Зонадон конференцийы ауагътой параллелтӕ Уастырджи æмæ Сыгъдæг Джиуæрджийы хсӕн

© Sputnik / Александр Уткин /  Ахизын медиабанкмæРегионы России. Республика Северная Осетия - Алания
Регионы России. Республика Северная Осетия - Алания - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зонадон кусджытæ бамбарын кодтой, Лæгты бардуаг - Уастыржийӕн, кæцыйæн ирон адæм табу кодтой Хуыцауы æмрæнхъ, сæхи фæдзæхстой нæ эрæйы агъоммæ дӕр, Сыгъдæг Джиуæрджи та цард нӕ эрӕйы III-IV æнусты.

ЦХИНВАЛ, 25 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Ирон традицитӕ ӕмӕ æгъдæуттæн нывонд зонадон-практикон конференцийы Цхинвалы æруынаффæ кодтой Уастырджийы зæд æмæ Сыгъдæг Джиуæрджийы хицæндзинæдтыл.

Православная рождественская ярмарка открылась в Калининграде - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рæстдинон армукъа "Чырыстон Ирыстон" байгом Дзæуджыхъæуы

Ацы къуыри ирон адæм нысан кæнынц Уастырджийы кувæн бонтӕ, уымæ гæсгæ мадзалы централон темӕ ссис уый. Конференцийы хайад райстой РХИ Зонад-Иртасӕн институты (ЗИИ) ӕмӕ библиотекӕты кусджытæ, ХИПУ æмæ скъолаты ахуыргæнджытæ æмæ ахуырдзаутӕ. Уыдон банысан кодтой, зӕгъгӕ, абоны онг дӕр адӕмӕй бирӕ чидӕртӕ не ‘мбарынц, цы хицӕндзинад ис рæстдинон Сыгъдæг Джиуæрджи æмæ ирон традицион уырнынады нӕлгоймӕгты, хӕстонты ӕмӕ бӕлццӕтты бардуаг Уастырджийы хсӕн ӕмӕ сӕ кӕрӕдзийӕ нӕ хицӕн кӕнынц.

"Уастырджи ирон æмбарынады удæгас адæймаг у, Сыгъдæг Джиуæрджиимæ йын иумæйагæй ницы ис. Уастырджийæн табу кодтой раг замантæй, Хуыцауы фӕстӕ уымӕн цыт кодтой иууыл тынгдӕр. Нысан та йæ кӕнӕм, Мадымайрæмы бæрæгбоны фæстæ хуыцаубонæй банымайгæйæ, 12 хуыцаубоны фӕстӕ. Сыгъдæг Джиуæрджи та у фæстæдæр фæзынд", — радзырдта зынгӕ ирон ахуыргонд, литератор ӕмӕ профессор Плиты Гацыр.

© Sputnik / Плиты ФатимаЗонадон конференци Цхинвалы
Зонадон конференци Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зонадон конференци Цхинвалы

Ацы фарстыл дзургæйæ, ЗИИ хистæр зонадон кусæг Джиоты Мурӕт дӕр банысан кодта, Уастырджийӕн ирон адӕмы фыдӕлтӕ сӕхи кӕй фӕдзӕхстой суанг нӕ эрӕйы агъоммӕ дӕр, афтӕ ма уый радзырдта, ӕвзонг чызджытӕн цӕмӕн ис гӕнӕн ӕмӕ хистӕр сылгоймæгтæн та цæмæннæ ис гӕнӕн кувын лӕгты бардуагмӕ, уыдӕтты тыххӕй.

"Гиппократы фыстытæй куыд бæлвырд у, афтӕмæй нæ фыдæлтæ — сæрмæттæн чындздзон чызджы моймæ нæ дæттой, цалынмæ æртæ знаджы амардтаид, уæдмæ. Уымæ гæсгæ чындздзон чызджытæ уыдысты хӕстон адӕм æмæ сæхи фæдзæхстой æфсæддонты бардуаг Уастырджийæн. Фæлæ иу сӕ амонд куы ссардтой, уæдæй фæстæмæ иу сæхи атигъ кодтой æфсæддон хъуыддагæй. Уымæ гæсгæ мойгонд сылгоймаг нæ кувы Уастырджимæ", — банысан кодта йӕ раныхасы Джиоты Мурӕт.

Ӕхсӕнадон организаци "Стыр Ныхасы" дӕлбар мыггæгты комитеты сæргълæууæг Хъоцыты Алвер та бацæттæ кодта цыбыр доклад рӕстдинон Сыгъдæг Джиуӕрджийы зӕххон цырдафысты тыххӕй.

Каменный крест в Морах - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тыбылты Леонид: чырыстон дин райстимӕ Алани бацыд раззагондӕр паддзахӕдты скондмӕ

"Сыгъдæг Джиуӕрджи цард III-IV æнусты. Уыд хæстон лæг, рæстдинон уырнынады фарс ӕмӕ йӕ уый тыххæй хъизæмар мард акодтой, ралыг ын кодтой йæ сæр. Йæ сыгъдæг буары хæйттæ сты Израилы, йæ сæргæхц та æндæр аргъуаны. Уымӕ гӕсгӕ ацы сыгъдӕджы Уастырджийы номимæ бæттын раст нæу", — радзырдта уый.

Афтæ ма Хъоцыты Алвер банысан кодта, Хуссар Ирыстоны территорийыл цы 540 кувæндоны ис, уыдонӕн се ʻмбисы бынæтты фӕстӕдӕр арæзт æрцыдысты чырыстон аргъуантæ.

Конференци уагъд ӕрцыд Анахарсисы номыл Цхинвалы республикон библиотекӕ ӕмӕ культурæйы министрады хъӕппӕрисӕй. Организатортӕ бадзырдтой радон конференци та ирон мыггæгты темӕйыл ауадзын.

Ног хабӕртты лентӕ
0