Нывгӕнӕг ӕмӕ ӕмгар - Бегейы ном арынӕн Цхинвалы сӕвӕрдтой мысӕн фӕйнӕг

© Sputnik / Диана КозаеваПамятная табличка Беге
Памятная табличка Беге - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Джуссойты Иналы ном арынӕн мемориалон фӕйнӕджы ӕрбайгоммӕ ӕрбамбырд сты йӕ иууыл ӕввахсдӕр ӕмгӕрттӕ.

ЦХИНВАЛ, 23 сен — Sputnik. Нывгӕнӕг ӕмӕ этнограф Джуссойты Иналы (Беге) номарынӕн мемориалон фӕйнӕг ӕвӕрд ӕрцыд Цхинвалы. Цы хӕдзары цард, уый кӕрты ӕрӕмбырд сты йӕ иууыл ӕввахсдӕр ӕмгӕрттӕ ӕмӕ хиуӕттӕ.

Хуссар Ир йе ‘нусон бынатмӕ фӕндараст кӕны зынгӕ нывгӕнӕг Джуссойты Иналы

Джуссойты Иналы цард ӕнӕнхъӕлӕджы аскъуыд 38 аздзыдӕй. Уый не ′хсӕнӕй фӕхъуыд фарон декабры. Бегейы чи зыдта, уыдонӕн йе ‘нӕнхъӕлӕджы амӕлӕт ссис уӕззау хабар, йе мгӕрттӕн та — ӕцӕг трагеди.

Ӕмбисбонӕй Цхинвалы уыд тӕрккъӕвда ӕмӕ ма чысыл бахъӕуа, 15.00 сахатмӕ нывӕзтгонд мадзал ӕрцӕуа хаст ӕндӕр рӕстӕгмӕ. Фӕлӕ мемориалон фӕйнӕг ӕрбакӕныны рӕстӕгӕй фондз минут раздӕр раирд ис.

"Мах нӕ фӕндыд, цӕмӕй ацы мадзал суа официоз. Фӕндыд нӕ уый саразын ӕввахс ӕмгӕртты, Беге кӕимӕ уарзта рӕстӕг ӕрвитын, уыдоны хсӕн. Чи йӕ зыдта, уыдон Бегейы уарзтой зӕрдӕбынӕй, ӕмӕ сӕ алкӕй зӕрдӕйы дӕр ахста уӕлдай бынат. Йӕ амӕлӕты фӕстӕ уыцы бынат баззад афтидӕй", — загъта Иналы ӕмгар, зарӕггӕнӕг ӕмӕ радиоамонӕг Гуыцмӕзты Инна.

Уый йӕ схуыдта иттӕг хорз нывгӕнӕг, кӕцыйы куыстытӕн абоны онг дӕр ӕмбӕлон аргъ лӕвӕрд не ′рцыд.

Инна ма загъта бузныг, Бегейӕн мемориалон фӕйнӕг бакӕныны хъӕппӕрис чи раразмӕ кодта, уыдонӕн — Харебаты Алан ӕмӕ Къостайӕн.

Иналы ӕмгар, этнограф Мӕргъиты Ирбег загъта, Бегейы алчидӕр кӕй зыдта куыд хорз адӕймаг, иузӕрдион ӕмбал, кӕцы алыхатдӕр уардта хъарм ныхӕстӕ ӕмӕ алкӕмӕн дӕр цӕттӕ уыд ӕххуысмӕ ӕрцӕуын.

"Йӕ ацыдӕй Ирыстонӕй фӕхъуыд курдиатджын ӕмӕ хорз адӕймаг, стыр ӕмӕ сыгъдӕг зӕрдӕимӕ. Йӕ номыл нын ныууагъта йӕ куыстытӕ, фӕлӕ йын бирӕ нӕ бантыст саразын. Махӕн баззад ӕрмӕстдӕр йӕ рухс ном нӕ зӕрдӕты дарын", — загъта уый.

© Sputnik / Диана КозаеваБегейы мысӕн фӕйнӕг
Памятная табличка Беге - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бегейы мысӕн фӕйнӕг

Се ′мгар ӕмӕ курдиатджын нывгӕнӕджы тыххӕй ныхӕсты фӕстӕ Гуыцмӕзты Инна ӕмӕ Мӕргъиты Ирбег бакодтой урс хуымацӕй ӕмбӕрзт мемориалон фӕйнӕг. Райдыдта та къӕвда уарын, ӕвзӕр боныгъӕд цыма барӕй фӕлӕууыд йӕ уарынӕй, цӕмӕй ма Бегейы ӕмгӕрттӕ чысыл алӕууой йӕ хӕдзары цур, цы ран арӕх ӕрвыстой хъӕлдзӕг рӕстӕг ӕмӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕной, сӕ уарзон ӕмгар ма се ′хсӕн куыд уыд, уыцы рӕстӕджытӕ.

Джуссойты Инал ӕрмӕст курдиатджын нывгӕнӕг нӕ уыд, уый ма бакуыста 1989-2008 азты гуырдзиаг-ирон конфликты рӕстӕджы фӕмардуӕвджыты номарынӕн мемориалон комплексы макетыл. Арӕзта иллюстрацитӕ чингуытӕм. Йӕ зонындзинӕдтӕ рӕдауӕй дих кодта Тугъанты Махарбеджы номыл Цхинвалы нывгӕнӕн ахуыргӕнӕндоны студенттимӕ.

Беге йӕ цардӕй ахицӕн 2015 азы 15 декабры.

Ног хабӕртты лентӕ
0