ЦХИНВАЛ, 19 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстон нæу ООН-ы уæнг æмæ хæсджын нæу, æхсæнадæмон организаци цы резолюцитæ исы, уыдон æххæст кæнын, фехъусын кодтой æртыццæджы хуссарирыстойнаг ФХМ-ы.
Гуырдзиаг минæвæртты хъæппæрисæй ООН марты цы резолюци райста — "Гуырдзыстонимæ æмгуыстад", зæгъгæ, уый фæстæ ООН-ы адæймаджы барты фæдыл уæлдæр къамиссары управлени (АБУКУ) æрбарвыста РХИ Мидхъуыддæгты министрадмæ сидт республикæйы территоримæ АБУКУ-йы минæвæртты бауадзыны домæнимæ.
Хуссар Ирыстоны дипломатон уагдон сдзуапп кодта фыстæгæн, цы ран зæрдыл æрлæууын кодта, республикæйы хицæуттæ кæй цыдысты ахæм цауты ныхмæ, Гуырдзыстон иуварсонæй куы хаста Женеваг дискусситы мандатмæ хауæг фарстытæ æндæр æхсæнадæмон фæзуæттæм, цы ран Хуссар Ирыстон хайад нæ исы.
"Ахæм практикæ фадат нæ дæтты æхсæнадæмон æмæхсæнадæн хъуыддæгты реалон уавæр базоныны тыххæй райсын объективон æмæ рæстаг информаци. Ахæм политикæ уадзын гæнæн ис æмæ æркæна Женеваг дискусситы форматы æмæ Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны æхсæн ахастытæ æрнывыл кæныны фадæтты фехæлдмæ", — фехъусын кодтой ФХМ-ы.
Дипломатон уагдоны сæрмагондæй бахахх кодтой, Республикæ Хуссар Ирыстон кæй нæу ООН-ы уæнг æмæ хæсджын нæу æхсæнадæмон организаци цы резолюцитæ исы, уыдон æххæст кæнын.
ФХМ-ы банысан кодтой, Хуссар Ирыстон кæй никуы цыд æхсæнадон организацитимæ, уый нымæцы ООН-ы адæймаджы барты фæдыл уæлдæр къамиссары управлени æфициалон контакттæ æмæ æмгуыстады ныхмæ.
"Фæлæ уыцы æмгуыстады ныхмæ цæуынц æхсæнадæмон организацитæ, кæцытæ Республикæ Хуссар Ирыстоны уынынц Гуырдзыстоны хаййæ æмæ Хуссар Ирыстонимæ контактты фадат уынынц æрмæстдæр Гуырдзыстоны хицауадимæ æмгуыстады контексты, уый та æрцæуинаг хъуыддаг нæу", — дзырдæуы уагдоны хъусынгæнинаджы.
ФХМ-ы бафтыдтой, Хуссар Ирыстоны цæттæ кæй сты райсын ООН-ы адæймаджы барты фæдыл уæлдæр къамиссары управленийы минæвæртты, кæд æмæ æмбæлон уынаффæ æрбацæуа РХИ фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады адресыл, æмæ цы ран "рагхыгъд цæуа хъуыддæгты реалон уавæр, бындуриуæг кæна РХИ суверенитетæн цытлæвæрдыл æмæ уа арæзт æхсæнадæмон нормæтæм гæсгæ".