Фыццаг "амонды фыстӕджытӕ" шофыртӕн

© FacebookВъезд в Цхинвал
Въезд в Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады ӕмбырдуацтӕм гӕсгӕ, ӕрмӕст ацы мӕй республикӕйы фӕндӕгтыл автоинспектортӕ банысан кодтой 400-йӕ фылдӕр фӕндагон змӕлды ӕдасдзинад фехалыны цаутӕ. Тагъддзинад фӕфылдӕр кӕныны цаутӕ ПАИ фӕнысан кӕны мобилон авторадарты руаджы.

ЦХИНВАЛ, 24 авг — Sputnik, Козаты Дианӕ. Хуссар Ирыстоны фӕндагон змӕлды ӕдасдзинад фехалыны цаутӕ фыццаг хатт райдыдтой нысан кӕнын мобилон авторадарты руаджы, автоинспектортӕ фӕткхалджытӕн бынаты сӕ къухтӕм раттынц "амонды фыстӕджытӕ". Иу ахӕм фыстӕг ӕрӕджы ӕрбацыд горӕты цӕрӕг Динӕмӕ дӕр.

"ПАИ-йы кусджытӕ мын растдӕр уынджы радтой хъусынгӕнӕн тагъд кӕй скъӕрдтон машинӕ. Разы дӕн кӕй фехӕлдтон уагӕвӕрд ӕмӕ ивар ӕнӕмӕнгӕй бафиддзынӕн. Фӕлӕ горӕты никӕцы бынаты федтон амонӕг, кӕцы фӕдзӕхсы, фото кӕнӕ видеоист кӕй цӕуы. Уый ахӕм рӕстӕджы ӕнӕмӕнгхъӕуӕг нӕу?", — загъта Sputnik машинӕйы хицау.

МХМ-ы паддзахадон автоинспекцийы управленийы сӕргълӕууӕджы хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Ходты Сергей радзырдта Sputnik, куыд нысан цӕуынц фӕткхалыны цаутӕ, куыд фидынц иваргонд шофыртӕ ӕхца ӕмӕ ма автоинспектортӕн системӕ "Ӕдас горӕт" куыд ӕххуыс кӕны, уый тыххӕй.

Цхинвалы транспортон цауы фæстиуæгæн фыдбылызæй аивæрзт  цыппараздзыд сывæллон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы транспортон цауы фæстиуæгæн фыдбылызæй аивæрзт цыппараздзыд сывæллон

Ходты Сергейы ныхӕстӕм гӕсгӕ, горӕты нырма нӕй стационарон радартӕ, мобилон радартӕн та ӕнӕмӕнгхъӕуӕг нӕу амонӕгты ӕвӕрд. ПАИ-йы сӕргълӕууӕджы хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг радзырдта, системӕ "Ӕдас горӕт"-ыл цы специалисттӕ куыстой, уыдон сын кӕй феххуыс кӕниккой ацы фарсты, фӕлӕ уал ныр уагдонӕн ахӕм фадӕттӕ нӕй.

Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады ӕмбырдуацтӕм гӕсгӕ, ӕрмӕст ацы мӕй республикӕйы фӕндӕгтыл автоинспектортӕ фӕнысан кодтой 400-йӕ фылдӕр фӕндагон змӕлды ӕдасдзинад фехалыны цаутӕ. Уыдонӕн ӕрмӕстдӕр сӕ иу хай — нозтджынӕй скъӕрыны кӕнӕ ӕнӕ документтӕй скъӕрыны тыххӕй.

"Системӕ "Ӕдас горӕт"-ы фӕлгӕтты цы камерӕтӕ ӕвӕрд сты, уыдоны нысан у реалон рӕстӕджы режимы ӕхсӕнадон уагӕвӕрдмӕ визуалон цӕстдард. Сигнал цӕуы сӕрмагонд информацион центрмӕ, кусджытӕ нысан кӕнынц фӕткхалы цаутӕ иууылдӕр ӕмӕ сыл оперативонӕй кусынц", — загъта Ходты Сергей.

Паддзахадон автоинспектортӕн дӕр ис фадат цӕстдарыны камерӕты бӕрӕггӕнӕнтӕй спайда кӕнын. Зӕгъӕм, кӕд фӕндагыл ӕрцыд авари ӕмӕ йӕ хайадисджытӕй иу дӕр разы нӕу ПАИ-йы вердиктимӕ, аххосджыныл ӕй кӕй нымайынц, уӕд ПАИ-йӕн ис фадат МХМ бӕрӕггӕнӕнтӕ ӕркурын ӕмӕ сӕ аварийы аххосджынӕн бавдисын.

Автоинспектортӕ сӕхӕдӕг фӕндагон уагӕвӕрд халыны цаутӕ регистраци кӕнынц ӕрмӕстдӕр мобилон радарты руаджы, кӕцытӕ ӕрӕвӕрынц ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр бынӕтты. Уымӕй дарддӕр, фӕстӕдӕр автоинспектортӕм вӕййы машинӕты къамтӕ тагъддзинад фӕфылдӕр кӕныны уысмы.

Æдас горæт-ы руаджы Хуссар Иры фæкъаддæр уыдзысты фӕндагон цаутӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Æдас горæт"-ы руаджы Хуссар Иры фæкъаддæр уыдзысты фӕндагон цаутӕ

Нырма уал ПАИ-йы кусджытӕ фӕткхалджыты "ахсынц" комкоммӕ фӕндагыл ӕмӕ сын сӕ къухтӕм дӕттынц хъусынгӕнӕнтӕ. Ходы фырты ныхӕстӕм гӕсгӕ, ахӕм рӕстӕджы шофыртӕй бирӕтӕ нӕ разы кӕнынц уыдон райсын ӕмӕ протоколыл къух ӕрфыссын, тыхӕй та сын сӕ къухфыст райсыны фадат нӕй.

Тагъдзинад фӕфылдӕр кӕныны фӕдыл ивары бӕрц у 150 — 500 сомы. Кӕд ӕмӕ фӕткхалӕг ахӕм тагъд ацыд 60 километрӕй фылдӕр, уӕд гӕнӕн ис ӕмӕ йын байсой йӕ шофыры бартӕ дыууӕ-цыппар мӕйы ӕмгъуыдмӕ. Ивар 60 бонмӕ фыст куыннӕ ‘рцӕуа, уӕд хъуыддаг лӕвӕрд ӕрцӕуы тӕрхондонон приставтӕм ӕмӕ уӕд фӕткхалӕг хъуамӕ бафида фылдӕр ӕхца, приставты хӕрдзты тыххӕй.

Горӕты мидӕг тагъддзинады бар у ӕрмӕстдӕр сахаты мидӕг 60 километры, фӕлӕ ис бӕлвырд фадгуытӕ, зӕгъӕм ахуырадон уагдӕтты раз, цы ран тагъддзинад хъуамӕ уа къаддӕр.

ПАИ-йы сӕргълӕууӕджы хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Цхинвалы ис регистраци 17 мин машинӕйӕ фылдӕр, афтӕмӕй та фӕндӕгтӕ не сты уыцы нымӕц машинӕтӕн нымад, уымӕ гӕсгӕ суткӕйы кӕцыдӕр рӕстӕджыты фӕндӕгтыл фенӕн вӕййы пробкӕтӕн.

"Уымӕ гӕсгӕ, мах нымайӕм, 60 км/сахаты дӕр бирӕ кӕй у, ӕмӕ бахатыдыстӕм горӕты администрацимӕ, цӕмӕй тагъддзинады арӕнӕвӕрд саразой 50 км/сахаты", — загъта уый.

Хуссарирыстойннаг паддзахадон автоинспекцийы проблемӕтӕй ма иу у ӕндӕр бӕстӕты регистрацион номыртимӕ машинӕтӕ, кӕцыты нымӕц горӕты столицӕйы у егъау.

"Фӕткхалыны фӕдыл хъусынгӕнӕн ын куы радтӕм, уӕддӕр шофыр гӕнӕн ис ӕмӕ уый ма бафида ӕмӕ уӕд нӕ куыст иууылдӕр аззайдзӕн уӕлдӕфы", — загъта Сергей.

Ацы проблемӕйы райхӕлд уый уыны ӕмбӕлон ӕхсӕнхицауадон бадзырдты сӕ тыхы бацыды фӕстӕ ӕмӕ иумӕйаг уӕрӕсейаг-хуссарирыстойнаг координацион центры куысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0