ЦХИНВАЛ, 17 авг — Sputnik, Босыкты Наталья. Хуссар Ирыстоны Нацмузейæн нæй фадæттæ нывгæнджыты равдысттæ уадзын, равдыстон галереяйы хъуагдзинады аххосагæй, фехъусын кодта музейы директор Зассеты Мераб.
Ивгъуыд къуыри Цхинвалы уагъд æрцыд хуссарирыстойнаг нывгæнæг Къацты Вадим æмæ скульптор Кæсæбиты Андрейы равдыст. Уый ацыд ахæм мадзалæн æнæбæззон хицауады хæдзары рабадтты залы вестибюлы. Хуссарирыстойнаг мыхуыры фæрæзтæн йæ интервьюйы Къацты Вадим радзырдта равдыст кæй сорганизаци кодта йе ′мгæрттимæ, хицауад та дзы ницы хайад райста.
"Мах нæ загътам "нæ" Вадимæн равдыст музейы саразыны фæдыл, æрмæст ын бамбарын кодтам, бæстыхай æмæ залтæ кæй не сты æмбæлон егъау размерты нывты экспозицийæн. Музейы нæй равдыстон галерея. Сæрмагонд карнизтæ бакæнынæн та хъæуы 360 мин сомы бæрц. Мах фехъусын кодтам ацы суммæ æмæ информаци нывгæнæгæн", — загъта Зассеты Мераб.
Директор банысан кодта, президент Бибылты Анатолиимæ фембæлды рæстæджы, уый кæй æрбавдыста паддзахады сæргълæууæгæн æппæт æнæмæнгхъæуæг сметæйон документаци музейы мидæггагон хæрзарæзтадон куыстыты фæдыл. Зассеты Мерабы ныхæстæм гæсгæ, президент ныфс радта æнæмæнгхъæуæг фæрæзтæ президентон фондæй рахицæн кæнын.
"Ницæйаг ахаст нывгæнджытæм"
Къацты Вадимы хъуыдымæ гæсгæ, Националон музейы къухдариуæгады куы бафæндыдаид, уæд ын сарæзтаид йæ куыстыты равдыст, музейон комплексы равдыстон галерея кæй нæй, уый та дзурæг у ирон нывгæнджыты сфæлдыстадмæ æнæраст ахастыл.
"Куы сæ фæндыдаид, уæд равдыстæн ауадзæн уыдаид музейы минималон хæрдзтимæ. Нæ ныхасы фæстæ, национ музейы къухдариуæгад барвыста культурæйы министрадмæ дыууæ милуан сомы бæрц иумæйаг суммæйыл сметæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, культурæйы министрадæн нæ уыд йæ бон ахæм фæрæзтæ рахицæн кæнын", — загъта нывгæнæг.
Къацты Вадим у æнæдызæрдыг, Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады кæй хъæуы райсын конкретон къахдзæфтæ, цæмæй "хуссарирыстойнаг нывгæнджытæм ма уа ахæм ницæйаг ахаст". Афтæ ма бафтыдта, "аивадмæ ахæм ахастимæ ирæттæн кæй нæй фидæн".