Островскийы "Хъæд": уæрæсейаг режиссер æвæры комеди хуссарирыстойнаг сценæйыл

© Фатима ПлиеваДзуццаты Тамерлан æмæ Андрей Цисарук
Дзуццаты Тамерлан æмæ Андрей Цисарук - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мæскуыйы чысыл театры режиссер бæллы Цхинвалы равдисын классикон спектакль нырыккон æндæргимæ. Ногæвæрд комеди театруарзджытæ фендзысты сентябры

ЦХИНВАЛ, 3 авг — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссарирыстойнаг театры сценӕйыл Мæскуыйы академион чысыл театры режиссер Андрей Цисарук сæвæрдзæн Александр Островскийы пьесæ "Хъæд"-мæ гæсгæ комеди. Ирон театрдзаутӕ ног спектакль фендзысты сентябры, загъта Sputnik Андрей Цисарук.

Театр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Щепкины номыл театралон ахуыргæнæндоны бакӕндзысты ирон студи

Уӕрӕсейаг режиссер республикӕмӕ ӕрцыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры фæхуындмæ гæсгæ. Уый банысан кодта, фыццаг хатт кӕй бафæлвардзæн æндæр æвзагыл спектакль сæвæрын.

"Спектаклы æппæт сусæгдзинæдттæ райхалын мæ нæ фæнды, фæлæ равдисдзыстæм актерты æмæ бизнесменты цард. Уыдзæн "хъæд", фæлæ цавæр хъæд, уый нырма у сусæггаг. Артисттæ се ʻппæт дæр сты курдиатджын, хицæн сæ кæны ирд темперамент. Бирæтæ сӕ сты Щепкины номыл ахуыргæнæндоны рауагъдонтæ, уый мах иу кæны. Бæллæм равдисын классикон уацмыс нырыккон æндæргимæ", — радзырдта режиссер.

Театры аивадон къухдариуæггæнæг Дзуццаты Тамерлан куыд банысан кодта, афтӕмӕй Андрей Цисарукы фӕхуыдтой Хуссар Ирыстонмӕ Уæрæсейы чысыл театримӕ культурон бастдзинадтæ сфидар кæныны фӕдыл программӕйы фӕлгӕтты.

"Уæрæсейаг классикты спектакльтæ æнæмæнгхъæуӕг сты нӕ сценӕйӕн, Островскийы хонынц уырыссаг Шекспир. Ныридӕгӕн, сæрдыгон улæфтытæм æнæкæсгæйæ, труппæйы ʻхсæн уæрст æрцыдысты фæлгонцтæ æмæ сфæлдыстадон къорд бавнæлдта репетицитæм. Хъуамӕ сцӕттӕ уа 15 сентябрьмæ ", — радзырдта Дзуццаты Тамерлан.

Тамерлан Дзуццаты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссарирыстойнаг артисттæн радтой Цæгат Ирыстоны кадджын нæмттæ

Хуынд режиссерæй дарддæр ма спектаклыл кусы æрцæугæ фæлтæрд нывгæнæг Анна Аматуни.

Ирон æвзагмæ пьесæ раивта Гæджиты Георгий.

Хуссар Ирыстоны театры сценæйыл Островскийы уацмыстӕм гӕсгӕ спектакль сæвæрдзысты ныр фæндзæм хатт. Амæй размæ ма зынгæ уæрæсейаг драматургы сфæлдыстадмæ бавнæлдтой бынæттон режиссертæ Губиты Г., А. Азаревич, Магкаты А. æмæ Дзуццаты Тамерлан.

Ног хабӕртты лентӕ
0