Рӕмонаты Сослан - азы хуыздӕр спортсмен

© Sputnik / Александр Вильф /  Ахизын медиабанкмæБорец Сослан Рамонов.
Борец Сослан Рамонов. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Рио-де-Жанейройы олимпиаг хъæзтыты хъайтар Рӕмонаты Сослан нымад ӕрцыд хуыздӕр спортсменыл, "15 регион"-ы интернет-хъӕлӕсӕппӕрсты фӕстиуджытӕм гӕсгӕ.

ЦХИНВАЛ, 21 дек — Sputnik. Ирон спортсмен, уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй 2016 азы олимпиаг чемпион Рӕмонаты Сослан нымад ӕрцыд азы хуыздӕр спортсменыл "15 регион" —ы кӕсджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, хъусын кӕны агентад.

Награждение олимпийского чемпиона Сослана Рамонова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тыбылты Леонид схорзӕхджын кодта Уацамонгӕйӕ Рӕмонаты Сослан ӕмӕ йӕ тренерты

Хъӕлӕскӕнынады Рио-де-Жанейройы олимпиаг хъæзтыты хъайтар Рӕмонаты Сослан рамбылдта аннӕ ирон номдзыд спортсмен, IBF версимӕ гӕсгӕ боксӕй дунейы чемпион Гасситы Мурӕты ӕрмӕстдӕр 0,6%-ӕй.

"Интернет-хъӕлӕсӕппӕрсты рӕстӕджы спортсментӕн уыд иухуызон бӕрӕггӕнӕнтӕ. Кӕроны Рӕмонаты Сослан рахызт фыццаг рӕнхъмӕ — райста хъӕлӕсты 50,6%, Гасситы Муратӕн схъӕлӕс кодта 49,94%", — дзырдӕуы хъусинаджы.
Ӕдӕппӕтӕй бафарст ӕрӕмбырд кодта 1,5 мин адӕймагӕй фылдӕр.

Ивгъуыд аз ацы бафарсты фӕстиуджытӕм гӕсгӕ, хуыздӕр спортсменыл банымадтой Санаты Аидайы.

Рӕмонаты Сослан ссис олимпиаг чемпион уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй 65 кг уӕзы категорийы Рио-де-Жанейройы олимпиаг хъæзтыты рæстæджы.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0