Арӕхстгай, лифттӕ "ӕнкъараг" сты!

© Sputnik / Руслан ТадтаевДом на улице Маяковского
Дом на улице Маяковского - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы алы бирӕуӕладзыгон хӕдзары нӕй лифттӕ. Цы хӕдзӕртты ис лифттӕ, уыдоны цӕрджытӕ хъаст кӕнынц, арӕх кӕй хӕлынц, уый тыххӕй. Мэрия фӕдзӕхсы цӕрджыты, цӕмӕй арӕхстджынӕйдӕр пайда кӕной лифттӕй.

ЦХИНВАЛ, 6 окт — Sputnik, Хъотайты Мария. Цхинвал мегаполис нӕу ӕмӕ арвысхъауæгтӕ ам нӕй. Иууыл бӕрзонддӕр агъуысттӕ нӕм сты фарастуӕладзыгон хӕдзӕрттӕ, фӕлӕ уыдон дӕр бирӕ не ′сты. Бирӕуӕладзыгон хӕдзӕрттӕй кӕцыдӕрты лифттӕ нӕ кусынц 90-ӕм азты райдианӕй фӕстӕмӕ. 2012 азы Цхинвалы мэрия ранӕуӕг кодта лифтон хӕдзарад цалдӕр бирӕуӕладзыгон бӕстыхайы, фӕлӕ цӕрджытӕ дзурынц, ног лифттӕ арӕх кӕй хӕлынц, лифтермӕ фӕдзурын та ӕнцон нӕ вӕййы.

Цхинвайлаг бирӕуӕладзыгон хӕдзӕртты цӕрджытӕ дзурынц иу проблемӕйыл — лифт акусы иу дыууӕ бон, уый фӕстӕ фехӕлы. Ӕрбацӕуы лифтер, сцалцӕг ӕй кӕны, чысыл акусы ӕмӕ та фехӕлы. ЦКХ-ы Sputnik куыд загътой, афтӕмӕй лифтты арӕх фехӕлды аххосаг ис цӕрджыты æнæхъола ахасты.

Лифт ӕхсӕвиуатӕн

Маяковскийы уынджы цӕрджытӕ радзырдтой Sputnik, ног лифт сӕ хӕдзары ӕвӕрд кӕй ӕрцыд дыууӕ азы размӕ. Дыууӕ бон дӕр нӕ рацӕуы, ӕмӕ та фехӕлы, цӕрджытӕ фӕдзурынц лифтермӕ, фӕлӕ уый тынг нӕ тагъд кӕны сидтмӕ ӕрбацӕуын, ахӕм уавӕры цӕрджытӕ арӕх фӕхыл вӕййынц лифтеримӕ, ӕгӕрыстӕмӕй бавналынц къухӕй дӕр.

Маяковскийы уынг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ног асфальт зӕронд коммуникациты сӕр

"Ме ′фсымӕр арвыста ӕнӕхъӕн ӕхсӕв хӕлд лифты. Уый ӕрбацыд хӕдзармӕ ӕрдӕгӕхсӕв, бахызт лифтмӕ ӕмӕ йын нӕ бантыст ӕхсӕзӕм уӕладзыгыл рахизын — ӕрдӕгфӕндагыл уый фехӕлд. Сыхӕгтӕй кӕмӕдӕр адзырдта телефонӕй, фӕлӕ ӕрдӕг ныхасыл йе ‘хцатӕ фесты. Ӕрвыста ма лифтермӕ смс-тӕ, фӕстӕмӕ радзурыны курдиатимӕ, фӕлӕ уый не ′сдзуапп кодта. Афтӕмӕй уый лифты баззад райсомы онг", — дзуры хӕдзары цӕрджытӕй иу.

Джиоты Аланы проспекты кӕроны хӕдзӕрттӕй иуы цӕрджытӕ та сӕ лифт рахуыдта "мистер Чувствительность".

"Хуыцау бахизӕд, сывӕллон лифты кабинӕйы сгӕпп кӕна — лифт ӕвиппайды фехӕлы. Куы дзы бацӕуай уӕззау хӕссинӕгтимӕ ӕмӕ сӕ ‘нӕарӕхстӕй куы ӕрӕвӕрай, уӕд та нал скусдзӕн. Сыхӕгтӕй исчи йӕ хӕдзар куы цалцӕг кӕны, уӕд лифтыл уӕлӕмӕ фӕисынц арӕзтдон ӕрмӕджытӕ — ацы уӕргъӕй дӕр гӕнӕн ис ӕмӕ фехӕла, афтӕмӕй та кабинӕйы сисыл фыст ис кӕй йыл ис гӕнӕн ӕвӕрын уӕргътӕ 400 кг онг", — дзурынц бирӕуӕладзыгон хӕдзары цӕрджытӕ.

Лифты мидӕг маркерӕй фыст сты лифтеры номыртӕ.

Ирӕтты уынгыл цы бирӕуӕладзыгон хӕдзар ис, уым та лифтӕй нӕ пайда кӕнынц 1990-ӕм азӕй фӕстӕмӕ. Адӕм сӕ хӕссинӕгтӕ, сывӕллӕттӕ ӕмӕ къаласкъатимӕ хизынц фистӕгӕй уӕлдӕр уӕладзгуытӕм бон цалдӕр хатты.

"Хорз у ӕмӕ нӕм дон уӕддӕр цӕуы. 2000-ӕм азы онг адӕм бедрӕты хастой дон уӕллаг уӕладзгуытӕм. Кардзыд сыхӕгтӕ стӕм хатт ӕрхизынц кӕртмӕ, уымӕн ӕмӕ сын стӕй тынг зын у фӕстӕмӕ хизын. Мах дӕр тынг хъӕуы лифт, фӕлтау арӕх хӕлӕд, фӕлӕ-иу хаттӕй хатт кусгӕ дӕр кӕнӕд", — дзурынц ацы хӕдзары цӕрджытӕ.

Мэрия: цӕрджытӕ хъуамӕ хъахъхъӕной лифттӕ

Горӕты цӕрӕн-коммуналон хӕдзарады сӕргълӕууӕг Хъуылымбегты Роберты ныхӕстӕм гӕсгӕ, 2012 азӕй фӕстӕмӕ лифттӕ баивтой 15 бирӕуӕладзыгон хӕдзӕртты. Уый банысан кодта, лифтты арӕх цалцӕджы ӕнӕмӕнгхъӕуындзинад фӕзыны уый тыххӕй, ӕмӕ республикӕйы кӕй нӕй ӕнӕмӕнгхъӕуӕг специалисттӕ —Цхинвалы ис ӕрмӕстдӕр цыппар лифтеры.

Сӕрфӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон
110 сӕрфӕджы vs Цхинвалы 35000 цӕрӕджы

Хъуылымбегты Роберт загъта Sputnik, тагъд рӕстӕджы хӕлд лифттимӕ проблемӕ кӕй ӕрцӕудзӕн иуварс, уымӕн ӕмӕ сарӕзтой бадзырд лӕггадгӕнӕг компаниимӕ, кӕцыйы специалисттӕ сахуыр кӕндзысты нӕ лифтерты, куыд аразын хъӕуы хӕлд лифт.

"Ацы лифттӕ сты электронон системӕйы бындурыл. Уыдон не ′сты арӕзтадон ӕрмӕджытӕ ӕмӕ стыр уӕргътӕ ласынӕн. Уыдоныл тынг ӕндавы алы гӕпп дӕр, афтӕмӕй та арӕх цӕрджытӕ нӕ бафӕдзӕхсынц сӕ сывӕллӕтты, лифты бар кӕй нӕй гӕппытӕ кӕнын, ӕнӕхъуаджы йыл дӕлӕмӕ-уӕлӕмӕ тезгъо кӕнын. Цӕрджытӕ сӕхӕдӕг хъуамӕ арӕхстджынӕй пайда кӕной сӕ ӕнцонвадаттӕй", — нымайы уый.

ЦКХ-ы сӕргълӕууӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, иу лифт сӕвӕрыны аргъ у 2, 5 милуан сомы. Йӕ Ныртӕккӕ ма Цхинвалы бирӕуӕладзыгон хӕдзӕртты хъӕуы сӕвӕрын 15 лифты.

Ног хабӕртты лентӕ
0