ЦХИНВАЛ, 5 окт — Sputnik, Козаты Дианӕ. Хуссарирыстойнаг столицӕйы разамынад хъавы цалдӕр уынгыл иуварсон змӕлд бакӕнын, загътой Sputnik мэрияйы пресс-службӕйы.
Ног уагӕвӕрд агайы ӕртӕ централон уынджы — Сталины, Хетӕгкаты Къостайы ӕмӕ Тугъанты Махарбеджы уынгтӕ. Ацы уынгтыл ӕрӕрд ис цалдӕр ахсджиаг административон бӕстыхӕйттӕ — хицауад, парламент, генпрокуратурӕ, МХМ, ПӔК, Националон ӕмӕ Ӕфснайӕн банктӕ. Уымӕ гӕсгӕ сыл ӕрвылбон сырӕзы автомобилон пробкӕтӕ.
"Ацы мадзӕлттӕ горӕты центры змӕлд фӕрогдӕр кӕнынӕй дарддӕр ма ратдзысты фадат фистӕгӕйцӕуджытӕ ӕмӕ шофырты ӕдасдзинад фӕбӕрзонддӕр кӕнынӕн", — банысан кодтой мэрияйы.
Столицӕйы администрацийы ныфс бавӕрдтой, ацы мадзӕлттӕ ӕрӕмдзых кӕй ӕрцыдысты МХМ ӕмӕ Автоинспекцийы управлениимӕ.
Паддзахадон автоинспекцийы Sputnik радзырдтой, Сталины уынгыл змӕлд иуварсон кӕй суыдзӕн Мӕскуыйы уынгӕй Харебаты Исахъхъы уынджы онг. Змӕлд уыдзӕн ӕрмӕстдӕр хуссарырдӕм. Хетӕгкаты Къостайы уынгмӕ базилӕн уыдзӕн ӕрмӕстдӕр Сталины уынгӕй. Тугъанты Махарбеджы уынгмӕ та машинӕйыл бацӕуӕн нӕ уыдзӕн Мӕскуыйы уынгӕй.
Раздӕр иуварсон змӕлд баконд ӕрцыд ацы аз сцалцӕггонд уынгтыл — Плиты Ароны ӕмӕ Плиты Харитоны уынгтыл, кӕцытӕ цӕуынц БАМ-ы районмӕ.
Ӕнӕхъӕн бон ацы уынгтӕм бацӕуӕнты радгӕсад хастой ПАИ-йы управленийы кусджытӕ, кӕцытӕ хъусын кодтой шофыртӕн ног уагӕвӕрды тыххӕй.
Фӕлӕ ахӕм хӕрзӕгъдау ахастӕн змӕлды хайадисджытӕ ӕмбӕлон аргъ не ′скодтой ӕмӕ хӕлдтой уагӕвӕрд, цалынмӕ ПАИ нӕ райдыдта ивар кӕнын фӕткхалджыты, уӕдмӕ.
Фӕстӕдӕр ма иуварсон змӕлд бакӕндзысты ноджы цалдӕр чысыл уынгтыл Хуссар Ирыстоны столицӕйы центры.
"Фӕлӕ ног уагӕвӕрд не ′рцӕудзӕн баконд, цалынмӕ не ′сцалцӕг кӕной Гаглойты Хазбийы (раздӕры Тельманы) уынг, уӕдмӕ", — банысан кодтой ПАИ-йы.
Хуссар Ирыстоны арӕзтады министрады пресс-службӕйы фехъусын кодтой, Гаглойты Хазбийы уынджы хӕрзарӕзтадӕн ацы аз Инвестпрограммӕйы фӕрӕзтӕ кӕй не ′сты нывӕзтгонд, фидӕн аз та цы уынгтӕ хъуамӕ ӕрцӕуой цалцӕг, уыдон номхыгъд та нырма бӕлвырд нӕу.