Адӕмы иудзинады бон Хуссар Иры банысан кодтой патриотикон згъордӕй

© Sputnik / Алексей КовалевПробег Единства
Пробег Единства - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Адӕмы иудзинады бон Хуссар Ирыстоны ссардтой республикӕйы ирон ӕмӕ уӕрӕсейаг хъахъхъӕнджыты рухс нӕмттӕ, кӕцытӕ йӕ сӕрибардзинад балхӕдтой сӕ удтӕй.

ЦХИНВАЛ, 4 ноя — Sputnik, Хъотайты Мария. Цытджын митингтӕй, веноктӕ сӕвӕрынӕй ӕмӕ спортивон згъордӕй Хуссар Ирыстоны банысан кодтой ӕрыгон уӕрӕсейаг паддзахадон бӕрӕгбон.

Президент РФ Владимир Путин и президент Южной Осетии Леонид Тибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент: Адӕмы иудзинады бон Хуссар Иры нысан кӕнынц ӕрвылаз дӕр

Ацы бӕрӕгбон баст у Мӕскуыйы 1912 азы 4 ноябры польшӕйаг интервенттӕй ссӕрибар кӕнынимӕ. Уӕд адӕмон хӕдӕфсад сӕ раздзог Козьма Минин ӕмӕ къниаз Дмитрий Пожарскийы сӕргълӕудӕй ӕнтыстджынӕй штурмӕй систа Китай-Город, тыхӕй ӕркодта польшӕйы ӕфсады ӕвӕстиат капитуляци бафыссынмӕ.

Хуссар Ирыстоны Адӕмы иудзинады бон расидт не ′рцыд улӕфт бонӕй, фӕлӕ уагъд ӕрцыд цалдӕр цытджын мадзалы. Кӕд Мӕскуыйы майрӕмбоны дидинтӕ хӕссынц Минин ӕмӕ Пожарскийы цыртытӕм, уӕд Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад ӕмӕ цӕрджытӕ та хастой дидинтӕ уӕрӕсейаг фидауынгӕнджыты цыртмӕ ӕмӕ 5-ӕм астӕуккаг скъолайы кӕрты мемориалон уӕлмӕрдмӕ.

Райсомӕй фидауынгӕнджыты фӕзуатмӕ уӕрӕсейаг ӕфсӕддон службӕгӕнджыты рухс нӕмттӕ ссарынмӕ ӕрбацыдысты республикӕйы къухдариуӕгад, хицауады уӕнгтӕ, ахуыргӕнджытӕ, спортивон секциты ӕрыгон хъомылгӕнинӕгтӕ, 4-ӕм ӕфсӕддон базӕйы службӕгӕнджытӕ ӕмӕ дзыллӕйад. Ацы хъарм, хурдзаст бон уӕрӕсейаг ӕмӕ хуссарирыстойнаг гимнты зӕлтӕ хъуыстысты горӕты уынгтыл дӕрддыл.

Йӕ раныхасы республикӕйы президент Тыбылты Леонид банысан кодта, алы адӕмы царды дӕр националон ӕмуддзинад кӕй ахсы фыццаг бынат.

Более пятидесяти школьников в Северной Осетии получили паспорта в День Народного единства. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгатирыстойнаг скъоладзаутӕн Адӕмы иудзинады бон байуӕрстой паспорттӕ

"Ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр фӕлтӕрты чи ӕнгом кӕны, дин ӕмӕ политикӕмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, уыцы бӕрӕгбон абон нысан кӕнынц ӕппӕт Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны. Мах сымахимӕ хорз зонӕм, куыд ӕрбангом вӕййынц нӕ адӕм историйы ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр периодты. Мах стӕм раст фӕндагыл ӕмӕ къухдариуӕгады номӕй алкӕмӕ дӕр сидын, нацийы традицитӕ хъахъхъӕнгӕйӕ, ӕрбангом уӕм Уӕрӕсеимӕ ӕмиуады хъӕппӕрисмӕ. Мах истам ӕмӕ исӕм ӕххуыс уӕрӕсейаг къухдариуӕгадӕй ӕмӕ бадзырдтӕм гӕсгӕ, дарддӕр дӕр исдзыстӕм ӕххуыс нӕ стратегион партнерӕй", — загъта Тыбылты Леонид.

Дидинтӕ сӕвӕрды фӕстӕ бӕрӕгбон адарддӕр патриотикон азгъордӕй Фидауынгӕнджыты фӕзуатӕй 5-ӕм скъолайы кӕрты мемориалон уӕлмӕрды онг. Алыгъуызон спортивон секциты хъомылгӕнинӕгты рахицӕн гӕнӕн уыд сӕ уӕлӕдарӕсӕй. Разӕй цыд автомашинӕты колоннӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы фӕйлаугӕ тырысатимӕ. Згъорд уыд нывонд Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хъайтарты рухс нӕмттӕ арынӕн, кӕцытӕ сӕ цард радтой ирон адӕмы суверенитет ӕмӕ сӕрибардзинадӕн.

Цытджын мадзӕлттӕ балхынцъ кодта киноконцертон зал "Чермен"-ы Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы адӕмты хӕлардзинады тыххӕй документалон фильмы равдыст, уым ма патриотикон згъорды хайадисджыты схорзӕхджын кодтой дипломтӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0