Цӕуыл дзырдта Сурков Хуссар Иры депутаттӕ ӕмӕ ЦӔК-ы уӕнгтимӕ

© Пресс-служба парламента РЮОВладислав Сурков в парламенте РЮО
Владислав Сурков в парламенте РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ратӕдзӕн радзырдта Sputnik, цӕуыл дзырдта Сурков Централон ӕвзарӕн къамис ӕмӕ парламенты.

ЦХИНВАЛ, 8 фев — Sputnik. Владислав Сурков ӕрдзырдта ӕвзӕрстыты фӕдыл Хуссар Иры ЦӔК-ы уӕнгтӕ ӕмӕ парламентон фракцитимӕ. УФ-йы президенты ӕххуысгӕнӕг Хуссар Ирыстонмӕ ӕрцыд дыццӕджы дыууӕбонон визитимӕ. Уый бабӕрӕг кодта Инвестпрограммӕйы фӕлгӕтты арӕзтцӕуӕг объекттӕ, ныхас кодта президент Тыбылты Леонидимӕ.

Фембӕлд ЦӔК-ы

Централон ӕварӕн къамисмӕ фембӕлдмӕ журналисттӕ хуынд не ′рцыдысты.

Президент РЮО Леонид Тибилов и помощник президента РФ осматривают здание театра - Sputnik Хуссар Ирыстон
Владислав Сурковӕн Цхинвалы равдыстой сывӕллӕтты рынчындон ӕмӕ драмтеатр

Фӕлӕ Sputnik ратӕдзӕн ЦӔК-ы куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй уӕрӕсейаг президенты ӕххуысгӕнӕг ныхасы рӕстӕджы бамбарын кодта, президентон ӕвзӕрстыты Уӕрӕсе иууыл ахсджиагылдӕр кӕй нымайы законы домӕнты карз ӕххӕст.

Сурков банысан кодта, Хуссар Ирыстонӕн дӕр ӕмӕ йӕ партнер — Уӕрӕсейӕн дӕр тынг ахсджиаг кӕй у, цӕмӕй ӕвзӕрстытӕ ацӕуой сабырӕй, ӕргомӕй, ӕвзӕрстон кампанийы ӕмӕ кандидатты регистрацийы рӕстӕджы мауал сфӕлхатт уа 2011 азы сӕвзӕргӕ уавӕр.

Чиновник банысан кодта, уый бирӕбӕрцӕй кӕй у баст Централон ӕвзарӕн къамисы алы уӕнгимӕ дӕр.

Фембӕлдтӕ парламенты

Парламенты Владислав Сурков фембӕлды спикер Бибылты Анатолий ӕмӕ ӕртӕ паралментон партиты — "Иугонд Ирыстон", "Адӕмы иудзинад" ӕмӕ "Ныхас"-ы минӕвӕрттимӕ. Ӕмӕ кӕд Хуссар Ирыстоны парламенты ис цыппар парти, уӕд "Адӕмон партиимӕ" фембӕлын нӕ уыд Сурковы нывӕзтты.

Уӕрӕсейаг чиновник ам дӕр дзырдта арӕзт системӕ бахъахъхъӕныны ӕнӕмӕнгхъӕуӕгндзинадыл, политикон кризисы уавӕр, "республикӕйы райрӕзт ӕмӕ размӕцыды процесстӕм ӕбӕрнон ӕмӕ ӕнӕпрофессионалон ахасты" рӕстӕджытӕм раздӕхын ма руадзыныл.

"Мӕ нымадмӕ гӕсгӕ, фӕстаг рӕстӕджы махӕн бантыст ӕмархайды механизм срӕвдз кӕнын, куыд ӕххӕстгӕнӕн, афтӕ закондӕттӕн хицауадимӕ. Ацы процесс рахызт ӕххӕстбӕрц куысты ӕмвӕзадмӕ", — загъта Сурков.

Уый банысан кодта, Уӕрӕсейы ивгъуыд ӕзты цы ӕппӕрста катайы, уыдӕттӕй бирӕ цыдӕртӕ кӕй баззадысты ивгъуыды.

Президент Южной Осетии Леонид Тибилов и помощник президента РФ Владислав Сурков - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сурков: Уӕрӕсейы нӕ фӕнды, цӕмӕй Хуссар Ирмӕ раздӕха "талынг ивгъуыд"

"Уӕ зӕрдыл уын лӕууын кӕнын, 2013 азы ма ӕхгӕд кӕй ӕрцыд финансон ӕххуыс дӕр, уымӕн ӕмӕ ӕрӕмбырд тынг бирӕ претензитӕ ӕмӕ дызӕрдыгдзинад фӕрӕзтӕ хардз кӕныны эффективондзинады фӕдыл, фӕлӕ иумӕйаг тыхтӕй, уый нымӕцы ӕххӕстгӕнӕн ӕмӕ закондӕттӕн хицауады тыхтӕй, рӕвдз ӕрцыд механизм, кӕцымӕ гӕсгӕ уӕрӕсейаг фӕрӕзтӕ пайдагонд цӕуынц бӕрӕг эффективондӕрӕй. Зонын ӕй, куыд оппозици, афтӕ критикӕйы бын кӕй кӕнут архайгӕ хицауад ӕмӕ уый нормалон у. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ис бирӕ цухдзинӕдтӕ, ис проблемӕтӕ, фӕлӕ иумӕйагӕй ныртӕккӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы къухдариуӕгады ӕхсӕн ис ӕууӕнчы беспрецендентон ӕмвӕзад, бантыст нын раздӕры негативы сӕрты ахизын", — загъта Сурков парламенты.

Ӕртыццӕджы уӕрӕсейаг президенты ӕххуысгӕнӕг нывӕнды ауадзын цалдӕр фембӕлды, уый нымӕцы Генпрокуратурӕ ӕмӕ РХИ Уӕлдӕр тӕрхондоны.

Ног хабӕртты лентӕ
0