ЦХИНВАЛ, 31 янв — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттӕ райстой 2017 азӕн паддзахадон бюджет. Паддзахадон бюджеты фӕдыл закон рахаст ӕрцыд фыццаг хатт, фарон ноябры йӕ хицауад куы ӕрбавдыста, уӕдӕй фӕстӕмӕ. Раздӕр парламент дыууӕ хатты систа фарст боны фӕткӕй.
Парламенты спикер бамбарын кодта, уыцы хъуыддаг кӕй уыд баст тӕрхондонон реформӕ ауадзыны къуылымпытимӕ ӕмӕ банысан кодта, Уӕлдӕр арбитражон тӕрхондонӕн, кӕцы ис ликвидацион мадзӕлтты ӕмвӕзадыл, нӕй гӕнӕн ӕмӕ ӕмрӕстӕджы уа бюджетон фӕрӕзты хицау. Финансты министр Хӕбӕлаты Аза депутатты законы бындурон пункттимӕ куы базонгӕ кодта, уый фӕстӕ закондӕттынад, закондзинад ӕмӕ бынӕтто6н хӕдразамынады парламентон комитеты разамонӕг Коцты Олеся бахаста ӕнхъарӕн документы текстмӕ барастгӕнинаг бахӕссын, цы ран ӕмбарын цӕуид уым Уӕлдӕр арбитражон тӕрхондоны фӕдыл рӕнхъы уӕвынад.
Барастгӕнинӕгтӕ бӕлвырд кӕнынц тӕрхондонон рацарӕзты мадзӕлттӕ балхынцъ кӕныны фӕдыл фӕлдзауӕн рӕстӕг, кӕцытӕ хъуамӕ кӕронмӕ бахӕццӕ уой 2018 азы 1 январы.
Барастгӕнинӕгтӕ Коцты Олеся комкоммӕ бюджеты фӕдыл уынаффӕты рӕстӕджы кӕй ӕрбавдыста, уый тыххӕй депутаттӕй кӕцыдӕртӕ равдыстой се 'нӕразыдзинад, зӕгъгӕ, сӕ бон нӕу схъӕлӕс кӕнын, зонгӕ сын цы нӕу, уымӕн.
Бирӕ быцӕуты фӕстӕ Бибылты Анатолий, банхъардта цӕмӕй депутаттӕ зӕгъой сӕ хъуыды бюджеты фӕдыл законмӕ барастгӕнинӕгтӕ бахӕссыны фӕдыл.
Уымӕн схъӕлӕс кодтой 19 депутаты. Партитӕ "Ныхас" ӕмӕ "Адӕмы иудзинад"-ы минӕвӕрттӕ минӕвӕрттӕ фӕуагътой ӕмбырдты зал, сӕхи хъӕлӕсӕппӕрстӕй атигъ гӕнгӕйӕ. Дыууӕ депутаты Адӕмон партийӕ схъӕлӕс кодтой бюджеты ныхмӕ, иу депутат та нӕ радта хъӕлӕс.
Уынаффӕты кӕрон спикер банысан кодта, хицауады дыууӕ къабазӕн дӕр кӕй арфӕ кӕны бюджеты райсты фӕдыл.
Финансты министр та бафиппайдта, "бюджет кӕй ӕрцӕудзӕн ист, куыддӕр ыл йӕ къух ӕрфысса президент, афтӕ".