ЦХИНВАЛ, 3 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Ирыстоны аивад ӕмӕ сфӕлдыстадмӕ стыр хайбарвæрд чи бахаста, уыцы гоймӕгтӕн Цхинвалы сæ хæдзæртты систыл сæнусон кæндзысты сæ нæмттæ, — загъта культурæйы министр Остъаты Мӕдинӕ.
Мемориалон фæйнæджытæ ацы аз фæзындзæн фыссæг Дзугаты Георгий, режиссер Хъайырты Владимир, поэттæ Икъаты Владимир æмæ Асаты Реуазæн.
"Азы райдайæны нӕ куыстӕн нывæзт куы арæзтам, уӕд афæлгæсыдыстæм, аивады архайджытӕй ацы аз юбиляртӕ чи сты, уыдоныл. Рахастам уынаффæ, ирон аивадмæ уæзгæ хуынтæ чи бахаста, уыдонæн мемориалон фæйнæджытæ бакæнын. Хъуамӕ фæсивæд зона аивады архайджыты, кæсой ирон фысджыты чингуытæ, цæуой чиныгдæттæм æмæ сын зонгæ кæной се сфæлдыстадимæ", — радзырдта министр.
Остъаты Мӕдинӕ ма банысан кодта, ацы аз мемориалон фӕйнӕджытӕ цы цыппар сфӕлдыстадон гоймӕгтӕн бакӕндзысты Цхинвалы, уыдонӕй фыццаг рады кӕй лæууы фыссӕг Дзугаты Георгий.
"Дзугаты Георгийæн фæйнæг хъуамæ сæвæрæм иу къуыримӕ, уымæн ацы аз нысан кӕнӕм йӕ 105 азы юбилей", — загъта уый.
Дзугаты Георгий у 40 чиныджы автор, йæ уацмыстæ тæлмац æрцыдысты уырыссаг, украинаг, сомихаг æмæ æндæр æвзæгтæм.
Асаты Реуаз, ирон поэт. Йæ уацмысты хсæн иууыл зындгонддæрыл нымад цæуы поэмæ "Капля крови". Мыхуыры йын рацыд йæ æмдзæвгæты æмбырдгондтæ "Белое облако, "Эхо времён", "Россыпь зёрен".
Икъаты Владимиры бирæнымæц уацмысты хсæн ис æмдзæвгæтӕ сабитæн дæр, стыр куыст бакодта тӕлмацы фадыджы дӕр. Мыхуыр ӕмӕ информацийы комитеты рауагъдадон нывӕзты фӕлгӕтты ивгъуыд аз рухсмӕ фӕзынд ирон литературӕйы антологийы ӕртыккаг том — Икъаты Владимиры хуыздӕр уацмысты ӕмбырдгонд.
Актер æмæ режиссер Хъайырты Владимир сценæйыл сæххæст кодта 50 фæлгонцы бæрц, уыййас сæвæрдта спектакльтæ дæр. Фыста пьесæтæ æмæ тæлмац кодта ирон æвзагмæ дунейы зындгонд драматургты уацмыстæ. Уый хъæппæрисæй 1957 азы фыццаг хатт ацыдысты хуссарирыстойнаг театры труппæйы гастролтæ Цæгат Ирыстоны.