ХӔЗ-ы командӕгӕнӕг басгӕрста Хуссар Иры базӕйы цӕттӕдзинад

© Sputnik / Саид Царнаев /  Ахизын медиабанкмæВоеннослужащие отдельной мотострелковой бригады ЮВО
Военнослужащие отдельной мотострелковой бригады ЮВО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны ӕфсӕддон цӕттӕдзинады ӕнӕнхъӕлӕджы басгӕрст расидт ӕрцыд баиугӕнды ӕфсӕддон цӕттӕдзинадӕн аргълӕвӕрды нысанӕн, банысан кодта ХӔЗ-ы командӕгӕнӕг.

ЦХИНВАЛ, 2 фев — Sputnik, Босыкты Наталья. Хуссар ӕфсӕддон зылды ӕфсады командӕгӕнӕг инӕлар-булкъон Александр Дворников басгӕрста Хуссар Ирыстоны уӕвӕг цыппӕрӕм ӕфсӕддон базӕйы дӕлхайадты цӕттӕдзинады уавӕр.

Батальонные тактические учения в ЮВО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны базӕйы басгӕрстой ӕфсӕддон цӕттӕдзинад

"Хуссар ӕфсӕддон зылды цыппӕрӕм ӕфсӕддон базӕ у сӕрмагонд баиугӕнд, кӕцы ӕххӕст кӕны нӕ райгуырӕн бӕстӕйы хуссар арӕнтӕ хъахъхъӕныны фӕдыл хӕслӕвӕрдтӕ. Абон мӕ уынаффӕмӕ гӕсгӕ уагъд цӕуы ӕфсӕддон цӕттӕдзинады ӕнӕнхъӕлӕджы басгӕрст, кӕцы у ацы базӕйы дӕлхайадты ӕфсӕддон цӕттӕдзинадӕн саргъ кӕныны бындурон хуыз", — банысан кодта Дворников.

Цхинвалы ӕфсӕддон базӕйы штабы радгӕсон сменӕйӕн фехъусын кодтой ӕфсӕддон бардзырд, цӕмӕй цӕттӕдзинады уӕлдӕр ӕмвӕзадмӕ раконд ӕрцӕуой мотоӕхсӕн, танкон ӕмӕ артиллерион дӕлхайадтӕ, афтӕ ифтонгады службӕтӕ ӕмӕ уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады дӕлхайадтӕ.
Ӕфсӕддон базӕйы цалдӕр дӕлхайады сыстын кодтой фӕдисы хъӕрӕй ӕмӕ сарӕзтой марш штатон техникӕйыл полигон "Дзарцъем"-мӕ, цы ран бакуыстой практикон хӕслӕвӕрдтыл быдырон уавӕрты.

"Басгӕрсты хайад райстой 500 ӕфсӕддон службӕгӕнӕгӕй фылдӕр ӕмӕ спайда кодтой 100 иуӕджы хӕстӕрмӕджытӕ ӕмӕ ӕфсӕддон техникӕйӕ, кӕцытимӕ уагъд ӕрцыдысты контролон-тактикон ӕмӕ тактикон-сӕрмагонд ахуыртӕ",- фехъусын кодта ХӔЗ-ы пресс-службӕйы минӕвар Дмитрий Кузьмин.

"Дзарцъем"-ы полигоныл дӕлхайӕдтӕ сарӕзтой ӕфсӕддон ӕхстытӕ танктӕй Т72А, фистӕгӕфсады ӕфсӕддон машинӕтӕй БМП-2, хӕдцӕугӕ артиллерион ӕвӕрдтӕй "Гвоздика", минӕхсӕгтӕй "Сани", автоматон ӕмӕ къухӕй гранатӕхсӕгтӕй АГС-17 ӕмӕ РПГ-7, афтӕ ма ӕхсӕн хӕцӕнгарзӕй.

Военные учения ЮВО на Северном Кавказе - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕфсӕддон ахуырты интенсивондзинад Хуссар Иры базӕйы фӕфылдӕр дыууӕ хатты

Басгӕрсты фӕстӕ саразгӕ фӕстиуджытӕм гӕсгӕ, командӕгӕнӕг Дворников дӕлхайадты архӕйдтытӕн саргъ кодта, куыд "ныфсджын".

58-ӕм иумӕйагӕфсӕддон дӕлхайадтӕ ӕмӕ баиугӕндтыл инспекцион балцы фӕлгӕтты командагӕнӕг басгӕрста ӕфсӕддон городокты инфраструктурӕйы объектты арӕзтады цыд, хӕстифтонгады, ӕфсӕддон техникӕ ӕмӕ ахуырадон- материалон базӕйы уавӕр. Командӕгӕнӕг уӕлдай хъусдард аздӕхта ахӕм фарстытӕм, куыд полигонтыл ӕфсады цӕттӕдзинады фӕдыл ахуырты организацийы ифтонгад ӕмӕ ӕфсӕддон дӕлхайадты цӕттӕдзинады мадзӕлтты ӕххӕст кӕнын.

Ног хабӕртты лентӕ
0