Дыгъуызты Аланы фильм "Фӕсайдзӕ – амӕлдзӕ" равдисдзысты Цхинвалы

© Из архива А.ДогузоваКадры фильма "Соврешь - умрешь"
Кадры фильма Соврешь - умрешь - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон режиссер Дыгъуызты Аланы куыст 15 ноябры равдисдзысты хуссарирыстойнаг столицӕйы, киноконцертон зал "Чермен"-ы.

ЦХИНВАЛ, 11 ноя — Sputnik. Цхинвалы уагъд ӕрцӕудзӕн ирон режиссер Дыгъуызты Аланы нывӕфтыд фильм "Фӕсайдзӕ — амӕлдзӕ"-йы премьерӕ, фехъусын кодта Sputnik фильмы оператор Кӕсойты Алан.

Уӕрӕсейаг кинематографӕн табугӕнджытӕн уыдзӕн фадат лентӕмӕ бакӕсын 15 ноябры киноконцертон зал "Чермен"-ы.

Фильм Фæсайдзæ – амæлдзæ-йæ кадр - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Фæсайдзæ – амæлдзæ"

"Фæсайдзæ — амæлдзæ" у вазыгджын социалон-психологон драмæ, кæцы æрбамбырд кодта æхсæнады алыгъуызон фæлтæрты адæмы — нуазаг поэты, динамонæджы, олигархы, австалиаг эмигранты, скъолайы ахуыргæнæг æмæ рæсугъд бурхил сылгоймаджы.

Уыдон иууылдæр сты раздæры æмкъласонтæ, кæцытæ æрбацыдысты, цæмæй раарфæ кæной Иван Костромитинæн йӕ 40 азы юбилейы цытæн, кӕцы у хӕстон архӕйдтыты ветеран ӕмӕ у инвалидон къæлæтджынмæ баст. Уазджыты хсӕн ис Иваны раздӕры уарзон Света дӕр ӕмӕ йӕ скъолайон хӕлар Виктор. Цы хъӕуы ацы адӕмы? Иваны бирӕ ӕзты дӕргъы бӕрӕг дӕр никуы бакодтой, уӕд ыл ныр цы фӕзӕрды сты?

Алчидæр сæ раздæры æмкъласоны хæдзармæ æрбацæуы йæхи историимæ, кæцы дзуры æрмæстдæр уымæн. Бирæ æзты дæргъы æмбæхст хабæрттæ æргом кæнынц Иваны фатеры, сусæгдзинæдты иу хай баст у Иванæн йæхиуыл.

Кинофильмы операторон куыст дæр бакодта не ‘мзæххонтæй иу — Кæсойты Алан.

Ног хабӕртты лентӕ
0