РХИ журналистты цӕдис тӕфӕрфӕс ракодта Ту-154 трагедийы фӕдыл

© Sputnik / Виталий Белоусов /  Ахизын медиабанкмæЦветы в память о погибших в крушении самолета Ту-154 Минобороны РФ
Цветы в память о погибших в крушении самолета Ту-154 Минобороны РФ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны журналистты цӕдис ТУ-154 фӕмардуӕвӕг пассажирты тыххӕй: уыдон уыдысты ӕхсарджын адӕм, бӕрзонд профессионалтӕ, Фыдыбӕстӕйы патриоттӕ.

ЦХИНВАЛ, 26 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны журналистты цӕдис ратӕфӕрфӕс кодта Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады хӕдтӕхӕг Ту —154 авиакатастрофӕйы фӕдыл.

Цветы у посольства России в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры хъынцъым кӕнынц Сочийы авиакатастрофӕйы амӕттӕгтыл

Ту-154 Сочийӕ фӕцӕйтахт Латакиямӕ. Хуыцаубоны райсомӕй уый ӕрхауд Сау денджызмӕ. Уӕлдӕфон науы бортыл уыдысты 84 пассажир ӕмӕ экипажы аст уӕнджы — ӕфсӕддон службӕгӕнджытӕ, Александровы номыл кафт ӕмӕ зарды ансамблы артисттӕ, уӕрӕсейаг дзыллон информацийы фӕрӕзты минӕвӕрттӕ.

"Республикӕ Хуссар Ирыстоны Журналистты цӕдис фӕмаст кодта Сау денджызы сӕрмӕ ӕрцӕугӕ трагедийы фӕдыл, кӕцыйы фӕстиуӕгӕн фӕмард сты уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгтӕ. Уыдон уыдысты кусӕгон командировкӕйы ӕмӕ фӕцӕйтахтысты Сиримӕ: иутӕ — цӕмӕй раарфӕ кӕной уӕрӕсейаг ӕфсӕддон контингентӕн Ног азы бӕрӕгбоны фӕдыл, аннӕтӕ та — сӕ кусӕгон хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ", — дзырдӕуы тӕфӕрфӕсы телы.

Президенто Республики Южная Осетия Л.Тибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тыбылты Леонид загъта тӕфӕрфӕс Владимир Путинӕн трагедийы фӕдыл

Хуссаристойнаг Журналистты цӕдисы банысан кодтой, фӕмардуӕвджытӕй бирӕтӕ арӕх кӕй уыдысты конфликтты зонӕты, бахаудысты тӕссаг уавӕры.

"Уыдон уыдысты ӕхсарджын адӕм, бӕрзонд профессионалтӕ, Фыдыбӕстӕйы патриоттӕ. Мӕсӕллӕй кӕнӕм фӕмардуӕвджыты хиуӕттӕ ӕмӕ хӕстӕджытӕн, ӕмӕ ацы уӕззау уысм стӕм уыдонимӕ", — дзырдӕуы тексты.

Сочийы цур хӕдтӕхӕг ТУ-154 ӕрхауыны фӕдыл Уӕрӕсейы 26 декабрь расидт ӕрцыд ӕппӕтнационалон фыдохы бонӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0