Рӕмонаты Сосланы балц Хуссар Ирмӕ

© Sputnik / Алексей КовалевНаграждение Рамонов Южная Осетия
Награждение Рамонов Южная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Арфӕтӕ, хъӕбыстӕ,гимнтӕ,тырысатӕ,ӕнтыстыты фӕндиӕгтӕ,тыхджын къухӕмдзӕгъд ӕмӕ лӕвӕрттӕ – афтӕ Хуссар Ирыстоны ′мбӕлдысты олимпиаг чемпионыл.

ЦХИНВАЛ, 7 сен — Sputnik. Ирон спортсмен, уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй олимпиаг чемпион Рӕмонаты Сосланыл стыр цытимӕ сӕмбӕлдысты ӕртыццӕджы Хуссар Ирыстоны. Уый республикӕмӕ ӕрцыд йӕ ныййарджытӕ, йӕ тренер Мӕргъиты Анатолий ӕмӕ уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй Уӕрӕсейы ӕмбырдгонды сӕйраг тренер Тедеты Дзамболатимӕ.

Награждение олимпийского чемпиона Сослана Рамонова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тыбылты Леонид схорзӕхджын кодта Уацамонгӕйӕ Рӕмонаты Сослан ӕмӕ йӕ тренерты

Чемпионыл фыццаг сӕмбӕлдысты Дзауы районы цӕрджытӕ, цы ран йӕ райстой ирон ӕгъдаумӕ гӕсгӕ — ӕртӕ уӕлибых, кады нуазӕн ӕмӕ "Симд"-ы зӕлтимӕ.

Цхинвалы Сосланмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты хицауады хӕдзары, цы ран хъуамӕ фембӕлдаид президент Тыбылты Леонидимӕ. Спортсмены бирӕнымӕц фарсхӕцджытӕ, республикӕйы цӕрджытӕ, журналисттӕ йыл ӕмбӕлдысты хицауады хӕдзары цур, алкӕй дӕр фӕндыд олимпиадӕйы хъайтаримӕ зӕрдылдарынӕн къам сисын.

"Ацы уӕлахиз ӕнустӕм баззайдзӕн ирон спорты ӕмӕ ӕппӕт Ирыстоны историйы. Мах тынг тыхстӕй нӕ хъус дардтам де ′нтыстытӕм Олимпиадӕйы, цӕрджытӕ иууылдӕр цин кодтой дӕ уӕлахизыл",- загъта президент спортсменимӕ фембӕлды рӕстӕджы.

Тыбылты Леонид раарфӕ кодта тренертӕн, кӕцытӕ иу ӕмӕ дыууӕ фӕлтӕр спортсментӕ не ′схъомыл кодтой ӕмӕ кӕцытӕ се ′нтыстытӕй айхъуысын кодтой Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы ном.

© Sputnik / Алексей КовалевРӕмонаты Сосланыл ӕмбӕлынц Хуссар Ирыстоны
Рамонова встречают в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рӕмонаты Сосланыл ӕмбӕлынц Хуссар Ирыстоны

Спортсмены тренер Мӕргъиты Анатолийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, финалон тохы размӕ уый загъта Сосланӕн, цӕмӕй ма хъуыды кӕна хъӕбысхӕстыл.

"Дзырдтон ын: хъуыды кӕн Ирыстоныл, хӕхтыл, дӕ бинонтыл. Хъӕбысхӕст у фӕстаг, цӕуыл хъуамӕ уой дӕ хъуыдытӕ", — загъта уый.

Спортсмен йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕмӕй йӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ куы фӕуазӕг вӕййы, уӕд алыхатдӕр йӕ къухты бафты ӕнтыст. Уый загъта стыр бузныг, чидӕрриддӕр мӕт кодта йӕ ныхмӕлӕудтыл, кӕмӕндӕриддӕр йӕ уӕлахиз уыд ӕхсызгон.

© Sputnik / Алексей КовалевРӕмонаты Сослан ӕмӕ Хуссар Ирыстоны президент
Награждение Сослана Рамонова Орденом Уацамонга   - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рӕмонаты Сослан ӕмӕ Хуссар Ирыстоны президент

"Уый ӕрмӕст мӕ майдан нӕу, уый у ӕппӕт Ирыстоны, ме ′мгӕртты ӕмӕ хиуӕтты", — загъта уый.

Тедеты Дзамболат загъта, Риойы хъӕзтыты рӕстӕджы кӕй ӕййӕфтой зынвадӕттӕ — дыууӕ бон иу хатт-иу ӕрбацыдысты WADA-йы минӕвӕрттӕ, кӕцытӕ-иу сыстын кодтой спортсменты райсом 5-6 сахатыл, цӕмӕй райсой допинг-тесттӕ, "уый уыд стыр психологон уаргъ".

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстонӕй бирӕтӕ дзырдтой телефонӕй, мӕт кодтой ӕмӕ Риойы чиддӕриддӕр уыд, уыдон ӕнкъардтой ацы мӕт.

Цхинвайлӕгтӕ банысан кодтой Рӕмонаты Сосланы уӕлахиз Риойы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлӕгтӕ банысан кодтой Рӕмонаты Сосланы уӕлахиз Риойы

"Сослан дӕр уый хорз ӕнкъардта ӕмӕ ӕмбӕрста, кӕй йыл ис ӕвӕрд дывӕр уаргъ. Уый тох кодта ӕрмӕст йӕхи тыххӕй нӕ, фӕлӕ ма Олимпиадӕмӕ кӕй нӕ бауагътой, уыдон тыххӕй дӕр. Фыццаг хатт Олимпиадӕйы историйы, кӕцымӕ кастысты дыууӕ милуан адӕймаджы, систой ирон тырыса. Сослан ӕмбӕрста, ӕндӕр ахӕм фадат кӕй нӕ уыдзӕн. Ацы хъуыддагӕй уый систа Ирыстоны ӕнахуыр бӕрзондмӕ", — загъта Тедеты Дзамболат ӕмӕ бафтыдта, ацы мийы тыххӕй сӕ уым, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ раппӕлыдысты.

Чемпионимӕ фембӕлдмӕ чи ӕрбацыд, уыдонӕй алкӕйдӕр фӕндыд олимпиаг сыгъзӕрин майданыл фӕхӕцын, президент та йӕ федта "дӕндагӕй дӕр".

Президентимӕ фембӕлды ӕмӕ зӕрдылдарӕн къамисты фӕстӕ, Рамонов йӕ ныййарджытӕ ӕмӕ тренертимӕ сӕвӕрдта дидинтӕ гуырдзиаг агрессийы амӕттӕгты мемориалмӕ 5-ӕм скъолайы кӕрты. Ацы фӕндаг автомашинӕты колоннӕ рацыд сигнал дӕтгӕйӕ, алы рудзынгӕй дӕр фӕйлауыдтой ирон ӕмӕ уӕрӕсейаг тырысатӕ.

© Sputnik / Алексей КовалевРӕмонаты Сослан Цхинвалы
Награждение Рамонов Южная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рӕмонаты Сослан Цхинвалы

Ам йӕ размӕ лӕууыдысты сӕдӕгай къухӕмдзӕгъдгӕнӕг скъоладзаутӕ, кӕцытӕ барадхъахъхъӕнӕг органты кусджыты фӕдзӕхсттӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ, уӕддӕр ӕрхъула кодтой Сосланыл ӕмӕ йӕ нӕ уагътой ӕрдӕгсахатӕй фылдӕр — алкӕй дӕр фӕндыд йемӕ селфи сисын ӕмӕ автограф райсын.

Ӕнхъӕлмӕ кастысты Сосланмӕ хуссарирыстойнаг паддзахадон университеты дӕр, кӕцы куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй каст фӕцис бынтон ӕрӕджы — уый ссис физкультурӕйы дипломджын ахуыргӕнӕг. Зӕгъын ма хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ ма Олимпиадӕйы ноджы иу призер — Гозымты Хетӕг, кӕцы Риойы райста ӕвзист майдан, кӕй у ХИПУ-ы фӕндзӕм курсы студент.

Бирӕнымӕц адӕмы тыгуыр студенттӕ, ахуыргӕнджыты, спортсмены ӕмгӕртты скондӕй сӕмбӕлд чемпионыл стыр цинимӕ. Университеты кӕрты студентон ансамблы архайджытӕ равдыстой сӕ хуыздӕр номыртӕ.

"Риойы ирон тырысайыл куы схӕцыдысты, уӕд Ирыстоны алы хӕдзары дӕр уыд бӕрӕгбон. Хицӕнӕй дын зӕгъӕм стыр бузныг дӕ уӕлахиз кӕй снывонд кодтай, нӕ зындгонд ӕмзӕххон Къудухты Бесикӕн. Ацы уӕлахиз мах тынг ӕрбангом кодта", — загъта физикон культурӕ ӕмӕ спорты фӕдыл президенты паддзахадон уынаффӕгӕнӕг Джиоты Руфин.

Олимпиаг чемпионы цытӕн нывонд мадзӕлттӕ адарддӕр сты спорткомплекс "Олимп"-ы, цы ран ӕрӕмбырд тынг бирӕ адӕм, уыдон нымӕцы ӕрыгон спортсментӕ, кӕцыты ӕхсӕн гӕнӕн ис ӕмӕ уыдысты фидӕны чемпионтӕ хъӕбысхӕстӕй. Уыдон иууылдӕр спортивон дарӕсы ӕнӕрхъӕцӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты сӕ кумиримӕ фембӕлдмӕ ӕмӕ куыддӕр фӕзынд залы, афтӕ йӕ размӕ азгъордтой.

Къамтӕ, автографтӕ, хъӕбыстӕ ӕмӕ ног ӕнтыстыты фӕндиӕгтӕ, тыхджын къухӕмдзӕгъд, гимнтӕ ӕмӕ тырысатӕ — афтӕ Хуссар Ирыстоны нырма чемпионтыл не ′мбӕлдысты.

Встреча Рамонова в Москве - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рӕмонаты Сосланыл сӕмбӕлдысты кӕфтытӕ ӕмӕ уӕлибыхтимӕ

Цытджын мадзалы официалон хай райдыдта Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы паддзахадон тырысаты бахӕссыны фӕстӕ, айзӕлдысты дыууӕ бӕстӕйы гимнтӕ, уӕрӕх экраныл ӕрӕмбырдуӕвджытӕ ногӕй федтой Рио-де-Жанейро Рӕмонаты Сосланы уӕлахизхӕссӕг тох. Ӕгас залы цины уынӕр айхъуыст.

Президент Тыбылты Леонид ма ноджы иу хатт раарфӕ кодта олимпиаг уӕлахиздзауӕн йӕ бӕрзонд ӕнтысты фӕдыл. Уый уӕлахиздзауы схорзӕхджын кодта бӕрзонддӕр паддзахадон хорзӕх орден Уацамонгӕйӕ, стӕй ма йын радта ӕртӕхатӕнон фатерӕй дӕгъӕлтӕ ӕмӕ зӕххы фадыг Рӕмонаты мыггаджы мӕсыджы арӕзтадӕн.

Уацамонгӕйы ордентӕй ма хорзӕхджын ӕрцыдысты Мӕргъиты Анатолий ӕмӕ Тедеты Дзамболат.

Чемпионы цытӕн бӕрӕгбон фӕцис концертӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0