ЦХИНВАЛ, 24 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттӕ балӕууыдысты Уӕлдӕр тӕрхондоны сӕргълӕууӕг Хуыгаты Илонайы отставкӕйы фарс, фехъусын кодтой закондӕттӕг органы.
Хуыгаты Илона республикӕйы Уӕлдӕр тӕрхондоны сӕргъ лӕууыд 2012 азы декабрӕй фӕстӕмӕ.
Процедурӕмӕ гӕсгӕ, йӕ куыстӕй ссӕрибар кӕныны фӕдыл президентмӕ Хуыгаты Илонайы куырдиаты фӕстӕ бӕстӕйы сӕргълӕууӕг арвыста ацы фарст парламенты ӕркастмӕ. Ууыл абон депутаттӕ сразы сты.
Хуыгаты Илонайӕн ис тӕрхонгӕнӕджы фыццаг квалификацион класс. Президенты барамындӕй йын радтӕуыд "Хуссар Ирыстоны сгуыхт юристы" цытджын ном, ис ын паддзахадон хорзӕхтӕ.