IRON Влодарчикы ныхмæ: фæбæрæг тохы датæ

Рафыссын
Гасситы Мурæт фембæлдзæн поляккаг боксер Кшиштоф Влодарчикимæ, кæцы у ирон боксеры титулы æнæмæнг претендент

ЦХИНВАЛ, 4 сен — Sputnik, Козаты Диана. Ирон боксер, дунейы чемрион Гасситы Мурæт (IRON) октябры кæрон фыццаг хатт хъахъхъæндзæн фыццаг стыр уæзы IBF версимæ гæсгæ уæлахиздзауы титул.

Кшиштоф Влодарчик - Sputnik Хуссар Ирыстон
Влодарчик Гасситы Мурæтимæ тохы тыххæй: ницы фесафдзынæн

Рингыл уый фембæлдзæн поляккаг Кшиштоф Влодарчикимæ, кæцы у ирон боксеры титулы æнæмæнг претендент.

Дунейы чемпионы титул IBF-ы версимæ гæсгæ Гасситы Мурæт рамбылдта ивгъуыд азы кæрон Денис Лебедевимæ фембæлды фæстиуæгæн.

Ног тохы Мурæты ныхмæлæууæг фæбæрæг ис июлы Ӕппæтдунейон боксерон суперсерийы халæппæрсты рæстæджы.

"21 октябрь— Гасситы Мурæт æмæ Кшиштоф Влодарчикы фембæлды датæ. Фембæлды уæлахиздзау хизы æрдæгфиналмæ. Мурæт йæхи цæттæ кæны тохмæ Америкæйы", — загъта Sputnik боксеры тренер Сланты Виталий.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Мурæт тох куы рамбула, уæд æрдæгфиналы йæ ныхмæлæууæг уыдзæн уæрæсейаг боксер Дмитрий Кудряшов, науæд та кубæйаг спортсмен Юниер Дортикос.

Бокс. Бой между Д. Лебедевым и М. Гассиевым - Sputnik Хуссар Ирыстон
Лебедев: тынг æхсызгон мын уыдзæн Гасситы Мурæтимæ тох ауадзын

"Уыдон, мæ хъуыдымæ гæсгæ, иугъуызон тыхджын сты, фæлæ мах нырма хъуыды кæнын хъæуы нæхи тохы тыххæй", — загъта тренер.

Гасситы Мурæт йæхæдæг Влодарчикы схуыдта уæззау ныхмæлæууæг æмæ баныфсæвæрдта, тох кæй уыдзæн цымыдисон.

Финалы цыппæрæм хайы тохтæ ацæудзысты ацы аз сентябры-октябры. Ног азы райдайæны ацы тохты уæлахиздзаутæ фембæлдзысты æрдæгфиналты. Алкæцы уæзы категорийы дæр уæлахиздзаутæ рабæрæг уыдзысты 2018 азы майы æмæ райсдзысты Мохаммед Алийы (Muhammad Ali Trophy) приз. Призон фонд у 50 милуан доллары.

Ног хабӕртты лентӕ
0