ЦХИНВАЛ, 23 дек — Sputnik, Хъотайты Мария. Хуссар Ирыстоны столицӕйы администрацийӕн нӕй фадат сӕйраг ногазон наз бӕлас Цхинвалы Театралон фӕзуатыл сӕвӕрӕн, арӕзтадон куыстытӕ дзы кӕй цӕуынц, уый аххосӕй.
Традицион ӕгъдауӕй ногазон бӕлас ӕвӕрд цыд Хуссар Ирыстоны столицӕйы центры Паддзахадон драмон театры агъуысты раз,кӕцы фарон райдыдтой аразын ногӕй. Проект ма рагхыгъд кӕны фӕзуаты реконструкци дӕр, аразджытӕ дзырд дӕттой куыстытӕ уым кӕй балхынцъ кӕндзысты ноябры.
"Мах нырма нӕ равзӕрстам ӕмӕ нӕ ралыг кодтам наз бӕлас, уымӕн ӕмӕ йӕ куы ралыг кӕнӕм, уӕд ӕй ӕвӕстиатӕй хъӕуы фӕхӕццӕ кӕнын фӕзуатмӕ ӕмӕ сфӕлындын. Ногазон наз бӕлас традиционӕй цы бынаты вӕййы ӕвӕрд, уым нырма ӕххӕст цӕуынц арӕзтадон куыстытӕ.
Аразджытӕ баныфс ӕвӕрдтой, ӕввахс рӕстӕджы кӕй балхынцъ кӕндзысты куыстытӕ ӕмӕ нӕ кӕй бауаддзысты ацы территоримӕ", — загъта Sputnik мэрияйы минӕвар.
Хуссар Ирыстоны арӕзтады министрады банысан кодтой, кусджытӕ ныфс кӕй бавӕрдтой фӕзуат Ногазон мадзӕлттӕм бацӕттӕ кӕнын, ӕлхынцъон хӕрзарӕст та Ног азы фӕстӕ саразын.
"Тетры раз сраст кӕндзысты территори, бамбӕрздзысты йӕ бетонӕй, уымӕ гӕсгӕ дзы къуыппытæ-дзыхъхъытæ нал уыдзӕн. Ногазон бӕрӕгбӕтты фӕстӕ, наз бӕлас ист куы ӕрцӕуа, уӕд кусджытӕ адарддӕр кӕндзысты театры алыварс территорийы хӕрзарӕзтадон куыстытӕ", — загътой Арӕзтады министрады.