Леуахи ассенизаторты ныхмæ

© Фото очевидцаАссенизатор
Ассенизатор - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвайлæгтæ змæнтынц Луахийы доны алыгъуызон чъизитӕ калыны ныхмæ. Цæугæдонмæ ӕдзӕсгом цӕрджытӕ калынц горæты цардуагон æвзарæнтæ.

ЦХИНВАЛ, 27 сен — Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы цæрджытæ цалдæрæй къуырисæры æвдисæн уыдысты, ассенизаторты хæдтулгæ горæты цæгат-скæсӕн хайы Леуахимæ куыд калдта цардуагон æвзарæнтæ. Цæрджытæ бафæлвæрдтой шофыры намысмӕ ӕрсидын, фæлæ уый дарддæр кодта йæ хъуыддаг.

Мæсты цæрджытæ ацы хабар систой телефоны камерæйæ æмæ æрмæг æрбахастой Sputnikмæ, цæмæй хъуыддаг æнæхъусдард ма баззайа.

Бырондон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг бырондоны ныхмӕ фӕнд кӕнынц къухфысттӕ ӕрӕмбырд кӕнын

"Мах фыццæгтæ не ʻстæм, ахæм цауыл чи фембæлд. Ӕвæццæгæн, ахӕм митæ чи кæны, уый хъуыды кæны, кӕй ницы зиан хæссы æмæ доны гуылфæнтæ кӕй аласдзысты чъизитæ. Уыдон хъуыдыйы не ʻрцæуы, горæты цадмæ дæр Леуахийы дон кæй цæуы æмæ сæрдыгон бонты уым сæхи найынц сабитæ, се ʻхсæн гæнæн ис æмæ бахауой сæхи сывæллæттæ дæр. Уымæй дарддæр ма донбылгæрæттæй дымгæ æвзæр смаг хæссы", — дзуры цæстæйуынæг.

Ӕрæджы ацы фарстыл уынаффæ цыд тыхон структурæты къухдариуæггæнджытимæ президенты æмбырды дӕр. Уæд æнгæс цау æрцыд Дзауы районы Бузалайы хъæуы.

Горæты администрацийы пресс-службæйы Sputnik фехъусын кодтой, ассенизаторон хæдтулгæтæ сæ уæзтæ кӕй хъуамæ ласой горæты хуссар-скæсæн хайы сæрмагонд сыгъдæггæнæн агъуыстмæ. Мэрияйы ныфс бавӕрдтой, фæткхалӕг æфхæрд кӕй баййафдзæн.

Ӕрдзон ресурсты комитеты сæрдар Бестауты Бала Sputnik куыд радзырдта, афтӕмӕй ахæм архӕйдтытæ хъуамæ цæуой ивар, хъусдард сæм хъуамӕ аздаха прокуратурæ дӕр.

"Горæты хицæуттæ рахицæн кодтой сæрмагонд бынат, цыранмӕ ассенизаторты машинæтæ хъамæ уадзой сæ уæзтæ. Ӕвæццæгæн уырдӕм фæзивæг кæнынц æмæ сæ цæугæдонмæ ауадзынц, уымæн æмæ æфхæрд баййафынæй нæ тæрсынц", — загъта Бестауты Бала.

Административнон фæткхалдты кодексы домæнтæм гæсгæ, æрдзон ресурсты счъизи æмæ сбырон кæныны тыххæй адæм ивар цæуынц 1,5- 2 мин сомæй, уагдæттæ та 30-40 мин сомæй.

Городское озеро - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы цады дон найынӕн разынд нӕбӕзгӕ

"Фæлæ уый кæройнаг ивар нæу. Ахæм фæткхалӕн цаутæ нысангод цæуынц куыд санитарон-эпидемиологон уавæр фехалыны цаутæ, уый та ис "Югосетпотребнадзор"-ы бæрны", — загъта æрдзон ресурсты комитеты хистæры хæдивæг Харебаты Алан.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, уагдонмæ арæх æрбацæуы æнгæс хъæстытæ, хатгай фæткхалджытæ вæййынц сæхæдæг горæты службæтæ, хъæууон администрацитæ, науæд та æфсæддонтæ.

"Югосетпотребнадзор" цæттæ у ацы хъуыддагмæ лӕмбынӕг хъусдард аздахын, кæд дзы ис сбæлвырд кæныны фадæттæ, уӕд.

"Иууыл стырдæр ивар ахæм фæткхалды цаутæн у 20 минмæ æввахс. Фæлæ æз нымайын, уый цъус кӕй у. Хъуыддаг æрмæст санитарон-эпидемиологон фарсты нæй, махæн нæ бон у хабар ноджы цалдæр службæмæ адæттын, цæмæй фæткхалджытæ карзæй æфхæрд æрцæуой", — загъта ведомствӕйы сӕргълӕууӕг Коцты Марина.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый хорз прецедент у, адæм сæхдæг кæй рацыдысты ацы фæткхалды цауы ныхмæ. Югосетпотребнадзор та, куыд æххæстгæнæг орган, афтæ сараздзæн æппæт дæр, цæмæй фыдгæнæг æфхæрд баййафа.

Ног хабӕртты лентӕ
0