Хуссар Иры президент ныфс бавæрдта ахуыргæнджыты куыстмыздтыл схæцынæй

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Ирыстоны ахуырады министрадыл 25 азы сæххæсты цытæн бæрæгбон
Хуссар Ирыстоны ахуырады министрадыл 25 азы сæххæсты цытæн бæрæгбон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны ахуырады министрадыл 25 азы сæххæсты цытæн бæрæгбонон мадзалы рæстæджы Бибылты Анатолий радзырдта ахуыргæнджыты куыстмыздтыл схæцыны нывæзттыл

ЦХИНВАЛ, 24 окт — Sputnik. Цхинвалы банысан кодтой республикæйы ахуырад æмæ зонады министрадыл 25 азы сæххæсты æмæ Хуссар Ирыстоны адæмон ахуырадыл 96 азы сæххæсты бон. Цытджын мадзалмæ концертон зал "Чермен"-мæ бацыд республикæйы сæргълæууæг Бибылты Анатолий, хъусын кæны РХИ президенты пресс-службæ.

Хицауады агъуыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны бюджетон къабазы кусджытæн фæфылдæр уыдзæн сæ мызд

Йæ арфæйы ныхасы паддзахады сæргълæууæг загъта бузныг ахуыргæнджытæн се 'нувыд куысты тыххæй æмæ банысан кодта, ахуыргæнæг алы адæймаджы царды дæр кæй ахсы ахсджиаг бынат.

"Ӕз зæрдиагæй фæмысын мæ ахуыргæнджыты. Уыдон сты ахæм адæм, кæцытæ сæхи æххæстæй снывонд кодтой махæн. Абоны онг сæ зæрдæ дзуры махимæ, цыфæнды бынаты ма кусæм. Ӕмæ цалынмæ ахуыргæнджытæ сты, уæдмæ сын мах уыдзыстæм ахуыргæнинæгтæ. Хуссар Ирыстоны ахуыргæнджытæ сты хъайтартæ – уыдон куыстой уæззаудæр уавæрты. Стыр бузныг уын", — загъта Бибылты Анатолий.

Уый ма ныфс бавæрдта æввахс рæстæджы ахуыргæнджытæн сæ мыздтыл схæцынæй.

"Мыздтæ фæлхыгъд æрцæудзысты 2017 азы 1 январæй", — банысан кодта президент.

Бæрæгбонон церемонийы рæстæджы къорд ахуыргæнæджы хорзæхджын æрцыдысты сгуыхт нæмттæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0