцытимӕ ис фадат кусын. Уым сӕхи цӕттӕ кӕнынц боксы стъалытӕй бирӕтӕ, ӕз сӕм кӕсын ӕмӕ кусын фылдӕр тыхтимӕ. Уыдон сты, куыд стимул", — дзуры Ричард.

© FacebookБитеты Ричард ӕмӕ Абель Санчес
Ричард Битиев и Абель Санчес - Sputnik Хуссар Ирыстон
Битеты Ричард ӕмӕ Абель Санчес

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уым хуыздӕр фадӕттӕ ис тренировкӕ кӕнынӕн, уымӕн ӕмӕ Абель Санчесӕн тынг ӕххуыс кӕнынц, уый нымӕцы финансон ӕгъдауӕй. Фӕлӕ уымӕ бахауынц цӕттӕ спортсментӕ, чемпионтӕ, Сланты Виталий та йӕхӕдӕг хъомыл кӕны суинаг чемпионты.

"Сланты Виталийы хъомылгӕнинӕгтӕ ахсынц бӕрзонд бынӕттӕ ерысты. Фӕлӕ фылдӕр хатт цӕст ӕрӕвӕрынц иу-дыууӕ чемпионыл, фӕстиуджыты размӕ бакӕнгӕ куыст та баззайы æнæфиппайдӕй. Фыццаг хатт Америкӕмӕ куы ӕрцыдтӕн, уӕд мӕ фарстой: "Ды дӕр Ирыстонӕй дӕ?", уый та мын тынг ӕхсызгон уыд. Тедеты Алик ӕмӕ Сланты Виталийы фӕрцы ӕппӕт дунейы зонынц нӕ чемпионты", — дзуры спортсмен.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Сланты Виталийӕн ис цавӕрдӕр ӕмбудӕн ӕмӕ алыхатдӕр йӕ цӕст схӕцы ахӕм спортсментыл, кӕцыты мидӕг ис чемпионы таг. Архайы алкӕимӕдӕр кусын, фӕлӕ зоны, кӕмӕн бантысдзӕн исты ӕнтыстыты хицау суӕвын. Ричард дзуры, иннӕ спортсментимӕ абаргӕйӕ Ирыстоны спортсментӕ иууылдӕр кӕй сты курдиатджын, "ӕрмӕст нӕ хъӕуы зивӕг кӕнын, фӕлӕ ӕппынӕдзух хиуыл кусын".

Уый дзуры, клуб "Ариана"-йы кӕй рӕзы тынг хорз фӕсивӕд, Сланты Виталий та сын аразы, йӕ тыхты цыдӕриддӕр ис, уый. Хаттӕй-хатт ӕххуыс кӕнынц ӕндӕр адӕм дӕр — Сланты Феликс, Тӕкойты Сергей, Икъаты Руслан.

Тыджыты Георгий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тыджыты Георгий тох кæны ХПÆ æмæ Славяйнаг бæстæты чемпионы номыл

Иннӕ мӕй Ричард ногӕй хъуамӕ ацӕуа тренировкӕгӕнӕн базӕ Big Bear-мӕ, цӕмӕй йӕхи бацӕттӕ кӕна йӕ фыццаг рахызтмӕ профессионалон рингмӕ. Ацы нысаниуӕгджын цау спортсмены царды ацӕудзӕн ацы аз, фӕлӕ нырма нӕдӕр датӕ зоны, нӕдӕр йӕ ныхмӕлӕууӕджы ном.

"Рагӕй цӕттӕ дӕн профессионалон карьерӕмӕ. Никуы хъавыдтӕн ӕнӕпрофессионалон боксы карьерӕ аразын. Архайын дзы ӕрмӕстдӕр фӕлтӕрддзинад райсыны тыххӕй",- банысан кодта уый.

Йӕ алы тохмӕ дӕр дарынц сӕ хъус йӕ хиуӕттӕ, уӕлдайдӕр та йӕ мад, кӕцы цӕры Цхинвалы. Ардӕм спортсмен ӕрцӕуы, фадат ын куыддӕр фӕвӕййы — ерысты, ӕмбырдгӕндты фӕстӕ, тренировкӕты ӕхсӕн фӕурӕдты.

"Тынг уарзын Цхинвалмӕ цӕуын, аззайын дзы ӕмбӕлон ӕмгъуыдӕй фылдӕр. Цхинвал мӕ йӕхимӕ тынг ӕлвасы",- дзуры Ричард.

Ног хабӕртты лентӕ
0