Сæрдыгон лагертæ фидгæйæ суыдзысты?

© Sputnik / Ада БагианДетский лагерь "Солнышко" в Цхинвале
Детский лагерь Солнышко в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сæрдыгон лагерты фидгæ бындурмæ рахызт баппæрста катайы ныййарджыты

ЦХИНВАЛ, 31 май — Sputnik, Годжысаты Анна. Сæрдыгон лагерь цхинвайлаг сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны цур ацы аз ис гæнæн æмæ суа фидгæ. Уагдоны кусджытæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй ныййарджыты бахъæудзæн фидын 400 сомы боны мидæг алы сывæллонæн дæр.

Сæрдыгон лагерь Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сӕрдыгон лагерь. Хъӕзтытӕ, конкурстӕ ӕмӕ экскурситӕ

Галуаны цур лагерь раздæр æзты куыста æнæаргъæй. Фарон уый бынтондæр не ′рбайгом, бæстыхайы цур арæзтадон куыстытæ кæй цыд, уый аххосагæн, уымæ гæсгæ сывæллæттæ улæфыдысты Цхинвал æмæ Гуфтайы скъола-интенатты цур лагерты. 2016 азы сæрды Ахуырады министрад тобæ сæвæрдта цатырон лагертыл хæхтыл санитарон нормæтæ æмæ зынгсирвæзтæй тасы тыххæй.

Сæрдыгон каникулты рæстæджы сывæллæтты фæллуадуадзæн темæ свæййы тынг актуалон. Кусгæ чи кæны, уыцы ныййарджытæн ахсджиаг æрмæст уый нæу æмæ сæ сывæллæттæ хистæрты æркасты бын кæй сты, фæлæ ма пайдаимæ кæй æрвитынц сæ рæстæг. Лагерты, кæй зæгъын æй хъæуы, сывæллæттæ архайынц сфæлдыстадон кружокты, цæуынц балцты, уадзынц спортивон хъæзтытæ. Фæлæ 12 мин фидын мæйы мидæг — бюджетон кусæджы астæуккаг куыстмызд — æнцон нæу бирæ бинонтæн.

"Сывæллæтты лагерæн мæ фидын куы хъæуа, уæд уыцы хæрдзтæ уыдзысты ахадгæ нæ бинонты бюджетæн, цы ран бирæ фæрæзтæ нал аззайдзæн. Ӕмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, нал цæуы дзырд бинонты отпускыл", — радзырдта æрыгон мад Пухаты Наталья.

Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны дирекци нырма не ′сбæлдвырд кодта лагеры рахызт фидгæ форматмæ. Ныййарджытæ та сæхи каналтæм гæсгæ базыдтой, зæгъгæ, кæд лагерь байгом уа, уæддæр уыдзæн аргъыл.

Леуахийы былгӕрон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Баулӕфӕм… бырондоны

"Мæ ныййарджытæ сæрды фæцæуынц хъæутæм æмæ сын семæ арвитын сывæллоны, цалынмæ æз кусгæ кæнын. Фæлæ æнæ уыдон æххуысæй мæн бахъуыдаид лагерь агурын кусгæ боны рæстæгмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, равзæрстаин æнæаргъ лагерь, уымæн æмæ мын нæй фадат лагерæн уыйбæрц фидын", — дзуры Цхинвалы цæрæг Гæбæраты Жанна.

Ныййарджытæ ма катай кæнынц, зæгъгæ кæд сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны рахиза аргъыл бындурмæ, уæд уый дæнцæг суыдзæн аннæ традицион лагертæн дæр, æмæ уыдон дæр суыдзысты аргъыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0