ЦХИНВАЛ, 10 ноя — Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы цӕгатварс микрорайон — "Мӕскуыйаг"-ы цӕрджытӕн ныридӕгӕн лӕвӕрд ӕрцыд 60 ордерӕй фылдӕр, загъта журналисттӕн горӕты мэр Ӕлборты Алан.
Мӕскуыйы хицауады фӕрӕзты руаджы арӕзт микрорайон "Мӕскуыйаг"-ы хӕдзӕрттӕ байуӕрстой 2009 азы. Фӕлӕ хӕдзӕрттӕ чи райстой, уыдонӕн бирӕ рӕстӕг фадат нӕ уыд ордертӕ райсынӕн.
Хицауадмӕ сӕвзӕрд дызӕрдигдзинад, цӕрӕнуӕттӕ раст дих кӕй не ′рцыдысты, уымӕ гӕсгӕ арӕзт ӕрцыдысты цалдӕр сгарӕн къамисы. Рӕстӕджы цыдимӕ цалдӕр бинонтӕн бантыст райсын ӕнӕмӕнгхъӕуӕг документтӕ.
"Горӕты хицӕуттӕ ныридӕгӕн радтой 60 ордерӕй фылдӕр. Уыдон лӕвӕрд ӕрцыдысты ахӕм бинонтӕн, кӕцытӕ цӕрӕнуат райстой, цы организациты кусынц, уыдон уылты. Кӕцыдӕр организацитӕ, куыд, МХМ, УУМ, культурӕйы министрад — ӕрбавдыстой ӕнӕмӕнгхъӕуӕг документтӕ. Хъӕуы хынцын, кӕй ницы райдиан документтӕ нӕм уыд, уымӕ гӕсгӕ ордертӕ раттынӕн ницы бындур уыд", — загъта мэр.
Журналисттӕ аздӕхтой горӕтты сӕргълӕууӕджы хъусдард уымӕ ӕмӕ районы ныры онг дӕр кӕй ис бирӕ афтид фатертӕ ӕмӕ коттеджтӕ, уымӕй дарддӕр ма дзы бирӕты адӕм цӕрынц ӕнӕзакононӕй.
"Уыимӕ дӕр нын ис бӕлвырд зындзинӕдтӕ. Ахӕм цаутӕ мах ныууагътам фӕстаг радмӕ. Мах бафӕлвардзыстӕм алы ӕууӕл дӕр сбӕлвырд кӕнын ӕмӕ тӕрхондоны уылты ахӕм цӕрджытӕн баххуыс кӕнын хӕдзӕрттӕ райсын. Алы хъуыддаг дӕр ӕвзардзыстӕм индивидуалон ӕгъдауӕй", — банысан кодта Ӕлборты Алан.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, афтид хӕдзӕртты хицӕуттӕ, кӕцытӕм ис ӕнӕмӕнгхъӕуӕг документтӕ, ӕрхӕссынц алыгъуызон аххосӕгтӕ, сӕ хӕдзӕрттӕ афтид цӕмӕн сты, уый фӕдыл. Иутӕ дзы хъаст кӕнынц сӕ ӕнӕниздзинадӕй, аннӕтӕ ӕрымысынц ӕндӕр аххосӕгтӕ. Бирӕтӕ дзы сты цӕттӕ сӕ хӕдзӕрттӕ ацы микрорайонӕй горӕты ӕндӕр районмӕ баивын.