Парламент фехъусын кӕндзӕн президентон æвзæрстыты датӕ 15 январьмӕ

© Sputnik / Ада БагианЗдание парламента РЮО
Здание парламента РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президентон æвзæрстыты датæ параламент снысан кæндзæн ногазон улæфт бонты хӕдфæстæ, банысан кодта Хуссар Ирыстоны парламенты спикер.

ЦХИНВАЛ, 9 дек — Sputnik. Президентон æвзæрстыты бон снысан кæныны фæдыл уагæвæрд фидар æрцæудзæн 2017 азы 15 январьмæ, фехъусын кодта парламенты спикер Бибылты Анатолий.

Выборы президента Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Датӕ 9 апрель ӕмӕ президентон ӕвзӕрстыты ӕндӕр аспектты тыххӕй

Цыппæрæмы парламент райста баххæстгæнинæгтæ президентон æвзæрстыты фæдыл законмӕ, кæцытæм гæсгæ æвзæрстытæ хъуамæ ацæуой 2017 азы апрелы дыккаг хуыцаубон.

"Ныры законмæ гæсгæ, президентон æвзæрстытæ хъуамæ нысан æрцыдаиккой, фондз азы размӕ цы мæйы ацыдысты, уый дыккаг хуыцаубоны. Уæд сæ ауадзыны фæдыл парламент уагæвæрд райста 2012 азы 25 марты. Ацы документ хынцгæйæ мах æвзæрстытæ хъуамæ снысан кодтаиккам марты дыккаг хуыцаубонмæ", — загъта Бибылты Анатолий.

Уый банысан кодта, кӕй уыд æндæр хъуыды дæр — уӕд ӕвзӕрстыты дыккаг тур ацыд 2012 азы апрелы, уымæ гæсгæ ныры æвæзæрстытæ дæр хъуамæ ацыдаиккой уыцы мæйы.

Спикер парламента Анатолий Бибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий раразмӕ кӕндзӕн йӕ кандидатурӕ президентон ӕвзӕрстыты

"Фæлæ дыккаг тур æвзæрстытæ не сты, уый у 25 марты æвзæрстыты хъæлæсæппæрст. Бирæтæ мах азым кодтой, кæй нæ дæттæм бар президентæн йæ фондз азы æмгъуыд кæронмæ бакусын, кæцы йын нысангод у Констиутцийы. Цæмæй хицауады къабæзты хсæн ныхмæлæуд ма ʻрцæуа, уый тыххæй æз раразмæ кодтон хъæппæрис законмæ ивындзинæдтæ бахæссыны фæдыл", — загъта спикер.

Бибылты Анатолий ма банысан кодта, хицауад законмӕ баххæстгæнинæгтыл разы кӕй у æмæ йæ президент кӕй бафысдзæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0