Бибылты Анатолий бафыста ДАР-имæ бадзырды ратификацийы фæдыл закон

Рафыссын
Хуссар Ирыстоны парламент ныридæгæн сратификаци кодта бадзырд, кæцы бафыст æрцыд ацы аз майы

ЦХИНВАЛ, 31 окт— Sputnik, Козаты Диана. Президент Бибылты Анатолий бафыста Хуссар Ирыстон æмæ Донецкаг адæмон республикæйы æхсæн хæларад æмæ æмгуыстады фæдыл бадзырд сратификаци кæныны закон, хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.

РХИ фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Дмитрий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир балæууыд ДАР-ы фарсмæ ног паддзахад саразыны хъуыддаджы

Документ бафыст æрцыд майы, ивгъуыд къуыри йæ сратификаци кодта республикæйы парламент.

"Хуссар Ирыстон æмæ Донецкаг адæмон республикæ активонæй рæвдз кæнынц æмгуыстад. Бибылты Анатолий цы закон бафыста æхсæнпаддзахадон бадзырд сратификаци кæныны фæдыл, уый рацыд æрæмдзыхы алы стади дæр. Уый æндавы дыууæ республикæйы алы къабазыл дæр – политикон, экономикон, культурон æмæ бирæ æндæртыл", — загъта Sputnik президенты пресс-секретарь Гасситы Дина.

Хуссар Ирыстон 2014 азы банымадта ДАР ӕмӕ ЛАР хӕдбардзинад, республикӕтимӕ фидар ӕрцыдысты дипломатон ахастытӕ. Донецк ӕмӕ Луганскы кусынц Хуссар Ирыстоны минӕварадтӕ, Цхинвалы та — ДАР ӕмӕ ЛАР минӕварадтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0