Путин раарфӕ кодта Трампӕн йӕ уӕлахизы фӕдыл

© Sputnik / Марк Оваска /  Ахизын медиабанкмæСитуация у офисов избирательных кампаний кандидатов в президенты США
Ситуация у офисов избирательных кампаний кандидатов в президенты США - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейы президент банысан кодта, Мӕскуы ӕмӕ Вашингтоны ӕхсӕн конструктивон диалогы арӕзт дзуапп кӕй дӕтты дунейон ӕмӕхсӕнады хъӕппӕристӕн.

ЦХИНВАЛ, 9 ноя — Sputnik. Уӕрӕсейы президент Владимир Путин йӕ арфӕйы АИШ-ы равзаргӕ президент Дональд Трампӕн равдыста ныфс уӕрӕсейаг-америкӕйаг ахастытӕ кризисон уавӕрӕй рахизын кӕныны фӕдыл, хъусын кӕны Кремлы пресс-службӕ.

Кандидат в президенты США Дональд Трамп в день выборов президента США - Sputnik Хуссар Ирыстон
ДИФ: Трамп ӕвзӕрст ӕрцыд Америкӕйы президентӕй

"Йӕ телы Владимир Путин равдыста ныфс уӕрӕсейаг-америкӕйаг ахастытӕ иумӕйаг тыхтӕй кризисон уавӕрӕй рахизын кӕныны, афтӕ ма ӕхсӕнадӕмон боныфӕткы актуалон фарстытӕ скъуыддзаг кӕныны фӕдыл", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Уымӕй дарддӕр ма, уӕрӕсейаг президент равдыста ныфс, "Мӕскуы ӕмӕ Вашингтоны ӕхсӕн ӕмбар принциптӕ, кӕрӕдзийӕн цыт кӕнынад ӕмӕ кӕрӕдзи позицитӕ хынцынадыл цы конструктивон диалог бындуриуӕг кӕна, уый дзуапп кӕй дӕтты нӕ дыууӕ бӕстӕйы адӕмы ӕмӕ дунейон ӕмӕхсӕнады хъӕппӕристӕн".

Путины зӕрдӕ загъта Трампӕн стыр ӕнтыстытӕ ахӕм бӕрнон — паддзахады сӕргълӕууӕджы бынаты.

Ног хабӕртты лентӕ
0