ЦХИНВАЛ, 18 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Чилæхсаты Луиза дохтырæй кусы 42 азы дæргъы, уыдонæй фӕстаг 28 азы разамынад дæтты республикон соматикон рынчындоны кæстæр сабиты хайадæн.
Луиза Платоны чызг иунгæг нæу Чилæхсаты бинонтæм дохтыр — йæ Хистæр хо Людмила та кусы рынчындоны сæйраг дохтыры хæдивæгæй, у терапевт-кардиолог. Луиза ӕмӕ Людмила дохтыры дӕсниадыл ныххæцыдысты сæ мады дӕнцӕгмӕ гӕсгӕ — Тыбылты Елена фæкуыста медицинон хойæ 55 азы. Цæргæ дæр кодтой рынчыдоны тæккæ цур ӕмӕ иутыхст адæм т æрдæгæхсæв дæр балæууыдысты медицион кусæджы къæсæрыл.
"Ӕрлæуд ын нæ уыд, мæхицæн дзы алыхатт дæр исын дæнцæг. Скъолайы фæстæ-иу мӕ хоимӕ бацыдыстæм рынчындонмæ. Урс халаттæ, хосты тæф, медицинон инструменттæ —æппæт дæр мын сты мæ чысыл бонтæй фӕстӕмӕ зонгæ æмæ мæ зæрдæйæн æввахс. Иудзырдæй мын дохтыр неʻсуæвын гæнæн нæ уыд. Никуы хъуыды кодтон, цы дæсныйад равзардзæн, алыхатт дæр æй зыдтон, дохтыр кӕй уыдзæн. Иттæг хорз нысæнттыл фæдæн музыкалон ахуыргæнӕндон æмæ мӕ дарддæр æрвыстой ацы хаххыл ахуырмæ, фæлæ дзурын дӕр никӕй суагътон", — радзырдта Луиза.
Луиза Платоны чызг ныртӕккӕ разамынад дæтты рынчындоны сывæллæтты хайадæн. Административон куыстæй дарддæр дохтыры кабинет нæ раафтид вæййы боны дæргъы пациенттæй, йæ разы сывзæры радтæ.
Уымæй дарддæр ма бирæтæ та фæлмæнтӕ дохтырæй райсынц телефонон бастдзинады руаджы консультацитæ.
"Хисæрмагонд цард нын нæй. Ӕппынæдзух куыст, рынчынтæ æмæ се ‘нæниздзинад. Иу хатт сӕ банымадтон, ӕмӕ мæм 78 хатты ӕрбадзырдтой телефонӕй куысты фӕдыл. Мæ мад мын фæдзæхста, зӕгъгӕ, дæхи сабийæн куыд баххуыс кæнис, афтæ иу æркæс иннӕ рынчын сывӕллӕттӕм дӕр. Иу хатт мæ сæрæн нæ уыдтæн æмæ телефоны дзæнгæрæг куы фехъуыстон, уæд мӕ мадӕн къухæй амонын "ам, зæгъ, нæ дæн". Уалынмæ хъусын — ам ис дæ низтæ, æртæккæ йæм фæдзурдзынæн", — мысы уый.
Дохтырӕн йæ бон райдайы райсомы ӕмбырдӕй, уый фӕстӕ æрзилы йæ рынчынтыл, стæй та пациенттæ, пациенттæ æмæ пациенттæ… Фæлæ сылгоймаг йæ равзаргæ фæндагæй у райгонд, ӕрмӕст катай кӕны, кӕй сын нӕй фадат арӕх сӕрмагонд курсытӕ рацӕуынӕн.
"Раздӕр фæлтæрддзинад дæр истам хуыздæр, цыдыстæм бирæнымæц курсытæ. Абон та медицинӕ афтӕ тагъд цæуы размæ æмæ йæ аййафын фæзын вæййы. Нæ дохтыртæн курсытæм афтыны фадæттæ арæх нæ разыны ӕмӕ уый ӕвзӕр хъуыддаг у", — бафтыдта йæ ныхæстæм медицинон кусæг.
Дыууӕ хойы професси адарддӕр кодтой сӕ чызджытӕ дӕр — Хæныкъаты Лариса æмæ Басаты Залина.
Дыууæ хойæн æрæстджы райгуырд чызджытæ Лариса æмæ Залина, уыдон каст фесты.
"Нӕ чызджыты ʻхсæн ис æрмæстдæр цыппар боны, иумæ цыдысты сабидонмæ, скъоламæ, иумӕ фесты Дзæуджыхъæуы медицинон академи. Абон дæр сты тынг хæлар. Уыдонæн дæр, махау, никуы хъуыды кодтой æндæр дæсныйад равзарыныл. Лариса у педиатор, Залина — узист", — банысан кодта Луиза Платоны чызг.
Хæныкъаты Лариса ныридæгæн у сывæллæтты рынчындоны сæйраг дохтыр. Уый йæ равзаргæ фæндагыл нæ фæсмон кæны æмæ дзуры, йæ сцард сфæлхатт кæныны фадат ма йын куы уаид, уæд та кӕй равзарин ацы фæндаг.
"Кæд æнæниздзинад хъахъхъæнынады структурæйы æз разамынад дæттын иу хайæн, уæддæр мæ сæйраг куыст у педиатр. 2001 азæй кусын сывæллæтты дохтырæй, 2008 азæй фæстæмæ та дæн сывæллæтты рынчындоны сæйраг дохтыр", — дзуры уый.
Бинонты цыппæрæм фæлтæр нырма сæ фидæны професситӕ нæ равзæрстой, æрмæстдæр дохтыры дæсныйадмæ цымыдис кæны Ларисайы фондзаздзыд фырт Артур.
"Ис мын æртæ сывæллоны. Дыууæ хистæрæн куыддæр уазал ахаст ис медицинон къабазмæ. Фæлæ кæстæр Артурӕн æппынæдзух йӕ хъазæнтæ сты уæззау рынчынтæ ӕмӕ сын фӕаразы судзинтӕ, фӕдары сын хостӕ. Кӕд ма уый развара йӕ мад ӕмӕ нанаты фӕндаг…", — балхынцъ кодта Лариса.