Думӕмӕ ӕвзӕрстыты хъӕлӕскӕнынад ӕмгъуыдӕй раздӕр ацыд Хуссар Иры

© Пресс-служба Погрануправления ФСБ РФ в РЮОДосрочное голосование в отдаленных подразделениях Погрануправления ФСБ России в РЮО
Досрочное голосование в отдаленных подразделениях Погрануправления ФСБ России в РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
500 уӕрӕсейаг арӕнхъахъхъӕнӕджы ныридӕгӕн схъӕлӕс кодтой Паддзахадон Думӕмӕ ӕвзӕрстыты. Уыдон хӕссынц службӕ дӕрддзӕф дӕлхайадты ӕмӕ сын 18 сентябры нӕ уыдзӕн фадат бындурон ӕвзарӕн фадгуытӕм ӕрбацӕуын.

ЦХИНВАЛ, 15 сен — Sputnik. Уӕрӕсейы Паддзахадон Думӕмӕ ӕвзӕрстыты хъӕлӕскӕнынад ӕмгъуыдӕй раздӕр ацыд Хуссар Ирыстоны. Хайад дзы райстой уӕрӕсейаг арӕнхъахъхъӕнджытӕ, кӕцытӕ хӕссынц службӕ дӕрддзӕф дӕлхайадты, фехъусын кодтой Sputnik Республикӕ Хуссар Ирыстоны уӕвӕг Уӕрӕсейы ПӔК-ы Арӕнгӕрон прувленийы пресс-службӕйы.

"Бындурон ӕвзарӕн фадгуытӕм дӕрддзӕф дӕлхайадты службӕ хӕссӕг арӕнхъахъхъӕнджытӕ ӕмӕ сӕ бинонты уӕнгтӕ райстой хайад УФ Паддзахадон Думӕмӕ VII ӕрсидты ӕвзӕрстыты ӕмгъуыдӕй раздӕр хъӕлӕскӕнынады", — загътой пресс-службӕйы.

Ӕдӕппӕт ӕвзӕрстыты ӕмгъуыдӕй раздӕр хъӕлӕскӕнынады райстой хайад 500 адӕймаджы — уӕрӕсейаг арӕнхъахъхъӕнджытӕ ӕмӕ сӕ бинонты уӕнгтӕ, кӕцытӕ сты ӕвзарӕн кары.

Подготовка избирательных участков к голосованию - Sputnik Хуссар Ирыстон
УФ минӕвар: Хуссар Иры алцыдӕр цӕттӕ у Думӕмӕ ӕвзӕрстытӕм

Пресс-службӕйы бамбарын кодтой, ӕмгъуыдӕй раздӕр хъӕлӕскӕнынады аххосаг кӕй ссис службӕйон ӕнӕмӕнгхъӕуӕгдзинад.

"Арӕнхъахъхъӕнджытӕ суткӕйы цыфӕнды афон дӕр ӕххӕст кӕнынц Республикӕ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕн хъахъхъӕныны фӕдыл ӕфсӕддон хӕслӕвӕрд ӕмӕ сын сӕ службӕйы фӕдыл нӕ уыд фадат хъӕлӕскӕнынады иумӕйаг бон — 18 сентябры сӕ конституцион бар среализаци кӕнынӕн", — загътой арӕнгӕрон управленийы.

Ӕмгъуыдӕй раздӕр хъӕлӕскӕнынад уагъд ӕрцыд 12 —14 сентябры Знауыры, Дзауы ӕмӕ Ленингоры районты уӕвӕг дӕрддзӕф дӕлхайӕдты.

Ног хабӕртты лентӕ
0