ЦХИНВАЛ, 15 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны компани "Мегафон" бастдзинады лæггæдтæй пайдагæнджытæн æнхъары ног хæрзиуæг "Детский инернет". Ногдзинады фæрцы ныййарджытæн фадат ис интернеты тыгъдады сæ цоты тæссаг информацийæ бахизын, фехъусын кодта Sputnik компанийы æхсæнадимæ бастдзинæдты фæдыл специалист Ӕлборты Елена.
Интернеты тыгъдады фæзынд алыгъуызон тæссаг сайттæ, социалон хызæгты ис, зондахаст чи сафы, ахӕм наркотиктæ æмæ ӕндӕр буарыгъæдтæй пайда кæнынмæ сидтытæ, ис къордтæ, кæцыты фæсивæдмæ сидынц сӕхи амарынмæ.
"Мегафон"-ы ног лӕггӕдты аргъ лæууы мæй 60 сомы æмӕ æхгæны тæссаг контентимæ интернетсыфтæ.
"Хæрзиуæг "Детский интернет" фадат дæтты аиуварс кæнын æнæхъæугæ информаци, уый нымæцы баннертæ æмæ реклама. Уый фæрцы ма популярон агурæн системæты Google, Yandex, Yahoo, Bing, Rambler цæудзæн æдас агуырд, стæй ма портал YouTube-ыл дæр сервис хизы ахæм сайттæй, кæцытæ нымад сты хистæр кары аудиторийӕн", — радзырдта Ӕлборты Елена.
Уый ма банысан кодта, хæрзиуæг "Детский интернет"-ӕн баиугæнæн ис куыд компанийы сервисон центрты, афтæ хæдхъомадæй дæр.