Æртæ Sputnik-ы æрбангом кодта Журналистты æмуддзинады бон

© SputnikТелемост Цхинвал Армения Белорусия
Телемост Цхинвал Армения Белорусия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвал, Минск æмæ Ереваны зындгонд журналисттæ æрныхас кодтой журналистты æмуддзинадыл, уæззау, хæстон æмæ сабыр рæстæджыты. Экспертты хъуыдымæ гæсгæ, ныры дуджы журналистты хсæн конкуренци фæнымæг, фæлæ тох ныр та цӕуы хуыздæр æрмæг бацæттæ кæныныл.

ЦХИНВАЛ, 8 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Телемост Беларусь æмæ Сомихстоны Sputnik-ты студитимæ ацыд Цхинвалы, Sputnik мультимедийон центры, ӕртæ студийы уазджытæ Журналистты æхсæнадæмон æмуддзинады бон æрдзырдтой дзыллон информацийы фæрæзты ӕмгуысткӕнынадыл.

Пресс-конференци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы Sputnik пресс-центрты ӕрымысыдысты 08.08.08 хӕст

Цхинвалы студимæ æрхуыдтой Хуссар Ирыстоны журналистты цæдисы сæрдар, сгуыхт журналист Харебаты Батрадз, парламенты информацион-аналитикон центры кусæг Уазæгты Юрий æмæ Sputnik Хуссар Ирыстоны шеф-редктор Гасситы Динайы.

Фылдæр бæрцæй æрæмбырдуæвджытæ дзырдтой, зӕгъгӕ, журналистты хсæн æмуддзинад кæдфæндыдæр фидар вæййы хæстон, науæд та бæллæхты рæстæджы, фӕлӕ, хъыгагæн, уыцы æмбарынад се ʻхсæнæй фæтары вæййы сабыр царды.

"Хуссар Ирыстонæн æнæзонгæ нæу хæстон тематикæ æмæ мах нæхæдæг æвдисæн вæййæм, уæззау рæстæджыты журналисттæ куыд æнгом æмæ æмуд вæййынц. Хъыгагæн, сабыр рæстæг ацы æмуддзинад фесæфы. Ныридæгæн стæм радон президентон æвзæрстыты къæсæрыл æмæ мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй дарддæр журналистты хсæн быцæу ма цæуа политикон фарстытыл, фæлæ цæуа æрмæстдæр гъæдджын æрмæг ныффыссыны сæраппонд", — загъта Гасситы Дина.

Ӕмуддзинадмæ журналисттӕм ӕрсидт телемосты иннӕ архайӕг Уазæгты Юрий дæр.

"Ӕмудзинад æнæмæнг хъæуы равдисын уӕд, хицæн журналистыл куы равварс вæййынц, цæмæй уый иунæгæй ма аззайа. Мах ахӕм рӕстӕджы куы ницы дзурæм, уæд сомбон уый бандзавдзæн нæхиуыл", — загъта журналист.

Sputnik Мультимедион центр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Sputnik пресс-центры ӕруынаффӕ кӕндзысты фильмыл "IRON VANDEE"

Телемосты хайадисджытæ ма æрдзырдтой, Советон Цæдис пырх куы цыдис, уыцы дуджы дзыллон информацийы минӕвӕртты куысты тыххæй.

"90-ӕм æзты хæдбар паддзахӕдты цæдисы тыгъдады уыд хъуыдкæнынады плюрализм, журналисттӕ æнахуыр сæрибардзинадæй пайда кæнын нæ арæхстысты", — загъта Андрей Качура, Беларусь Sputnik-ы радиойы къухдариуӕггӕнӕг.

Фæлтæрд беларусаг журналист Инга Хрущева та цæвиттонæн æрхаста Олимпиаг хъæзтыты рæстæджы куыст, цы ран вæййы нывыл æмудзинад.

"Мæ куысты рæстæджы æз уыдтæн цалдæр олимпиаг хъæзтыты, уым вæййы хуыздæр æмудзинад, политикон мадзӕлттӕм абаргæйæ. Мæ зæрдæ зæгъы æппæт дунейы журналисттæн дӕр цымыдисон темӕтæ æмæ хорз респонденттӕ", — банысан кодта уый.

Журналистты æмуддзинады æхсæнадæмон бон нысан цæуы дунейы 8 сентябры 1958 азæй фæстæмæ. Конд æрцыд Ӕхсæнадæмон журналистты организацийы IV конгрессы уынаффæмæ гæсгæ. 8 сентябрь æмуддзинады бонæн æвзæрст æрцыд уымæн, æмæ ацы бон 1943 азы мæлæты тæрхон скодтой ахст чехословакаг журналистæн Берлины.

Ног хабӕртты лентӕ
0