Говорун радзырдта Тыбылты Леонидӕн Цхинвалмӕ йӕ балцы фӕстиуджыты тыххӕй

© Sputnik / Алексей КовалевСтроительство театра
Строительство театра - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Йӕ дыууӕбонон визиты рӕстӕджы Цхинвалмӕ уӕрӕсейаг чиновник бабӕрӕг кодта Инвестпрограммӕйы объекттӕ, ауагъта ӕмбырдтӕ хицауады уӕнгтимӕ ӕмӕ фембӕлд президентимӕ.

ЦХИНВАЛ, 25 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы бахӕстӕгдзинады процесс у цӕстуынгӕ ӕмӕ республикӕ дарддӕр дӕр фӕнд кӕны уыцы фӕндагыл цӕуын, загъта президент Тыбылты Леонид Хуссар Ирыстон æмæ Абхазимæ социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл УФ президенты управленийы сæргълæууæг Олег Говорунимӕ фембӕлды рӕстӕджы.

Леонид Тибилов и Олег Говорун - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тыбылты Леонид ӕрдзырдта Олег Говорунимӕ 2016 азы Инвестпрограммӕйыл

Говорун цыппӕрӕмы ӕрцыд Цхинвалмӕ дыууӕбонон кусӕгон визитимӕ. Ам уӕрӕсейаг чиновник бабӕрӕг кодта Инвестпрограммӕйы объекттӕ, ауагъта ӕмбырдтӕ хицауады уӕнгтимӕ ӕмӕ фембӕлд президентимӕ.

"Объекттыл иууылдӕр уынӕм куыстыты хорз темпытӕ. Мах бузныг стӕм иумӕйаг куыстӕй, кӕцы не ′скъуыйы ӕмӕ сараздзыстӕм ӕппӕтдӕр, цӕмӕй нӕ нывӕзтты цы ис, уыдон среализаци кӕнӕм", — загъта Тыбылты Леонид.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, майрӕмбоны Мӕскуыйы бафыст цӕуы бадзырд пенсион фарстыты фӕдыл, ноджы ма иу бадзырд та МХМ-ы хаххыл бафыст ӕрцӕудзӕн ӕввахс рӕстӕджы. Президент банысан кодта, ацы документтыл бакуыст кӕй ӕрцыд Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ӕхсӕн ӕмцӕдисад ӕмӕ интеграцийы фӕдыл бадзырды фӕлгӕтты.

"Дыууӕ бӕстӕты хсӕн иумӕйаг бадзырдты нымӕц ахызт сӕдӕйы онг. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы бахӕстӕгдзинады процесс у цӕстуынгӕ ӕмӕ республикӕ дарддӕр дӕр фӕнд кӕны уыцы фӕндагыл цӕуын", — банысан кодта Тыбылты Леонид.

Олег Говорун фехъусн кодта президентӕн, йӕ визиты рӕстӕджы йын кӕй бантыст бабӕрӕг кӕнын объекттӕ, кӕцытӕ хъуамӕ ӕрцӕуой лӕвӕрд эксплуатацимӕ ацы азы кӕрон. Ӕдӕппӕт ацы объектты нымӕц у 25, 16 дзы ныридӕгӕн кӕронмӕ арӕзт сты, ноджы ма фараст та сты цӕттӕдзинады бӕрзонд ӕмвӕзадыл.

Тыбылты Леонид ӕмӕ Олег Говорун - Sputnik Хуссар Ирыстон
Олег Говорун раппæлыд Хуссар Ирыстоны арæзтады темптæй

"Мӕ зӕрдӕ мын барухс кодта арӕзтцӕуӕг медицинон кластер. Специалистты ныхӕстӕм гӕсгӕ, ахӕм ӕмвӕзадыл объект нӕй ӕнхъӕн Цӕгат Кавказы дӕр. Инвестпрограммӕйы ацы пункт у иттӕг хорз арӕзт, хӕрзарӕзтадмӕ хауӕг фарстытӕм гӕсгӕ. Махӕн нардуатисджытимӕ уыд бӕстон ныхас, кӕцытӕ радтой дзырд, куыстытӕ банысангонд ӕмгъуыдмӕ кӕй балхынцъ кӕндзысты", —загъта Говорун.

Уый банысан кодта, аз кӕронмӕ кӕй фӕхӕццӕ кӕны ӕнтыстджынӕй, фӕлӕ фидӕнмӕ хъӕуы райдайын кӕсын перспективӕимӕ.

"Тагъд рӕстӕджы райдайдзыстӕм нӕ куысты ног программӕйыл архайын. Ныридӕгӕн ын зонын йӕ ном, фӕлӕ ма уый фӕдыл ауадздзыстӕм уӕлӕмхас бадзырдтӕ", — бафтыдта Говорун.

Ног хабӕртты лентӕ
0