Коцты Жанна: бюджеты хъахъхъӕд статьятӕ финансгонд цӕудзысты ӕххӕстбӕрцӕй

© Пресс-служба парламента РЮОПредседатель комитета парламента по по бюджету и налогам Жанна Кочиева
Председатель комитета парламента по по бюджету и налогам Жанна Кочиева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны парламенты бюджет ӕмӕ фиддонты фӕдыл комитеты разамонӕг фидарӕй дзуры, ӕмбӕстӕгтӕ кӕй хъуамӕ уой ӕнӕдызӕрдыг, ӕнӕрайст бюджеты уавӕрты уыдон кӕй нӕ баззайдзысты ӕнӕ ‘хцайы фӕрӕзтӕй.

ЦХИНВАЛ, 20 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны 2017 азмӕ бюджет райст кӕй не ′рцыд, уыцы хабар нӕ бандавдзӕн бюджеты хъахъхъӕд статьятыл — куыстмыздтӕ, стипендитӕ, фиддӕнтӕ, хӕрд ӕмӕ медикаменттыл, загъта бюджет ӕмӕ фиддонты фӕдыл парламентон комитеты разамонӕг Коцты Жанна.

Спикер парламента Анатолий Бибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий: иу адӕймаджы капризтӕ парламенты нымадмӕ ист нӕ цӕуынц

Парламент та дыццӕджы ногӕй систа боны фӕткӕй ацы азӕн паддзахадон бюджеты фарст. Хицауады катайы ӕппары, кӕй ма у тас ӕмӕ хосгӕнӕн уагдӕтты уӕззау рынчынтӕ баззайой ӕнӕ хӕрд ӕмӕ хосгӕнынадӕй.

"Ахӕм ныхӕстӕн ницы иудзинад ис реалон уавӕримӕ. Хъахъхъӕд статьятӕм, кӕцытӕм хауынц куыстмыздтӕ, стипендитӕ, сывӕллӕтты фиддӕнтӕ, хӕрд ӕмӕ медикаменттӕ, никӕмӕн ис бар ӕвналын. Ацы статьятӕ финансгонд цӕудзысты ӕххӕстбӕрцӕй", — загъта Коцты Жаннӕ.

Рынчынты бӕрзондтехнологон хоскӕнынад ӕмӕ хӕрд финанскӕнынады тыххӕй та депутат банысан кодта, кӕй ис уагӕвӕрд, кӕцымӕ гӕсгӕ уагдӕттӕн ис фадат парламентимӕ ӕрӕмдзых кӕнын финанстӕ, кӕцытӕ нӕ хауынц хъахъхъӕд статьяты номхыгъдмӕ.

Суинаг президентон ӕвзӕрстыты финанскӕнынады тыххӕй дзургӕйӕ та Коцты Жанна банысан кодта, ӕвзӕрстон барты бындурон гарантиты фӕдыл конституцион закон кӕй амоны, куыд хъӕуы архайын ӕнӕрайст паддзахадон бюджеты уавӕрты.

ДНР и ЛНР открыли свои представительства в Южной Осетии. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент: Хуссар Иры бюджет фидар не рцыд спикеры капризы тыххӕй

Депутат банысан кодта, закон кӕй рагхыгъд кӕны уыцы уавӕр дӕр — ӕвзӕрстытӕ уадзынӕн ӕхцайы фӕрӕзтӕ кӕд бюджетӕй хицӕн не ′рцӕуой, науӕд та ацы нысанӕн ӕхцайы фӕрӕзтӕ рӕстӕгыл куы нӕ ӕрцӕуой хицӕн, уӕд хӕрдзтӕ фыст цӕуынц банчы кредитты хуызы, кӕцытӕ ЦӔК-ӕн лӕвӕрд цӕуынц здӕхгӕ бындурыл.

"Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, дарддӕры комментаритӕ сты уӕлдайаг", — балхынцъ кодта Коцты Жанна.

Парламент дыццӕджы снысан кодта президентон ӕвзӕрстытӕ 2017 азы 9 апрелы ауадзын. Цыппӕрӕмы йӕ куыстмӕ ӕрӕвнӕлдта Централон ӕвзарӕн къамис дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0