ЦХИНВАЛ, 19 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны амалиуæггæнджытæ сæрибарæй ласынц сæ дыргътæ Уæрæсейы базартæм. Ныридæгæн цыппар парти æнæ цæлхдуртæй ахызт Хуссар Ирыстон æмæ Уӕрæсейы ‘хсæн паддзахадон арæны сæрты, фехъусын кодта Sputnik хицауады сæрдары хæдивæг Козаты Дмитрий.
Тыллæг аласынæн хъæуы фитосанитарон сертификат, базарадон- сæудæджерадон палатæйы справкӕ æмæ тыллæг цы районы ‘ркодтой, уырдыгæй бæлвырдгæнæн документтæ. Ацы документтæн нырмæ кæд тых нæ уыд, уæд ныридæгæн проблемӕ скъуыддзаг æрцыд.
"Амалиуæггæнджытæ сæ дыргъ ласын райдыдтой Уæрæсемæ. Нырмæ кæд сæ тыллæг ласыны рæстæджы бынæттон документтæн тых нæ уыд Уæрæсейы, уæд ныридæгæн ацы проблемӕ скъуыддзаг æрцыд. Цыппар парти ахызт паддзахадон арæны сæртыл æнæ цæлхдуртæй", — радзырдта хицауады сæрдары хæдивæг.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, ма цæмæй хъæуты фæллойгæнджытæн сæ хæрдзтæ къаддæр лæууой, уый тыххæй аивтой фитосанитарон сертификаты аргъ.
"Тон фæткъуыйæн амалиуæггæнджытæ истой хъæууон хæдзарады министрады фитосанитарон сертификат 500 сомӕй, ныр сын уый лæвæрд цæуы æнӕаргъæй. Ацы ивындзинæдтæ сæ тыхы бацыдысты абонӕй", — бафтыдта йæ ныхæстæм Козаты Дмитрий.
Уый ма равдыста æнæразыдзинад базарадон-сæудæджерадон палатæйы куыстимӕ. Ацы уагдоны амалиуæггæнджытæ ныууадзынц 3 5000 сомы, афтæмæй та сын æххуыс ницы сты.
Амæй размæ Sputnik фыста Цхинвалы районы цæрджыты проблемӕтыл, кæцытæ ацы аз ʻркодтой стыр тыллæг, фæлæ дыргъ цы фæкодтаиккой, уый нæ зыдтой. Нæ репортажы хъайтар Томайты Вадим ныридæгæн цæттæ кæны йæ фæткъуы ласынмæ.
"Хорзæрдæм фæивта нæ уавæр. Абон дæр цæуын хицауадмæ æмæ цæттæ кæндзæн мæ тыллæг фæсарæнтæм ласынмæ", — загъта Наниты хъæуы цæрæг Томайты Вадим.