ЦХИНВАЛ, 23 сен — Sputnik, Хъотайты Мария. Цхинвалы, Маяковскийы уынгыл зӕронд дӕлзӕхх коммуникацитӕ нӕ уромынц доны æфсæрст ӕмӕ уынг арӕх фӕвӕййы донласт, радзырдтой Sputnik уацхӕссӕгӕн бынӕттон цӕрджытӕ.
Горӕтты хицӕуттӕ нырма проблемӕ нӕ аиуварс кодтой.
Цӕрджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕрӕджы аразджытӕ бамбӕрзтой асфальтӕй уынг, фӕлӕ дӕлзӕхх коммуникацитӕ нӕ раивтой.
"Раздӕр ам лӕууыд фарастуӕладзыгон корпус, уый среставраци кодтой, систой уӕллаг уӕладзыгтӕ ӕмӕ дзы рауад фондзуӕладзыгон рӕсугъд хӕдзар. Цӕмӕй къамис нардуатисӕгӕй райстаид объект, уый тыххӕй объекты алыварс территори хъуамӕ бамбӕрзтаиккой асфальтӕй. Мах, ӕввахс хӕдзӕртты цӕрджытӕ, разы нӕ уыдыстӕм уыимӕ ӕмӕ бамбарын кодтам аразджытӕн, ацы фадыгыл дӕлзӕхх коммуникациты хӕтӕлтӕ кӕй сты тынг рагон ӕмӕ уыдон ӕнӕ раивгӕйӕ нӕй гӕнӕн асфальт ӕвӕрын, уӕддӕр сӕ ногӕй къахын хъӕудзӕн — уый та у дывӕр куыст", — загъта уынджы цӕрӕг Игорь.
Сӕ рисыл дзурынмӕ ӕрбамбырд сты авд нӕлгоймаджы. Уыдон эмоционалонӕй дзырдтой иу истори.
"Аразджытӕ асфальт ӕвӕрынмӕ куы хъавыдысты, уӕд мах бацӕуӕнтӕ ӕрӕхгӕдтам нӕ машинӕтӕй, нӕ сӕ уагътам ӕмӕ раст уыдыстӕм. Абон асфальт у ӕвӕрд, къамис райста объект эксплуатацимӕ, махӕн та фӕзынд проблӕмӕтӕ, кӕцыты ничи тагъд кӕны скъуыддзаг кӕнын", — дзурынц цӕрджытӕ.
Сӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уавӕр у тынг карз, уымӕн ӕмӕ регулярон авритӕ ничи хъавы аиуварс кӕнынмӕ.
Паддзахадон унитарон куыстуат "Водоканал"-ы сӕргълӕууӕг Зассеты Сергеймӕ коллективон куырдиӕттӕн нырма ницы фӕстиуджытӕ ис.
"Зассеты Сергей зонгӕ у нӕ проблемӕимӕ, ӕмӕ нын куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй проблемӕ аиуварс кӕныны тыххӕй бахъӕудзӕн ног асфальт фехалын, уый тыххӕй та хъӕуы горӕты хицӕутты разыдзинад", — радзырдтой цӕрджытӕ.
Адӕм дзурынц, кӕй уыдысты ӕвдисӕнтӕ, зӕронд хӕтӕлты доны тыхджын ӕфсӕрст "уӕлӕмӕ кӕй иста" ног асфальты цъар, уымӕн.
"Зӕронд хӕтӕлты цы дон цӕуы, уый нӕ уары рахизӕн ӕмӕ асфальт сдымст. Кӕцыдӕр хӕдзӕрттӕм асфальт нӕ бахӕццӕ. Ацы "амондджын" адӕм сӕхи тыхтӕй, сӕхи фӕрӕзтӕй ӕрбакодтой техникӕ, балхӕдтой вентилтӕ ӕмӕ ног трубӕтӕ ӕмӕ баивтой доныздахӕнтӕ сӕ хӕдзӕрттӕм", — дзурынц цӕрджытӕ.
Сӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ног хӕдзары арӕзтады рӕстӕджы ардӕм иу ӕмӕ дыууӕ хатты не ′рбацыд инспекцитимӕ республикӕйы премьер-министр Хъуылымбегты Доменти. Адӕм дисы ӕфтынц, уый куыд бауагъта, цӕмӕй ног асфальт ӕрцӕуа ӕвӕрд зӕронд коммуникациты сӕр.
Сӕрмагонд хӕдзӕрттӕй иуы цӕрӕг Василий йӕ район хоны "Хуыцауӕй рохгонд".
"Дон нӕм нӕ фӕцӕуы цалдӕргай бонтӕ. Дон куы раттынц, уӕд та нӕм ахӕм донласттӕ вӕййы, ӕмӕ нӕ фӕзонӕм, цы фӕуӕм. Сӕрмагонд хӕдзӕрттӕ дӕр ӕмӕ корпустӕ дӕр сты иумӕйаг доны хӕтӕлмӕ иу. Донӕн ис ахӕм æфсæрст, цӕмӕй хӕццӕ кӕна фарастӕм уӕладзыгмӕ дӕр. Фӕлӕ ахӕм ӕфсӕрст нӕй гӕнӕн сӕрмагонд хӕдзӕрттӕм дӕттын. Уый тыххӕй басыгъд мӕ мотор, мӕ ныккӕнд донласт фӕцис", — дзуры Василий.
Цӕрджытӕ нын равдыстой цалдӕр къахт уӕрмы. Афтӕ сӕхӕдӕг сбӕлвырд кӕнынц авариты бынӕттӕ ӕмӕ сӕхи тыхтӕй сцалцӕг кӕнынц хӕтӕлтӕ. Асфальт цы бынӕтты сдымсы, уым цӕрджытӕ сӕхӕдӕг саразынц цъассытӕ, цӕмӕй донӕн уа рахизӕн. Дон йӕхицӕн рахизӕн куы ссары, уӕд рӕсугъд, фӕлӕ ӕнӕхъӕугӕ фонтан кӕлы дзӕгъӕлы.
Sputnik мэрияйы пресс-службӕйы куыд загътой, афтӕмӕй зӕронд коммуникацитӕ ивынмӕ ӕрӕвналдзысты октябры райдианы.
"Доны ӕмӕ канализацион зӕронд хӕтӕлтӕ раивдзысты иннӕ мӕйы райдианы. Уыдон айгӕрддзысты тротуарыл, ӕмӕ проблемӕ ӕрцӕудзӕн иуварс", — загътой мэрияйы.