Цхинвалы байгом ног базар

© Sputnik / Алексей КовалевНог базар Цхинвалы
Ног базар Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Базарадон объекты ӕрбайгомы церемонийы хайад райста РХИ-ы президент Тыбылты Леонид, афтӕ ма хицауады уӕнгтӕ.

ЦХИНВАЛ, 1 ноя — Sputnik, Босыкты Наталья. Ног арӕзт горӕттаг базар ӕрбайгом дыццӕджы Хуссар Ирыстоны столицӕйы. Ӕрбайгомы церемонийы хайад райста РХИ-ы президент Тыбылты Леонид.

День пожилых - Sputnik Хуссар Ирыстон
Премьер: хъӕуккӕгтӕн базары бынаты аргъ хъуамӕ уа символикон

Базарадон объект арӕзт ӕрцыд Цхинвалы центры раздӕры базары бынаты 2016 азӕн Инвестпрограммӕйы фӕлгӕтты. Ӕдӕппӕт дзы ис 120 базарадон бынаты, уыдонӕй 30 сты гом ӕмӕ 70 та ӕхгӕд.

Бахизӕны президент, хицауады уӕнгтӕ ӕмӕ столицӕйы мэрияйы кусджытыл сӕмбӕлдысты традицион ӕртӕ уӕлибых ӕмӕ нуазӕнимӕ. Павильонтӕ ӕмӕ хицӕн секциты лӕмбынӕг басгӕрсты фӕстӕ Тыбылты Леонид банысан кодта ног базары уӕлидзинадтӕ.

"Раздӕры базар иу ӕмбӕлон нормӕйӕн дӕр нӕ дӕтта дзуапп, ног объекты та ис алы уавӕртӕ дӕр амалиуӕггӕнджыты ӕнтыстджын куыстӕн", — загъта президент.

Тыбылты Леонид ма банысан кодта, зӕгъгӕ, объектыл ма цы чысыл аразинӕгтӕ баззад, уыдон кӕй хъӕуы аиуварс кӕнын ӕввахс рӕстӕджы, цӕмӕй кусджытӕ ма ӕййафой зынвадӕттӕ.

Базар аразынмӕ Цхинвалы мэрия ӕрӕвнӕлдта ацы аз марты.

© Sputnik / Алексей КовалевНог базар Цхинвалы
Ног базар Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/4
Ног базар Цхинвалы
© Sputnik / Алексей КовалевНог базар Цхинвалы
Ног базар Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/4
Ног базар Цхинвалы
© Sputnik / Алексей КовалевНог базар Цхинвалы
Ног базар Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/4
Ног базар Цхинвалы
© Sputnik / Алексей КовалевНог базар Цхинвалы
Ног базар Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/4
Ног базар Цхинвалы
1/4
Ног базар Цхинвалы
2/4
Ног базар Цхинвалы
3/4
Ног базар Цхинвалы
4/4
Ног базар Цхинвалы

Амалиуӕггӕнджытӕн рӕстӕгмӕ радтой базарадон бынӕттӕ горӕты ӕндӕр хӕйтты.

Базар ифтонг у ӕппӕт ӕнӕмӕнгхъӕуӕг ӕрмӕгӕй, бӕстыхӕйттӕ дих сты цалдӕр секторыл. Иуты дзы ис балхӕнӕн кӕсаг ӕмӕ дзидзайӕн, хицӕн бынӕттӕ уыдзӕн урсаджы ӕмӕ ӕндӕр продукттӕн. Ног арӕзт объектты уӕлидзинадтӕй ма иу ссис ӕнцонвадат парковкӕ, цӕй фӕрцы аскъуыддзаг машинӕты стыгуыры проблемӕ базары цур.

Цы фӕкӕнӕм нӕ дыргъ ӕмӕ нӕ халсар?

Базары директор Кораты Мзияйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ам ма уыдзӕн территори фермерон базарадӕн дӕр.

"Мах куыстам зынвадӕтты, фӕлӕ нӕ президент ӕмӕ йӕ лӕмбынӕг хъусдарды фӕрцы базары кусджытӕм, фӕзынд фадат ног, хӕрзарӕзт ӕмӕ ӕнцонвадат бӕстыхӕйтты кусынӕн. Бынат дзы ис ӕрмӕст горӕттаг амалиуӕггӕнджытӕн нӕ, фӕлӕ ма фермерон хӕдзарадты хицӕуттӕн дӕр", — загъта базары директор.

Уый ма банысан кодта, иу базарадон бынатӕн амалиуӕггӕнджытӕ ӕрвылбон кӕй фиддзысты фӕйнӕ 60 сомы —уырдӕм хауынц электроэнерги ӕмӕ ӕндӕр лӕггӕдты ӕргътӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0