Азы кӕронмӕ Хуссар Иры юстицийы министрад басгардзӕн партиты

© Sputnik / Максим Богодвид /  Ахизын медиабанкмæПодсчет голосов
Подсчет голосов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Регистрацигонд партиты номхыгъдтӕ цӕуынц басгӕрст, цӕмӕй иу адӕймаг ма разына дыууӕ кӕнӕ фылдӕр партийы сконды.

ЦХИНВАЛ, 29 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны юстицийы министрад азы кӕронмӕ арвитдзӕн политикон партитӕм рекомендацитӕ фӕткхалыны цаутӕ аиуварс кӕныны фӕдыл, кӕцытӕ рабӕрӕг сты масштабон басгӕрсты рӕстӕджы, фехъусын кодта Sputnik уагдоны паддзахадон регистрацийы хайады кусӕг Кокойты Аринӕ.

Ӕвзӕрстытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Юстицийы министрад не ′руадздзӕн, цӕмӕй иу адӕймаг уа цалдӕр партийы сконды

Хуссар Ирыстоны регистрацигонд политикон партиты уӕнгты номхыгъдтӕ цӕуынц сгӕрст ныр ӕртӕ мӕйы дӕргъы. Уыцы рӕстӕджы Юстицийы министрады кусджытӕ басгӕрстой алы политикон баиугӕнд дӕр, цӕмӕй иу ӕмбӕстаг ма разына цалдӕр партийы сконды.

"Басгӕрсты рӕстӕджы алы партийы дӕр разынд ӕмцаутӕ партиты уӕнгты номхыгъдты. Ома алы партийы дӕр ис "дывӕр" стандарттӕ. Фӕлӕ уыцы цаутӕ арӕх не сты. Ӕдӕппӕт фӕйнӕ 15 ӕмцауы алы партийы дӕр. Фӕлӕ алы партийы дӕр иууыл къаддӕрӕй фӕйнӕ 500 уӕнджы кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ уыцы нымӕц бирӕ нӕу", — загъта Кокойты Аринӕ.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, алы парти дӕр райсдзӕн юстицийы министрадӕй фыстӕг, цӕмӕй сраст кӕной ауадзгӕ рӕдыдтытӕ.

Юстицийы министрад ма уадзы ноджы иу басгӕрст, ныры номхыгъдтӕ 2006 азӕй фӕстӕмӕ Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕй чи амард, уыцы ӕмбӕстӕгты номхыгъдтимӕ абаргӕйӕ.

"Мах ӕрдомдтам алы ЗАГС-ы хайадӕй дӕр, цӕмӕй нын ӕрбавдисой чи амард, уыцы адӕмы номхыгъдтӕ ӕмӕ сӕ абарӕм алы партийы номхыгъдтимӕ, цӕмӕй партиты ма разыной мард адӕмы нӕмттӕ", — загъта юстицийы министрады кусӕг.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ахӕм ӕмцаутӕ дӕр вӕййы.

РХИ юстицийы министрад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Юстицийы министрад фæдзæхсы…

"Кӕцыдӕр партиты номхыгъдты ис мард адӕмы нӕмттӕ ӕмӕ мыггӕгтӕ. Уый гӕнӕн ис ӕмӕ баст у уыимӕ, партитӕ ӕвзӕр кӕй кусынц, арӕх не ′мбӕлынц партийы скондимӕ, уымӕ гӕсгӕ алыхатт не сбӕлвырд кӕны йӕ уӕнгтӕй искӕцыйы амӕлӕты хабар. Кӕцыдӕр партитӕ тынг лӕмбынӕг хъусдард здахынц ахӕм цаутӕм ӕмӕ айсынц партиты номхыгъдтӕй мард адӕмы нӕмттӕ", — загъта Кокойты Аринӕ.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, басгӕрст адаргъ ис, уымӕн ӕмӕ партитӕ иууылдӕр нӕ радтой рӕстӕгыл хыгъдлӕвӕрдтӕ.

Ӕдӕппӕт Хуссар Ирыстоны регистрацигонд ис 14 политикон партийы.
Ныртӕккӕ республикӕйы арӕзт цӕуынц ноджы дыууӕ партийы — "Мӕсыг" ӕмӕ РХИ ЛДП. Юстицийы министрадмӕ документтӕ бадӕттыны ӕмгъуыд дыууӕ партийӕн дӕр ис ӕртӕ мӕйы.

Ног хабӕртты лентӕ
0