Хуссар Ирыстоны консул РЦИ-Аланийы: мах агитацион куыст нӕ кӕнӕм

© FacebookКонсул РЮО в Северной Осетии Морис Санакоев
Консул РЮО в Северной Осетии Морис Санакоев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цӕгат Ирыстоны территорийыл Хуссар Ирыстоны президентон ӕвзӕрстытӕм цӕттӕ кӕныны ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы хуссарирыстойнаг консулады куысты тыххӕй Sputnik Хуссар Ирыстоны уацхӕссӕг Сабеты Аланайӕн радзырдта йӕ къухдариуӕггӕнӕг, консул Санахъоты Морис.
Морис Борисы фырт, цал ӕвзарӕн фадыджы ӕрбайгом уыдзӕн Цӕгат Ирыстоны? Радзур ма, цы хъӕуы аразын хуссарирыстойнаг ӕмбӕстӕгтӕн, кӕцытӕ сфӕнд кодтой РЦИ-Аланийы схъӕлӕс кӕнын?
Выборы президента Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгат Ирыстоны ӕрбайгом уыдзӕн РХИ президенттӕм ӕвзӕрстыты фӕдыл ӕртыккаг фадыг

— Абоны бонмӕ скъуыддзагмӕ гӕсгӕ, ӕрбайгом уыдзӕн ӕртӕ ӕвзарӕн фадыджы. Уыдонӕй дыууӕ ӕвӕрд уыдзӕн консулады территорийыл (74-ӕм ӕмӕ 75-ӕм) ӕмӕ иу та Горӕтгӕрон районы Октябры хъӕуы (77-ӕм). Йӕ бынат нырма бӕлвырд нӕу, фӕлӕ ӕвӕццӕгӕн ӕрбынат кӕндзӕн хъӕууон клубы.

Хуссарирыстойнаг ӕмбӕстӕгтӕй РЦИ-Аланийы чи ис, уыдонӕн сӕ бон уыдзӕн хуссарирыстойнаг паспортимӕ ӕрбацӕуын кӕцыфӕнды фадыгмӕ дӕр. Фадыгон ӕвзарӕн къамис уыдон бахӕсдзӕн номхыгъдмӕ, ӕвзарӕгӕн лӕвӕрд цӕудзӕн дыууӕ бюллетены хъӕлӕсӕппӕрстӕн: иу — президентон ӕвзӕрстытӕн, аннӕ та референдумы хайад райсынӕн.

— Развӕлгъау хъӕуы бацӕуын консуладмӕ науӕд та ӕвзарӕн къамисмӕ схъӕлӕс кӕныны тыххӕй?

— Нӕйы. Нӕ законмӕ гӕсгӕ, ӕмбӕстӕгтӕн ис фадат фадыгон ӕвзарӕн къамисмӕ ӕрбацӕуын хъӕлӕсӕппӕрсты бон дӕр. Ахӕм практикӕ нын уыд 2006 азы дӕр. 2012 азы мах уагътам ӕвзӕрстытӕ Рукъы. Уым уыд дыууӕ фадыджы. Хъӕлӕсӕппӕрсты процедурӕ уыд растдӕр ахӕм.

— Ис афтӕ гӕнӕн ӕмӕ ӕмбӕстӕгтӕ дыууӕ хатты схъӕлӕс кӕной?

— Фӕлывд митӕн дзы бынат нӕ уыдзӕн. Алы бюллетеныл дӕр сӕ къух ӕрфыссынц кандидатты минӕвӕрттӕ, иу кандидаты минӕвары къухфыст дӕр дзы куы нӕ фаг кӕна, уӕд бюллетень сафы йӕ тых. Хъӕлӕсӕппӕрсты процедурӕйы фӕстӕ Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстаджы паспорты ӕвӕрд цӕуы сӕрмагонд печать.

— Цы информаци ис, цал хуссарирыстойнаг ӕмбӕстаджы ӕрбацӕудзӕн Дзӕуджыхъӕуы ӕмӕ Октябры ӕвзарӕн фадгуытӕм?

— Тынг зын у ӕввахсон цифрӕ дӕр зӕгъын. 2008 азы августы фӕстӕ бирӕ бинонтӕ ӕрыздӕхтысты Хуссар Ирыстонмӕ. Номхыгъдтӕ нӕм нӕй, фӕлӕ нӕм ис иумӕйаг ныв — ам, Цӕгат Ирыстоны кӕй цӕрынц тынг бирӕ хуссарирыстойнаг ӕмбӕстӕгтӕ. Дыууӕ республикӕйы ӕхсӕн миграци у бӕрзонд.

Ивгуыд президентон ӕвзӕрстыты рӕстӕджы схъӕлӕс кодтой цыппар минмӕ ӕввахс адӕймаджы, фӕлӕ уый баст уыд уыимӕ ӕмӕ схъӕлӕс кӕныны тыххӕй кӕй хъуыд ацӕуын Рукъмӕ. Уӕд мах организацигондӕй хӕццӕ кодтам адӕмы ӕвзарӕн фадгуытӕм, фӕлӕ уазал боныгъӕды ӕмӕ Хуссар Ирыстонмӕ цӕуыны ӕнӕмӕнгхъӕуындзинады тыххӕй схъӕлӕсгӕнджыты нымӕц стыр нӕ уыд.

— Куыд арӕзт уыдзӕн ӕвзарӕн фадгуыты куыст Цӕгат Ирыстоны?

Выборы в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕртыккаг фадыг Цӕгат Иры: законы фехӕлд ӕви ӕвзарӕджы бартӕ

— Фадыгон ӕвзарӕн къамистӕ арӕзт цӕуынц политикон партитӕ ӕмӕ кандидаттӕн сӕхи куырдиатмӕ гӕсгӕ. Ӕвзарӕн къамисы уӕнгтӕ, фыццаджыдӕр, хъуамӕ уой Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕ. Консулад йӕ хъус дардзӕн ацы къамисты сырӕзтмӕ, сӕ сӕрдӕртты снысанмӕ. Мах ныфс ис, ӕввахс рӕстӕджы къамистӕ кӕй райдайдзысты ӕвзӕрстытӕм цӕттӕгӕнӕн куыст.

Уыдоны хъӕуы райсын инструктаж Централон ӕвзарӕн къамисӕй. Уыдзӕн сын сӕ куыст кӕныны фадат кӕцыфӕнды ӕвзарӕн фадыджы территорийыл дӕр. Бахъуыды рӕстӕджы мах бахатдзыстӕм Цӕгат Ирыстоны Централон ӕвзарӕн къамисмӕ дӕр ӕххуысы фӕдыл.

— Ӕнхъӕлмӕ кӕсут фӕсарӕйнаг цӕстарджытӕм уӕ фадгуыты?

— Цӕстарджытӕ иууылдӕр хъуамӕ райсой аккредитаци Хуссар Ирыстоны ЦӔК-ы. Уый фӕстӕ уыдонӕн сӕ бон у кусын кӕцыфӕнды ӕвзарӕн фадыджы территорийыл дӕр. Ӕнӕмӕнгхъӕуӕг нӕм у алкӕцы кандидаты цӕстдарӕджы уӕвынад дӕр.

— Консулад кандидатты штабтимӕ искуыд кусдзӕн ӕви нӕ?

— Мах ӕмхуызон дард стӕм алы кандидатӕй дӕр ӕмӕ агитацион куыст нӕ кӕнӕм. Президенттӕм кандидаттӕ иууылдӕр махӕн фыццаджыдӕр сты Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕ ӕмӕ нӕ хӕс у уыдонӕн ӕмхуызон ӕххуыс бакӕнын.

Фӕнды ма мӕ банысан кӕнын, Цӕгар Ирыстоны кандидатты штабты минӕвӕрттӕн кӕрӕдзиимӕ кӕй ис хӕларадон ахастытӕ.

— Цавӕр куырдиӕттимӕ уӕм ӕрбахатынц арӕхдӕр консуладмӕ?

— Махмӕ ӕрбацӕуынц алыгъуызон куырдиӕттимӕ, цардуагон фарстытӕй юридикон проблемӕты онг. Активонӕй кусӕм фӕсивӕдимӕ, студенттимӕ.

— РЦИ-Аланийы территорийыл Хуссар Ирыстоны консулады куыстӕн цы хицӕндзинад ис?

— Нӕ консулад Дзӕуджыхъӕуы байгом ӕрцыд ӕртӕ азы размӕ. Не ‘мбӕстӕгтӕй сӕ фалдӕрӕн ис уӕрӕсейаг паспорттӕ, Уӕрӕсейы территорийыл уыдон нымад сты УФ ӕмбӕстӕгтыл. Махӕн алыхатт нӕ фӕгӕнӕн вӕййы уыдон нӕ юрисдикцийы бынмӕ райсын ӕмӕ сын баххуыс кӕнын, уымӕ гӕсгӕ фӕхъӕуы агурын баланс. Махӕн сӕйраг сты не ‘мбӕстӕгтӕ.

— Скъуыддзаг ӕрцыдысты лигъдӕтты цӕрӕнуӕттӕй сифтонг кӕныны проблемӕтӕ?

— Уый тыххӕй бафӕрсын хъӕуы бынӕттон хицауады. Ӕз куыд зонын, афтӕмӕй 90-ӕм ӕзты райстӕуыд уынаффӕ, цӕмӕй хуссайраг ирӕттӕ Цӕгат Ирыстоны нымад ма цӕуой лигъдӕттыл. Уымӕй дарддӕр ма уыдонӕн сӕ фылдӕрӕн ис уӕрӕсейаг паспорттӕ. Уӕд лигъдӕтты статус радтой Гуырдзыстоны мидӕггагон районтӕй ралидзгӕ ирӕттӕн.

— Цас фӕстиуӕгджын у уӕ ӕмгуыстад бынӕттон хицауады уӕнгтимӕ?

— Фӕстаг ӕзты не ‘мгуыстад кӕны фидарӕй фидардӕр. Проблемӕтӕ скъуыддзаг кӕнынӕн ис иугъуызон уынынад. Уымӕй дарддӕр ма махӕн им ӕнгом ахастытӕ Уӕрӕсейы ФХМ минӕварадимӕ Цӕгат Ирыстоны.

— Цал адӕймаджы кусы консулады?

— Махмӕ кусы фондз адӕймаджы. Уыдон фаг сты нӕ разы ӕвӕрд хӕстӕ скъуыддзаг кӕнынӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0