Инвестпрограммӕ, уынгтыл афӕлгӕст

© Sputnik / Алексей КовалевПервый снег в Цхинвале
Первый снег в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
2016 азмӕ Инвестпрограммӕ рагхыгъд кӕны горӕты 11 уынджы хӕрзарӕзтад. Уыдонӕй ныридӕгӕн ӕхсӕз лӕвӕрд ӕрцыд эксплуатацимӕ, аннӕтыл цалцӕггӕнӕн куыстытӕ кӕронмӕ бахӕццӕ уыдзысты ацы азы кӕронмӕ.

ЦХИНВАЛ, 31 окт — Sputnik. Ӕхсӕз горӕттаг уынджы, кӕцытӕ хаст сты 2016 азы Инвестпрограммӕмӕ, ныридӕгӕн сты хӕрзарӕзт, ноджы ма фондз та лӕвӕрд ӕрцӕудзысты эксплуатацимӕ ацы азы кӕрон, фехъусын кодтой Sputnik къуырисӕры Хуссар Ирыстоны арӕзтады министрады пресс-службӕйы.

Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы уынгты хӕрзарӕзтад: цы бантыст саразын ӕмӕ цы арӕзт цӕуы

Министрады банысан кодтой, цалцӕггӕнӕн куыстытӕ ӕххӕстӕй ныридӕгӕн кӕй фесты Цхинвалы, Кобылы фырты, Остъайы фырты, Интернационалон, Гаглойты фырты ӕмӕ Горькийы уынгтыл.

Тугъанты Махарбеджы уынгыл цалцӕггӕнӕн куыстытӕ кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕнынц, кусджытӕ ӕвӕрынц асфальты дыккаг цъар. Дарддӕр райдайдзыстӕм кусын Хетӕгкаты Къостайы уынгыл. Ууыл куыстытӕ сты ӕххӕст, баззад ма сцалцӕг кӕнын чысыл фадыг, кӕцы раздӕр бындурон проектмӕ нӕ бахауд", — загътой арӕзтады министрады.

Иннӕ мӕйы та фӕнд кӕнынц асфальтӕй бамбӕрзын Хуыбылты Валерийы уынг (Цхинвалы цӕгаттаг хай). Ацы уынджы дыккаг хай — Фӕскъомцӕдисы уынгыл кусджытӕ вӕрынц канализацион хӕтӕлтӕ къӕвдайы донӕн, уымӕй дарддӕр уынджы дыккаг хай ӕмбӕзт у асфальты фыццаг цъарӕй.

"Асфальты фыццаг цъарӕй ӕмбӕрзт у сыхаг Дзаттиайы фырты уынджы хай. Иннӕ хайыл дӕр дарддӕр фӕндаг цӕттӕ кӕнынц асфальтӕй ӕмбӕрзынмӕ, афтӕ ма арӕзт цӕуынц тротуартӕ", — банысан кодтой уагдоны.

Централон Сталины уынгыл (Пушкины уынгӕй Абайты Уасойы уынджы онг) кусджытӕ айгӕрстой дӕлзӕхх коммуникацитӕ иууылдӕр, ныр уыдон ӕвӕрынц донисӕнтӕ ӕмӕ бордюртӕ.

Лев Кузнецов осмотрел строящиеся объекты в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Лев Кузнецов бахӕс кодта аиуварс кӕнын Цхинвалы арӕзтадон объекттыл хъӕндзинӕдтӕ

Уымӕй дарддӕр ма, ацы азы кӕронмӕ нывӕзты ис сцалцӕг кӕнын 13 Коммунарты уынг, кӕцы нӕу хаст Инвестпрограммӕйы фӕлгӕтты 2016 азы цы объекттӕ хъуамӕ ӕрцӕуой цалцӕг, уыцы номхыгъдмӕ.

Ацы уынгыл цалцӕггӕнӕн куыстытӕ ӕххӕст цӕуынц горӕт Цхинвалы администрацийы ресурстӕй ӕмӕ уый дӕр эксплуатацимӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн ацы азы кӕронмӕ.

Министрады пресс-службӕйыфехъусын кодтой, ӕппӕт ацы уынгтыл хӕрзарӕзтон куыстытӕ кӕронмӕ ӕххӕст кӕй ӕрцӕудзысты мӕйы ӕмгъуыдмӕ.

2016 азмӕ Инвестпрограммӕйы фӕлгӕтты 11 уынджы хӕрзарӕзтадӕн рахицӕн ӕрцӕудзӕн 260 милуан сомы, ноджы ма 220 милуан сомы та рахицӕн ӕрцӕудзӕн арӕзтадон монтажӕн, уырдӕм хауынц газы, доны ӕмӕ кабелон хӕтӕлты айгӕрст.

Ног хабӕртты лентӕ
0