Хуссар Ир, Казахстан ӕмӕ Беларусы хъӕлдзӕг фӕсивӕды ӕрбаиу кодта видеохид

© Sputnik / Алексей КовалевТелемост КВН
Телемост КВН - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хъӕлдзӕг ӕмӕ дзырдарӕхстты клубы 55 азы юбилейы агъоммӕ клубы хайадисджытӕ Хуссар Ир, Казахстан ӕмӕ Беларусӕй ӕрымысыдысты, куыд фӕцайдагъ сты ацы хъуыддагыл, бирӕ хынджылӕг кодтой ӕмӕ ӕрдзырдтой ацы популярон хъазты перспективӕты тыххӕй.

ЦХИНВАЛ, 7 ноя — Sputnik. Хъӕлдзӕг ӕмӕ дзырдарӕхстты клубы (ХДК) Ӕхсӕнадӕмон боны агъоммӕ Хуссар Ир, Казахстан ӕмӕ Беларусӕй хъӕлдзӕг фӕсивӕд ӕрныхас кодтой видеохиды рӕстӕджы, кӕцы уагъд ӕрцыд Sputnik мультимедион пресс-центры.

ХДК-ы Ӕхсӕнадӕмон бон Уӕрӕсе ӕмӕ Хӕдбар паддзахӕдты цӕдисы кӕцыдӕр бӕстӕтӕ фыццаг хатт банысан кодтой 2001 азы 8 ноябры. Уӕдӕй фӕстӕмӕ ацы бон ссис бӕрӕгбон, клубмӕ ахаст кӕмӕндӕриддӕр ис, уыдонӕн. Бӕрӕгбоны хъӕппӕрисы автор у ХДК-ы ӕхсӕнадӕмон клубы ӕнӕаивгӕ президент Александр Масляков. Ацы датӕ ӕвзӕрст ӕрцыд уымӕн, ӕмӕ ацы бон 8 ноябры 1961 азы эфиры рацыд ХДК-ы фыццаг хъазт.

Раздӕры ӕмӕ ныры ХДК-ы хайадисджытӕ ӕрымысыдысты, куыд фӕцайдагъ сты ацы хъуыддагыл, бирӕ хынджылӕг кодтой ӕмӕ ӕрдзырдтой ацы популярон хъазты перспективӕты тыххӕй.

"Мӕн фидарӕй уырны, раздӕры ХДК-ы хайадисджытӕ кӕй нӕ вӕййы, ӕмӕ махӕй ничи фӕсмон кӕны, кӕй равзӕрста ХДК. Куы ныллӕууыдыстӕм ацы фӕндагыл, уӕд хъуыды дӕр никуы акодтаиккам, Уӕлдӕр Лигӕмӕ кӕй бахаудзыстӕм, ныр та дзы райсдзыстӕм хайад дыккаг хатт", — загъта казахстайнаг командӕ "Спарта"-йы хайадисӕг Бауыржан Омаров.

Минскы командӕ "Лучшие друзья"-йы архайӕг Александр Комаровскийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ХДК ӕрмӕст хъазт нӕу, фӕлӕ цардуаг.

Хъӕлдзӕг ӕмӕ цыргъзонд фӕсивӕды командӕ 16+ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хаситы Михаил: спортӕй юморы архайын у зындӕр

"Уый у размӕцыд, хъӕлдзӕг ныхас, ног зонгæдзинӕдтӕ. Мах хорз хъуыды кӕнӕм ХДК-ы традицитӕ ӕмӕ махӕн дӕр ацы бӕрӕгбон тынг ахсджиаг у. Ӕмӕ ацы юбилейон бон мах, ӕвӕццӕгӕн, ӕрӕмбырд уыдзыстӕм, сӕвӕрдзыстӕм цай ӕмӕ ӕрымысдзыстӕм иууыл хъӕлдзӕг рӕстӕджытӕ", — загъта уый.

Хуссар Ирыстоны ХДК фыццаг командӕтӕй иуы архайӕг Карсанты Гурам дӕр радзырдта, куыд ӕрфидар сты республикӕйы ацы хъазты традицитӕ, фӕлӕ уӕззау рӕстӕджытӕ ӕмӕ ӕххуысы хъуагдзинад кӕрон скодтой хъӕлдзӕг хъӕппӕристӕн.

"Райдианы нӕ командӕйы ном уыд "Цхинвайлаг хъазджытӕ". 1998 азы мах истам хайад ХДК-ы конкурсы Сочийы, фӕлӕ ныл фӕндагыл ӕнкъарӕнтӕ афтӕ стых сты ӕмӕ мах афтӕ ныннозтам…цай, ӕмӕ куы ныххӕццӕ стӕм, уӕд бамбӕрстам, ахӕм уавӕры нӕ бон кӕй нӕу сценӕмӕ рахизын", — ӕрымысыд уый.

Уый фӕстӕ командӕ аскъуыддзаг кодта сӕ ном "Убежденные трезвенники"-мӕ раивын. Хъыгагӕн, командӕ бирӕ нӕ ахаста, фӕлӕ, Гурамы ныхӕстӕм гӕсгӕ, хайадисджытӕй бирӕтимӕ, уый нымӕцы Уӕрӕсе ӕмӕ ХПЦ-ы командӕтӕй, хӕлар у ныры онг дӕр.

Ноджы ма иу хуссарирыстойнаг "хъӕлдзӕг ӕмӕ дзырдарӕхст" Цхуырбаты Алан нымайы, хӕлардзинад ӕмӕ хъӕлдзӕг ныхӕстӕй дарддӕр ма хъазты мидӕг ахсджиаг нысаниуӕг кӕй ис уӕлахизы ӕнкъарӕнӕн.

Хуссарирыстойнаг командæ 16 плюс, г. Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссарирыстойнаг командæ хайад райсдзæн цыргъзонд фæсивæды клубы Юниор-Лигæйы

"Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, уӕлахиз у разӕнгард, кӕцыйы тыххӕй царды хъӕуы цыдӕртӕ аразын", — загъта уый.

Видеохиды хайадисджытӕн сӕ фылдӕр ныртӕккӕ ХДК-ы хъӕзтыты хайад исынӕй дарддӕр ма ӕххуыс кӕнынц сӕ республикӕты ӕрыгон командӕтӕн размӕ цӕуынӕн, дих кӕнынц семӕ сӕ фӕлтӕрддзинад ӕмӕ хъӕлдзӕг ныхӕстӕ.

Скъоладзатимӕ та куыд у кусын, уый тыххӕй радзырдта фӕсивӕдон командӕ "16+"-ы аивадон къухдариуӕггӕнӕг Хаситы Михаил. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, сывӕллӕттимӕ куыст у "бынтондӕр ӕндӕргъуызон, у вазыгджындӕр ӕмӕ домы тынг бирӕ тыхтӕ".
"Кӕд уӕ исчи кусы скъоладзаутимӕ, уӕд фидар фӕлӕууӕд", — бафӕдзӕхста уый йӕ коллегӕты.

Видеохиды хайадисджытӕ иууылдӕр сразы сты, ХДК-ӕн кӕй ис перспективӕтӕ, фӕлӕ уый тыххӕй хъӕуы серьезон ӕххуыс. Хуссарирыстойнаг хайадисджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ та, хорз бынӕттон командӕйы сырӕзт республикӕйӕн суаид тыхджын имиджон проект.

Ног хабӕртты лентӕ
0