Президенты пресс-секретарь: Уӕлдӕр тӕрхондоны уынаффӕтӕ дызӕрдыггаг не сты

© Sputnik / Алексей КовалевЗдание правительства
Здание правительства - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президент "нӕдӕр йӕхӕдӕг, нӕдӕр искӕй бауадздзӕн тӕрхондонон системӕйыл ӕндавын ӕмӕ Хуссар Ирыстоны уавӕры дестабилизацийы фӕдыл нывӕзтты реализацийӕн ахъаз кӕнын", загъта Яновская.

ЦХИНВАЛ, 15 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уӕлдӕр тӕрхондоны уынаффӕтӕ дызӕрдыггаг не сты, уыдон аивыны бар президентӕн дӕр нӕй, фехъусын кодта республикӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-секретарь Гана Яновская, экс-президент Кокойты Эдуарды фарсхӕцджыты акцийӕн комментаритӕ аразгӕйӕ.

Эдуард Кокойты - Sputnik Хуссар Ирыстон
МХМ сӕргълӕууӕг: Кокойты Эдуарды фарсхӕцджыты провокацитӕ цӕудзысты нымӕг

Хуссар Ирыстоны Уӕлдӕр тӕрхондон йӕ тыхы ныууагъта ЦӔК-ы скъуыддзаг Кокойты Эдуарды Хуссар Ирыстоны президенттӕм кандидатӕй ма бауадзыны фӕдыл.

Уымӕн дзуаппӕн экс-президенты фарсхӕцджытӕ ноджы цалдӕр сахаты арвыстой республикӕйы хицауады бӕстыхайы раз домӕнимӕ, цӕмӕй архайгӕ президент ӕмӕ цалдӕр бӕрнон кусӕджы сӕ бынатӕй ацӕуой.

"Президент никуы иста ӕмӕ нӕ райсдзӕн уынаффӕтӕ, кӕцытӕ цӕуынц республикӕйы Конституци ӕмӕ закӕтты ныхмӕ. Кокойты Эдуарды ахасты ЦӔК-ы скъуыддзагмӕ ӕркаст Уӕлдӕр тӕрхондон ӕмӕ сфидаргонд ӕрцыд тӕрхондонон уынаффӕйӕ, уый йӕ тыхы бацыд рабадты залы ӕмӕ у ӕлхынцъон. Уӕлдӕр тӕрхондоны уынаффӕтӕ аивын нӕй бар президентӕн дӕр", — загъта Яновская.

Уый банысан кодта, президент Тыбылты Леонид "куыд ӕмбӕстаг ӕмӕ куыд уӕлдӕр паддзахадон гоймаг, афтӕ нӕдӕр йӕхи, нӕдӕр искӕй бауадздзӕн тӕрхондонон системӕйыл ӕндавын ӕмӕ Хуссар Ирыстоны уавӕры дестабилизацийы фӕдыл нывӕзтты реализацийӕн ахъаз кӕнын".

Хуссар Ирыстоны президентон ӕвзӕрстытӕ уагъд ӕрцӕудзысты 9 апрелы. Кадидаты бӕлвырдгӕнӕнтӕ райстой Хуссар Ирыстоны архайгӕ президент Тыбылты Леониды, парламенты спикер Бибылты Анатолий ӕмӕ РХИ ПӔК-ы кусӕг Гаглойты Алан.

Ног хабӕртты лентӕ
0