ЦХИНВАЛ, 10 ноя — Sputnik, Козаты Диана. Бырӕтты полигоны ахст Цхинвалгӕронӕй ног бынатмӕ баст у Цхинвалы районы разамынадимӕ, кӕцы хъуамӕ ратта разыдзинад территори рахицӕн кӕныны фӕдыл, загъта цыппӕрӕмы журналисттӕн Хуссар Ирыстоны столицӕйы мэр Ӕлборты Алан.
Цхинвалы цӕгатварс микрорайонты цӕрджытӕ иу ӕмӕ дыууӕ хаты нӕ хъаст кодтой, йедзаг быгъдонӕй цы смаг цӕуы, уый фӕдыл. Ацы темӕйы фӕдыл арӕх уагъд цыдысты рабадтӕ ӕмӕ ӕмбырдтӕ, куыд мэрияйӕн йӕхимидӕг, афтӕ ма Хуссар Ирыстоны хицауад ӕмӕ парламенты. Sputnik дӕр иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ фыста ацы проблемӕйыл.
"Цхинвалы цӕгатварсмӕ мӕ куы хъӕуы цӕуын ӕмӕ куы ӕнкъарын уыцы ӕвзӕр тӕф, уӕд мӕм сӕвзӕры ахӕм хъуыды, уымы цӕрджытӕй мын алчидӕр мӕн ӕмӕ мӕ бинонты кӕй ӕлгъиты", — загъта уый.
Горӕты сӕргълӕууӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, тынг ахсджиаг у, цӕмӕй ног полигоны бынат уа ӕнцонвадат азы афонтӕй кӕцы фӕндыйы рӕстӕджы дӕр.
Мэр зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, 2014 азы уый кӕй банхъардта ног быгъдоны бынатӕн дыууӕ варианты Цхинвалы районы. Фӕлӕ сӕ нӕдӕр санэпидстанц, нӕдӕр ӕрдзон ресурсты комитет дӕр хорзыл нӕ банымадтой. Уӕд горӕты администраци уыдонӕн сӕхицӕн бахӕс кодта ӕмбӕлон бынат равзарын.
Уыдон цы вариант ӕрбавдыстой — Дменисы ӕрдӕм фӕндагыл, уыимӕ горӕты сӕргълӕууӕг цӕхгӕр разы нӕу, полигоны ног бынат та хъуамӕ равзӕрст ӕрцӕуа ӕлхынцъонӕй ӕмӕ архайа дӕргъвӕтин ӕзты.
"Ныры онг дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсын адекватон ӕнхъарӕнмӕ Цхинвалы район, санэпидстанц ӕмӕ ӕрдзон ресурстыы комитеты ӕрдыгӕй", — загъта мэр.
Раздӕр йӕ интервьюйы Sputnik горӕты мэр дзырдта, кӕй сӕм ис фӕнд уӕрӕсейаг быронрацарӕзтон организацитӕй иуимӕ бадзырд саразын. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы фирмӕйы кусджытӕ ныридӕгӕн уыдысты Цхинвалы, райдыдтой бырӕттӕ ӕвзарын ӕмӕ пресс кӕнын.
"Мах сын баххуыс кодтам быгъдоны бынатимӕ ӕмӕ пресс цы ран ис сӕвӕрӕн, уыцы бынатимӕ. Уыдон акуыстой иу мӕйӕ чысыл фылдӕр. Ныр хъуамӕ банымайой хӕрдзтӕ иууылдӕр — транспортон хӕрдзтӕ, кусӕгон тыхтӕ ӕмӕ ӕндӕртӕ. Уый фӕстӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм се ‘лхынцъон скъуыддзагмӕ — разы сты немӕ кусын ӕви нӕ. Цы фӕнды скъуыддзаг ма райсой, уӕддӕр нӕ хъӕуы нырма ног полигон, цӕмӕй фирмӕйӕн уа фадат ӕнӕкъуылымпыйӕ зӕронд бынаты кусын", — загъта Ӕлборты Алан.
Уый равдыста ныфс, ома кӕд фыццаг рӕстӕг экономикӕ ӕййафдзӕн зиӕнттӕ, уӕддӕр горты хицауад цӕттӕ у техникӕйӕ ӕмӕ ӕндӕр ӕххуыс бакӕнынмӕ.
"Ацы проблемӕйӕ фыццаджыдӕр тыхсынц горӕты цӕрджытӕ ӕмӕ уый ӕнӕаскъуыддзаг кӕнгӕйӕ, ӕз куы ацӕуон мэры бынатӕй, уӕд мӕ куыст банымайдзӕн ӕнӕзӕрдӕмӕдзӕугӕйыл", — фехъусын кодта Ӕлборты Алан.