Гозымты Хетӕг: ныфс мӕ ис, кӕй фӕбӕрзонддӕр кӕндзыстӕм ӕмбырдгонды ӕмвӕзад

© Sputnik / Виталий Белоусов /  Ахизын медиабанкмæХетаг Газюмов стал чемпионом мира по вольной борьбе
Хетаг Газюмов стал чемпионом мира по вольной борьбе - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Олимпиаг хъӕзтыты призер ӕмӕ дунейы чемпион уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй Гозымты Хетӕг нысан ӕрцыд Цӕгат Ирыстоны ӕмбырдгонды сӕйраг тренерӕй.

ЦХИНВАЛ, 9 ноя — Sputnik, Болататы Алина. Уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй Цӕгат Ирыстоны ӕмбырдгонды сӕйраг тренерӕй нысан ӕрцыд Гозымты Хетӕг. Ахӕм скъуыддзаг ист ӕрцыд РЦИ-А Уӕгъдибар хъӕбысхӕсты федерацийы рабадты рӕстӕджы. Ацы бынаты Гозымты Хетӕджы снысан кӕныны фӕдыл федерацийы уӕнгтӕ сразы сты ӕмхъӕлӕсӕй.

Пресс-конференция сборной России по вольной борьбе - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тедеты Дзамболат УСХФ хистӕры бынаты тыххӕй: хынджылӕг кодтон

"Мӕнӕн стыр цыт у, дунейы тыхджынтӕр ӕмбырдгондтӕй иуы сӕргъ кӕй слӕууыдтӕн. Ныфс мӕ ис, иннӕ тренертӕ йӕ, уӕлдайдӕр Тедеты Малик, цы бӕрзонд ӕмвӕзадмӕ скодтой, уый ноджы кӕй фӕбӕрзонддӕр кӕндзыстӕм", — комментаритӕ радта Гозымы фырт Sputnik йӕ снысан кӕныны фӕдыл.

Уымӕй размӕ Уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй Цӕгат Ирыстоны ӕмбырдгонды сӕйраг тренер уыд Тедеты Малик, кӕцы ныртӕккӕ нысан ӕрцыд Цӕгат Иры сӕргълӕууӕджы уынаффӕгӕнӕгӕй.

Гозымты Хетӕг у дунейы тыхджындӕр хъӕбысӕйхӕцджытӕй иу. Райгуырд ӕмӕ схъомыл Алагиры, у бынӕттон хъӕбысхӕсты скъолайы хъомылгӕнинаг. У ма дунейы, Европӕйы ӕмӕ Европӕйаг хъӕзтыты чемпион, олимпиаг хъӕзтыты призер. 2010 азы Гозымты Хетӕг нымад ӕрцыд дунейы хуыздӕр хъӕбысӕйхӕцӕгыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0