"Остелеком" ӕнхъары фылдӕр трафик раздӕры ӕргътыл

© Sputnik / Алексей КовалевМегафон
Мегафон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ног интернет-опциты фӕлгӕтты абоненттӕн уыдзӕн фадат интернеты хӕрдзтӕ 35% фӕкъаддӕр кӕнын, уый фӕрцы та уыдзӕн фылдӕр интернет исыны фадат раздӕры аргъыл, фидарӕй дзуры "Остелеком".

ЦХИНВАЛ, 24 ноя — Sputnik. "Мегафон — Хуссар Ирыстон" фӕфылдӕр кодта трафикы гуырахст алыгъуызон интернет-опциты фӕлгӕтты, уый ӕмрӕстӕджы баззайдзысты раздӕры ӕргътӕ, фехъусын кодтой компанийы пресс-службӕйы.

Мегафон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Генпрокуратурӕ басгардзӕн "Остелеком"-ы финансон архайд

Раздӕр компанийы разамынад фидарӕй дзырдта, кӕй фӕкъаддӕр кӕндзӕн ӕргътӕ ӕмӕ фӕбӕрзонддӕр кӕндзӕн лӕггӕдты гъӕд. Хуссар Ирыстоны фыццаг вице-премьер Тъехты Аланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕргътӕ хъуамӕ фӕкъаддӕр уыдаиккой 30-40% ӕмӕ "баввахс уыдаиккой Цӕгат Ирыстоны ӕргътӕм".

"Компани "Мегафон — Хуссар Ирыстон" радон хатт гъӕдджындӕр кӕны опциты нымӕц мобилон пайдагӕнджытӕн ӕмӕ йӕ клиенттӕн ӕнхъары фылдӕр трафик абонентты ӕхсӕн иууыл популярондӕр опциты", — загътой пресс-службӕйы.

Ног уагӕвӕрд йӕ тыхы бацӕудзӕн декабры. Интернет-опциты "Прогрессивный интернет Лайт" (350 сомы 1,5 Гб), "Прогрессивный интернет Лайт плюс" (450 сомы 2,5 Гб), "Прогрессивный интернет Медиум" (550 сомы 3,5 Гб) ӕмӕ "Прогрессивный интернет Медиум плюс" (650 сомы 4,5 Гб) трафик фӕфылдӕр уыдзӕн 500 мегабайты бӕрц.

Трафикы бӕрц фӕфылдӕр кӕныны ӕмрӕстӕджы опциты абонентон аргъ баззайдзӕн раздӕрау. Опциты фӕлгӕтты абоненттӕ фӕкъаддӕр кӕндзысты сӕ хӕрдзтӕ 35% бӕрц, афтӕмӕй исдзысты фылдӕр интернет уыцы аргъыл.

Депутаттӕ æрдомдтой "Остелеком"-æй тарифтæ фæкъаддæр кæнын

ЗАО "Остелеком" — фыццаг мобилон бастдзинады оператор РХИ территорийыл. Компани арæзт æрцыд 2004 азы. 2010 азæй "Остелеком" ифтонг кæны бастдзинады лæггæдтæй мобилон бастдзинады фыццаг уæрæсейаг оператор бренд "Мегафон"-ы бын.

Январы Хуссар Ирыстоны парламент æрдомдта республикæйы иунæг мобилон операторæй, цæмæй фæкъаддæр кæна йæ тарифтæ æмæ фæхуыздæр кæна лæггæдты гъæд. Уыцы домæнæн бындур æрӕвæрдтой цæрджыты бирæнымæц хъæстытæ "Остелеком"-ы куысты тыххæй.

Бастдзинады лӕггӕдты зынаргъ ӕргъты ныхмӕ рацыд фӕсивӕды инициативон къорд дӕр. Дыууӕ къуыримӕ фӕсивӕд ӕрӕмбырд кодта авд мин къухфысты бастдзинады иунӕг операторы тарифты ныхмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0