ЦХИНВАЛ, 23 мар — Sputnik. Уæрæсейы Коммунистон партийы лидер Геннадий Зюганов равдыста ныфс, Хуссар Ирыстон дарддæр дæр кæй фидар кæндзæн ахастытæ Уæрæсеимæ æмæ фидарæй загъта, ацы хаххæн кæй æххуыс кæндзæн алыварсонæй. Уый тыххæй уæрæсейаг коммунистты лидер фехъусын кодта РХИ-ы президент Тыбылты Леонидимæ фембæлды рæстæджы, фехъусын кодта республикæйы сæргълæууæджы пресс-секретарь Гана Яновская.
Мæскуымæ балцы фæлгæтты, Тыбылты Леонид фембæлд УФ-йы президент Владимир Путин, Хуссар Ирыстонæй студенттимæ æмæ бынæттон ирон диаспорæимæ.
"Мах тынг фæнды, Ды куы адарддæр кæнис уыцы хахх, кæцы фидардæр кæны РХИ æмæ УФ-йы æхсæн бастдзинад. Цыфæнды бæстæ дæр бындуриуæг кæны тыхджын хицауад, рæстдзинад æмæ монондзинадыл. Уыдонæй иу дæр куы фæцуда, уæд конструкци бынтондæр ныккæлдзæн. Ӕмæ уын мах та æххуыс кæндзыстæм æппæт ацы фарстыты ", — фехъусын кодта Яновская Зюгановы ныхæстæ.
Тыбылты Леонид бузныг загъта Хуссар Ирыстонмӕ ӕмӕ йӕ адӕммӕ Геннадий Зюгановӕн йӕ хъусдарды тыххӕй.
"Мах хъуыды ӕмӕ аргъ кӕнӕм Дӕ хайбавӕрдӕн бирӕ фарстыты скъуыддзаг кӕныны хъуыддаджы. Зонӕм ӕй, нӕ фарсмӕ кӕй лӕууыдтæ уӕззау рӕстӕджыты, скуыддзаг куы цыдысты бирӕ вазыгджын фарстытӕ. Абон мах цӕрӕм хӕдбар бӕстӕйы. Мах цӕуӕм нӕ фыдӕлтӕ нын цы фӕндаг ныффӕдзӕхстой ууыл — Уӕрæсейы цур уӕвын", — радӕтта президенты ныхӕстӕ Гана Яновская
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Тыбылты Леонид ӕрдзырдта йӕ ныхасӕмбалӕн Хуссар Ирыстоны ныры увӕрыл, банысан кодта, республикӕ кӕй хос кӕны йӕ хъӕдгӕмттӕн ӕмӕ аразы ӕппӕтдӕр цӕмӕй "суинаг фӕлтӕртӕ ма зоной цы у хӕст".