Пухаты Радион радзырдта, цы хъуыды кӕнынц европайӕгтӕ Хуссар Иры хӕсты тыххӕй

© Sputnik / FacebookПухаты Радион
Пухаты Радион - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Ирон культурӕйы бонтӕ Европӕйы" организатор радзырдта журналисттӕн, европӕйаг ӕхсӕнадӕн цы ахаст уыд Хуссар Ирыстоны хӕстмӕ ӕмӕ цас фӕивта уавӕр ныртӕккӕ

ЦХИНВАЛ, 3 авг — Sputnik, Босыкты Наталья. Европæйӕгтӕ нӕ фӕивтой сӕ цӕстӕнгас 2008 азы августы хӕстмӕ Хуссар Ирыстоны, загъта Ассоциаци "Renaissance Sandidzan"-ы къухдариуӕггӕнӕг "Ирон культурӕйы бонтӕ Европӕйы" организатор Пухаты Радион.

Уый радзырдта журналисттӕн, европӕйаг ӕхсӕнадӕн цы ахаст уыд Хуссар Ирыстоны хӕстмӕ ӕмӕ цас фӕивта уавӕр ныртӕккӕ, фараст азы фӕстӕ.

Пухаты Радион - Sputnik Хуссар Ирыстон
Пухаты Радион: мах бавдисдзыстӕм Ирыстоны туристон потенциал Австрийӕн

2008 азы августы хæсты фыццаг бонæй Пухаты Радион йæ цардæмбалимæ сарæзтой æргом фыстæг Евроцæдисы æмбæстæгты номæй Хуссар Ирыстоны сабыр цæрджыты бахъахъхъæныны æрсидтимæ. Бинонтæ апарахат кодтой фыстæг алы политикон баиугæндтæ æмæ æхсæнадон организацитыл, фæлæ ницы дзуапп райстой.

"2010 азы фæстæ Хуссар Ирыстоны конфликты алыварс алцыдæр ныннымæг. Политикон партитæ балæууыдысты бынтон æндæр фарс. Мах аскъуыддзаг кодтам Ирыстонмæ аздахын хъусдард культурæйы уылты. Махæн ис, цы равдисæм дунейæн", — загъта Пухаты Радион.

Растдæр уæд фæзынд проект "Европæйы ирон культурæйы бонтæ" саразыны хъæппæрис. Проектæн ис мадзæлтты уæрæх географи. Авд азы мидæг бантыст ирон нывгæнджыты равдысттæ саразын Европæйы 10 бæстæйы æмæ 13 горæты — Брюссель, Рим, Париж, Стамбул, Люксембург, Будапешт æмæ æндæр горæтты.

Радионы ныхæстæм гæсгæ, уый бæлвырд кæны ирон культурæйы æнтыст Европæйы.

"Европæйаг ДИФ кæд хъусдард не 'здахынц нæ равдыстытæм, уæддæр, уымæ æнæкæсгæйæ, æрбацæуы бирæ адæм. Ирон аивад цымыдис кæны европæйы æхсæнады хицæн къордты, хуымæтæг цæрджытæй культурæйы архайджыты онг", — загъта уый.

Ныхас "культурæ политикæйы æддейæ", Пухаты Радионы хъуыдымæ гæсгæ, нæ дæтты дзуапп йæ мидисæн. Бирæ æзты дæргъы организатортæ æмбæлдысты цæлхдуртыл.

"Мадзæлттæ аразгæйæ арæх сæмбæлæм гуырдзиаг политиктыл, кæцытæ фервитынц фыстæджытæ æмæ протестон гæххæтытæ равдыстыты фысым бæстæтæм. Афтæ фехæлд фæлхаттон равдыст Парижы", — радзырдта Пухаты Радион.

Брюсселы æрдзырдтой "Европæ æмæ Ирыстоны цæстæнгасыл культурæйы фарстытæм"

Радионы ныхæстæм гæсгæ, уый бæлвырд кæны ирон культурæйы æнтыст Европæйы.

"Европæйаг ДИФ кæд хъусдард неʻздахынц нæ равдыстытæм, уæддæр уымæ æнæкæсгæйæ æрбацæуы бирæ адæм. Ирон аивад цымыдис кæны европæйы æхсæнады хицæн къордтæн, хуымæтæг цæрджытæй, культурæйы архайджытæм", — загъта уый.

Ныхас "культурæ политикæйы æддейæ", Пухаты Радионы хъуыдымæ гæсгæ, нæ дæтты дзуапп йæ мидисæн. Бирæ æзты дæргъы организатортæ æмбæлдысты цæлхдуртыл.

"Мадзæлттæ аразгæйæ арæх сæмбæлæм гуырдзиаг политиктыл, кæцытæ фæфыссынц фыстæджытæ æмæ протестон гæххæтытæ равдыстыты фысым бæстæтæм. Афтæ фехæлд фæлхаттон равдыст Парижы", — радзырдта Пухаты Радион.

Фæлæ, йæ ныхæстæм гæсгæ, зындзинæдтæ фидар кæнынц æмæ разæнгард кæнынц куыстмæ.

Ӕрвылаз дæр августы Пухаты Радион æрцæуы йæ райгуырæн бæстæмæ, цæмæй йе 'мбæстæгтимæ æрымыса Хуссар Ирыстоны августы уæззау бонтæ æмæ ссара фæмардуæвджыты рухс нæмттæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0