ЦХИНВАЛ, 10 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны иунӕг чырон оператор ӔАӔ "Остелеком" нывӕнды ацы аз зӕронд ифтонггарз ӕххӕстӕй раивын ӕмӕ фӕхуыздӕр кӕнын мобилон бастдзинад ӕмӕ Интернеты гъӕд, загъта Sputnik "Остелеком"-ы инфраструктурӕйы директор Дмитрий Коклин.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, компани ацы бонты райста телекоммуникацион базарады лидер — HUAWEI фирмӕйы уагъд ног нырыккон ифтонггарз. Уымӕн йӕ нысан у ӕппӕт республикӕйы "Остелеком"-ы архайгӕ ифтонггарз раивын.
"Архайгӕ ифтонггарз тынг дугивгъуыд у. Уӕрӕсейы ныхмӕ санкциты тыххӕй бирӕ фирмӕтӕ нал сразы сты немӕ кусын, уымӕ гӕсгӕ ифтонггарз раивын кӕнӕ фӕуӕрӕхдӕр кӕнын, ног бындурон станцтӕ аразын фадат нӕ уыд. Уый тыххӕй фӕстаг дыууӕ азы мидӕг райдыдтой къуыхцытӕ бастдзинадимӕ. Трафик ӕмӕ хъӕлӕсон ӕвдисӕйнӕгты бӕрц кӕны фылдӕрӕй фылдӕр, ифтонггарз та нӕ фӕразы ахӕм уаргъӕвӕрд", — загъта Коклин.
Уалдзӕджы райдианмӕ компани нывӕнды мадзӕлтты фыццаг этап балхынцъ кӕнын — чырон бастдзинады коммутатортӕ ӕмӕ контролертӕ раивын, уый фӕстӕ та кӕцыдӕр тестон бындурон станцтӕ скусын кӕнын. Мадзӕлттӕ иууылдӕр кӕронмӕ хъуамӕ бахӕццӕ уой сӕрдмӕ.
Коклин банысан кодта, республикӕйы районтӕй уалдзӕджы дӕр бацӕуӕн кӕдӕм нӕ вӕййы, уым ифтонггарз ивд кӕй ӕрцӕудзӕн фӕстӕдӕр.
"Ацы аз мах ивӕм бындурон станцтӕ иууылдӕр, уӕрӕхдӕр кӕнӕм, проблемӕтӕ кӕм ис, уыдон ӕмӕ хызӕг цалдӕр мӕй куы акуса, уӕд ауадздзыстӕм барстытӕ ӕмӕ цы бынӕтты разына проблӕмӕтӕ, уым иннӕ аз райдайдзыстӕм уӕрӕхдӕр кӕнын ӕмӕ аразын ног бындурон станцтӕ", — загъта "Остелеком"-ы техникон директор.
Уый фидарӕй загъта, ацы мадзӕлттӕ иууылдӕр ахъуз кӕй уыдзысты бастдзинады гъӕд фӕхуыздӕр кӕнын ӕмӕ чырон компанийы абоненттӕн зынвадӕттӕ хӕссӕг цухдзинӕдтӕ аиуварс кӕнын. Коклин загъта, алы бындурон станцӕн дӕр кӕй ис фадат лӕггад кӕнын бӕлвырд район ӕмӕ бӕлвырд нымӕц ныхӕстӕн.
"Адӕм райдыдтой фылдӕр пайда кӕнын интернетӕй ӕмӕ телефонӕй ныхас кӕнын, бындурон станцтӕ та нӕ фӕразынц уыйас уаргъӕвӕрд", — загъта уый.
Ифтонгграз раивыны фӕдыл куыстыты рӕстӕджы ис гӕнӕн ӕмӕ бастдзинад февзӕрдӕр уа чысыл рӕстӕгмӕ. Уыцы цухдзинӕдтӕ фӕкъаддӕр кӕныны нысанӕн "Остелеком" ӕмрӕстӕджы скусын кӕндзӕн дыууӕ хызӕджы — ног ӕмӕ зӕронд.
"Зӕрон бындурон станц кӕм хицӕн кӕнӕм, уым-иу сӕвзӕрдзӕн бӕлвырд цухдзинӕдтӕ, бындурон станц иу ахицӕн уыдзӕн иу-дыууӕ бонмӕ, цалынмӕ ног ифтонггарз ′скуса. Фӕлӕ мах бацархайдзыстӕм, цӕмӕй уыцы уаргъӕвӕрд исой сӕхимӕ сыхаг станцтӕ", — загъта Коклин.
Уый ма бафтыдта, абоненттӕн иууылдӕр развӕлгъау кӕй фехъусын кӕндзысты ахӕм цухдзинӕдты тыххӕй.
Ныртӕккӕ ӔАӔ "Остелеком" Хуссар Ирыстоны лӕггад кӕны 56 мин абонентӕн.
ЗАО "Остелеком" — фыццаг мобилон бастдзинады оператор РХИ-ы территорийыл. Компани арæзт æрцыд 2004 азы. 2010 азæй "Остелеком" ифтонг кæны бастдзинады лæггæдтæй мобилон бастдзинады фыццаг уæрæсейаг оператор бренд "Мегафон"-ы бын. Цæрджытæ арæх хъаст кодтой бæрзонд æргътæ æмæ лæггæдты æвзæр гъæдæй.
Фарон январы РХИ парламент æрдомдта, цæмæй "Остелеком" фæасламдæр кæна тарифтæ æмæ фæбæрзонддæр кæна лæггæдты гъæд.
Хуссар Иры фæсивæды инициативон къорд æрæмбырд кодта мобилон бастдзинады оператор "Остелеком"-ы зынаргъ интернет æмæ бастдзинады лæггæдты ныхмæ къухфысттæ.